Апостолты хъуыддӕгтӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСыгъдӕг Уды рарвитынӕй зӕрдӕбавӕрд 1 Мӕ фыццаг чиныджы, Феофил, ӕз ныффыстон, Йесо цы куыста ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ сӕ райдианӕй, 2 суанг, Йе ’взӕрст апостолтӕн Сыгъдӕг Уды фӕрцы бардзырдтӕ куы радта ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыди, уыцы боны онг. 3 Йӕ хъизӕмӕртты фӕстӕ Йесо бирӕ хӕттыты фӕзындис апостолтӕм ӕмӕ сын бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй равдыста, ӕцӕг кӕй райгас, уый. Йӕхи сын уынын кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. 4 Иуахӕмы сӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Йерусалимӕй макӕдӕм ацӕут, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уын Ӕз цӕй тыххӕй дзырдтон, уымӕ. 5 Уымӕн ӕмӕ Иоанн аргъуыдта донӕй, сымах та цалдӕр боны фӕстӕ аргъуыд ӕрцӕудзыстут Сыгъдӕг Удӕй». Йесойы систӕуыд уӕлӕрвтӕм 6 Апостолтӕ иумӕ куы ӕрбамбырд сты, уӕд Ӕй бафарстой: «Бардарӕг, Израилы паддзахад ногӕй ныр сфидар кӕндзынӕ?» 7 Уый сын загъта: «Сымахӕн не ’мбӕлы, Мӕ Фыд Йӕ бартӕм гӕсгӕ цы афонтӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ снысан кодта, уыдон зонын. 8 Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм». 9 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесойы систӕуыд уӕлӕрвтӕм, ӕмӕ йӕ ӕврагъ бамбӕхста. 10 Нал сӕм зынди, фӕлӕ ма уӕддӕр арвмӕ кастысты ӕдзынӕг. Ӕваст сӕ разы февзӕрдысты дыууӕ лӕджы, урс-урсид дарӕсы, 11 ӕмӕ загътой: «Галилейӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, Уыцы Йесо уӕ цӕсты раз уӕларвмӕ куыд ссыд, фӕстӕмӕ дӕр афтӕ ӕрыздӕхдзӕн». Матфийы сӕвзӕрстой апостолӕй 12 Уыйадыл апостолтӕ уырдыгӕй, Елеоны хохӕй, фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхтысты; уыцы хох Йерусалиммӕ хӕстӕг у — сабаты бонцау. 13 Куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд уӕллаг уатмӕ ссыдысты ӕмӕ уым баззадысты — Петр ӕмӕ Иоанн, Йаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Йаков, Симон Зилот ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иудӕ. 14 Се ’ппӕт дӕр, семӕ — сылгоймӕгтӕ, Йесойы мад Мариа ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ — иудадзыг ӕмзӕрдӕйӕ куывтой. 15 Уыцы бонты Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз 16 (ӕртӕсӕдӕ дыууын адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбырд ис) ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ! Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид Сыгъдӕг Фыст — Сыгъдӕг Уд Иудӕйы тыххӕй развӕлгъау Давиды уылты цы загъта, уый: Иудӕ, Йесойы фӕдыл чи зылд, уыдоны йӕ фӕдыл кӕй ӕрбакӕндзӕн. 17 Афтӕмӕй уый уыдис махӕй ӕмӕ архайдта нӕ лӕггады. 18 Йӕ фыдракӕндӕн цы ӕхца райста, уымӕй зӕхх балхӕдта, фӕлӕ сӕрбынмӕ ӕрхауди, ӕмӕ йӕ гуыбын атыдта, йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ракалдысты ӕддӕмӕ. 19 Хабар Йерусалимы цӕрджытыл айхъуыст, ӕмӕ уыцы бынат схуыдтой „Акелдама“, ома „Тугӕйдзаг зӕхх“. 20 Псаломты чиныджы та фыст ис: „Йӕ цӕрӕнуат гӕныстон фӕуӕд, цӕрӕг дзы мауал баззайӕд“. Ӕмӕ ма ноджы: „Йӕ бынат ын бацахсӕд ӕндӕр“. 21 Уӕдӕ нӕ равзарын хъӕуы, Бардарӕг Йесо не ’хсӕн куы царди, уӕд — 22 Иоанны аргъуыды заманӕй Йесойы уӕлӕрвтӕм систы онг — иудадзыг немӕ чи уыд, уыцы лӕгтӕй иуы. Уый дӕр махау хъуамӕ ӕвдисӕн уа Йесойы райгасӕн». 23 Бахастой фӕндон дыууӕйы — фӕсномыгӕй Варсавӕ кӕнӕ Иуст кӕй хуыдтой, уыцы Йосефы, ӕмӕ Матфийы тыххӕй. 24 Ӕмӕ скуывтой: «Бардарӕг, Ды алкӕй зӕрдӕ дӕр зоныс. Равдис нын, сӕ дыууӕйӕ ацы лӕггадӕн кӕй равзӕрстай, уый, 25 цӕмӕй, чи йӕ ныууагъта ӕмӕ йе ’цӕг дунемӕ чи ацыд, уыцы Иудӕйы бӕсты суа Дӕ апостол». 26 Хӕлттӕ сӕппӕрстой, Матфийы хал схаудта, ӕмӕ иуӕндӕс апостолимӕ бамбал ис. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia