Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Апостолты хъуыддӕгтӕ 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Петр ӕмӕ Корнелий

1 Кесарийы уыдис иу лӕг, йӕ ном — Корнелий, Италиаг кӕй хуыдтой, уыцы ӕфсӕддон хайы сӕдӕйыхицау.

2 Йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ нымадта Хуыцауы ӕмӕ Дзы тарсти, мӕгуыр адӕмӕн бирӕ ӕххуыс кодта ӕмӕ иудадзыг куывта Хуыцаумӕ.

3 Иу хатт, фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг, Корнелимӕ Хуыцауы зӕд раргом ис. Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Корнелий!»

4 Корнелий зӕды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ бафарста: «Цы, Бардарӕг?» Зӕд ын дзуапп радта: «Дӕ куывдтытӕ ӕмӕ дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.

5 Арвит Яффомӕ адӕмы ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны.

6 Уый уазӕгуаты ис ӕрмгуыстгӕнӕг Симонмӕ; йӕ хӕдзар денджызы был ис. [Уый дын зӕгъдзӕн, ды ӕмӕ де ’ппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ.]»

7 Йемӕ чи ныхас кодта, уыцы зӕд куы ацыд, уӕд Корнелий фӕдзырдта йӕ фӕсдзӕуинтӕй дыууӕмӕ, стӕй йӕ цумагӕнӕн ӕфсӕддонтӕй иумӕ, Хуыцауыл ӕнувыд лӕгмӕ.

8 Цы ӕрцыди, уый сын радзырдта ӕмӕ сӕ арвыста Яффомӕ.

9 Дыккаг бон, уыдон ма фӕндагыл куы уыдысты ӕмӕ сӕ сахармӕ бирӕ куынӕуал хъуыд, уӕд Петр ӕмбисбонмӕ хӕстӕг бакувынмӕ схызти хӕдзары сӕрмӕ.

10 Уалынджы тынг сыстонг ис ӕмӕ йӕм хӕрын ӕрцыд. Цалынмӕ хӕринаг цӕттӕ кодтой, уӕдмӕ федта цӕстылуайӕн:

11 арвы дуар байгом ис, ӕмӕ зӕхмӕ ӕрцӕйцыди цыдӕр, стыр кӕттаджы хуызӕн, йӕ цыппар тигъӕй йӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд.

12 Уыди дзы алыхуызон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ.

13 Петрмӕ ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр».

14 Фӕлӕ Петр загъта: «Уый нӕ уыдзӕн, Бардарӕг! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ӕз ахӕмӕй никуы ницы бахордтон».

15 Уӕд ӕм дыккаг хатт ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ды ӕлгъагыл ма нымай».

16 Афтӕ уыдис ӕртӕ хатты, стӕй кӕттаг систӕуыд уӕларвмӕ.

17 Петр йӕхинымӕр куыд хъуыды кодта, уӕдӕ уыцы цӕстылуайӕн цы нысан кӕны, зӕгъгӕ, афтӕ Корнелийы ӕрвыст лӕгтӕ ӕрлӕууыдысты кулдуары цур. Адӕмӕй базыдтой, Симоны хӕдзар кӕм ис, уый,

18 бахъӕр кодтой ӕмӕ бафарстой: «Петр кӕй хонынц, уыцы Симон сымахмӕ ис?»

19 Ныр Петрӕн та йӕ хъуыдытӕ уыдысты, цы федта, ууыл. Сыгъдӕг Уд ын загъта: «Ӕртӕ лӕджы дӕ агурынц дӕлӕ.

20 Сыст, ӕрхиз ӕмӕ ацу семӕ. Мисхалы бӕрц дӕр гуырысхо ма кӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз рарвыстон».

21 Петр ӕрхызти Корнелийы ӕрвыст лӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Сымах кӕй агурут, уый ӕз дӕн. Цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрбацыдыстут?»

22 Уыдон загътой: «Сӕдӕйыхицау Корнелий раст адӕймаг у, тӕрсы Хуыцауӕй, ӕппӕт иудейаг адӕм ӕй нымайынц. Сыгъдӕг зӕд ын бафӕдзӕхста дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕрхонын ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕм байхъусын».

23 Уӕд сӕ Петр бахуыдта ӕмӕ сӕ суазӕг кодта, дыккаг бон та семӕ араст ис; йемӕ ма рацыд яффойаг ӕфсымӕртӕй цалдӕр.

24 Иннӕ бон ӕрхӕццӕ сты Кесаримӕ. Корнелий ӕрбахуыдта йӕ къабӕзты, хӕстӕг хӕлӕртты, ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты.

25 Петр мидӕмӕ куы бахызт, уӕд Корнелий рацыд йӕ размӕ ӕмӕ йӕхи Петры къӕхтӕм ӕрӕппӕрста.

26 Петр ыл схӕцыд ӕмӕ загъта: «Сыст, ӕз дӕр ӕрмӕстдӕр адӕймаг дӕн».

27 Корнелиимӕ ныхӕстӕ кӕнгӕйӕ, Петр бацыди хӕдзармӕ, баййӕфта дзы бирӕ адӕм

28 ӕмӕ сын загъта: «Сымах хорз зонут, иудейагӕн кӕй нӕй муртаттагимӕ ӕмбӕлыны кӕнӕ йын йӕ хӕдзармӕ бацӕуыны бар. Фӕлӕ мын Хуыцау раргом кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр ӕлгъаг ӕмӕ чъизийыл куыд нӕ нымайон, афтӕ.

29 Ӕмӕ мӕм куы фӕдзырдтат, уӕд ӕз ӕрбацыдтӕн ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй. Ныр уӕ фӕрсын: цы хъуыддаджы фӕдыл мӕм арвыстат?»

30 Корнелий загъта: «Ӕртӕ боны размӕ, ацафон, фарӕстӕм сахатыл, ӕз куывтон мӕ хӕдзары. Уӕд мӕ разы ӕрттивгӕ дарӕсы февзӕрд иу лӕг

31 ӕмӕ мын загъта: „Корнелий, дӕ куывд дын фехъуыстӕуыд, дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.

32 Арвит Яффомӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. Уый уазӕгуаты ис цӕрмгуыстгӕнӕг Симоны хӕдзары, денджызы был“.

33 Уайтӕккӕ дӕм арвыстон, ӕмӕ, кӕй ӕрбацыдтӕ, уымӕй хорз бакодтай. Ныр мах иууылдӕр лӕууӕм Хуыцауы раз, цӕмӕй байхъусӕм, Бардарӕг дын цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕм».

34 Петр райдыдта дзурын: «Ныр ӕз ӕцӕг базыдтон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уый.

35 Фӕлӕ Дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй куы уа, уӕддӕр Йӕ зӕрдӕйӕн адджын у.

36 Хуыцау израилаг адӕмӕн рарвыста Йӕ ныхас — Йесо Чырыстийы руаджы адӕмимӕ кӕй фидауы, уыцы Фарны Уац. Чырысти та у ӕппӕт адӕмы Бардарӕг.

37 Иоанн саргъауынмӕ куы сидти, уӕд ӕппӕт Иудейы, Галилейӕ райдайгӕйӕ, цы ӕрцыд, уый сымахӕн зындгонд у.

38 Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.

39 Ӕмӕ мах ӕвдисӕн стӕм, Уый иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ Йерусалимы цытӕ сарӕзта, ӕппӕт уыдӕттӕн. Хъӕдыл Ӕй ӕрцауыгътой ӕмӕ Йӕ амардтой,

40 фӕлӕ Йӕ Хуыцау ӕртыккаг бон райгас кодта ӕмӕ Йын Йӕхи равдисын кодта адӕммӕ.

41 Ӕрмӕст ӕппӕт адӕммӕ нӕ, фӕлӕ махмӕ — Хуыцау раздӕр кӕй сӕвзӕрста, Йесо мӕрдтӕй куы райгас, уый фӕстӕ Йемӕ чи хордта ӕмӕ нуӕзта, уыцы ӕвдисӕнтӕм.

42 Ӕмӕ Йесо махӕн бафӕдзӕхста адӕммӕ Фарны Уац фӕхӕссын, Уый удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн Хуыцауӕй ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын.

43 Ӕппӕт пехуымпартӕ Йесойӕн ӕвдисӕн сты, зӕгъгӕ, чидӕриддӕр Ыл баууӕнда, уымӕн Йӕ номы фӕрцы хатыр уыдзысты тӕригъӕдтӕ».


Муртаттӕгтӕ Сыгъдӕг Удӕй схайджын сты

44 Петр уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд ӕм чидӕриддӕр хъуыста, уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй.

45 Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта.

46 Уымӕн ӕмӕ хъуыстой, ӕндӕр ӕвзӕгтыл куыд дзырдтой ӕмӕ Хуыцауӕн куыд кад кодтой, уый. Уӕд Петр загъта:

47 «Уый кӕй бон бауыдзӕн, ӕмӕ, махау Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын ис, уыдонӕн сӕ размӕ цӕлхдур сӕвӕра, цӕмӕй донӕй ма саргъауой?»

48 Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй аргъуыд райсой Йесо Чырыстийы номыл. Уый фӕстӕ фысымтӕ ӕрхатыдысты Петрмӕ, цӕмӕй ма сӕм иу цалдӕр боны бафӕстиат уа.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan