Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Амос 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕз федтон Дунедарӕджы. Уый лӕууыди нывондхӕссӕныл ӕмӕ загъта: «Цӕджындзы сӕр ныццӕв, къӕсӕртӕ куыд сӕнкъуысой, афтӕ, уадз ӕмӕ Кувӕндон адӕмыл ныккӕла. Чи ма дзы аирвӕза, уыдоны кардӕй ныццӕгъддзынӕн, иунӕг дӕр дзы нӕ алидздзӕн, ничи фервӕздзӕн.

2 Мӕрдтыбӕстӕм куы фӕлидзой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн, уӕларвмӕ куы ссӕуой, уӕд сӕ уырдыгӕй дӕр раппардзынӕн.

3 Кармелы хохы цъуппыл куы бамбӕхсой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн ӕмӕ сӕ ’рцахсдзынӕн; денджызы бын Мӕ куы бамбӕхсой, уӕд сыл денджызы калмы сардаудзынӕн, цӕмӕй сыл фӕхӕца.

4 Се знӕгты разӕй уацары куы ацӕуой, уӕд сӕ уым дӕр карды цӕфӕй амардзынӕн. Мӕ цӕстӕнгас сӕм сӕ хорзӕн нӕ, фӕлӕ сӕ фыдбылызӕн сараздзынӕн».

5 Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕххыл куы андзӕва, уӕд зӕхх сӕнкъуысдзӕн, ӕмӕ йыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон ныддодой кӕндзысты. Зӕхх хӕрдмӕ фӕцӕудзӕнис Нилау, Мысыры цӕугӕдонау фӕстӕмӕ ӕрцӕудзӕнис дӕлӕмӕ.

6 Йӕ галуантӕ сарӕзта уӕлӕрвты, Йе ’рдынцар ӕрфидар кодта зӕххы сӕрмӕ. Уый фӕсиды денджызы дӕттӕм ӕмӕ сӕ акалы зӕххы цъарыл, Дунедарӕг — Йӕ ном.

7 Израилӕгтӕ, сымах Мын эфиопӕгтӕй уӕлдай не стут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз израилӕгты ракодтон Мысырӕй, филистимӕгты — Кафторӕй, арамейӕгты — Кирӕй.

8 Дунедарӕг Хуыцау тӕригъӕдджын паддзахадмӕ Йӕ цӕстӕнгас сарӕзта. Ӕз ӕй зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, фӕлӕ Йаковы хӕдзар бынтон не скуынӕг кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —

9 Ӕз бардзырд ратдзынӕн, ӕмӕ Израилы адӕмы, мӕнӕу сыхырнайы куыд балуарынц, афтӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзысты, ӕмӕ дзы иу дур дӕр нӕ ахиздзӕн.

10 Мӕ адӕмӕй тӕригъӕдджын чи у, фыдбылыз нӕм ӕввахс не ’рбацӕудзӕн, зӕгъгӕ, чи дзуры, уыдон иууылдӕр карды цӕфӕй цагъды фӕуыдзысты.

11 Уыцы бон Ӕз Давиды пырх цатыр ногӕй сӕвӕрдзынӕн. Йӕ зыхъхъыртӕ йын сӕхгӕндзынӕн, йӕ пырхытӕ йын банывыл кӕндзынӕн, кӕддӕр куыд уыдис, афтӕ та йӕ рацараздзынӕн,

12 цӕмӕй Мӕ адӕм бацахсой, едомӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны, стӕй ӕппӕт ӕцӕгӕлон адӕмты зӕххытӕ ӕмӕ сӕ бакӕной мӕ дӕлбар, — зӕгъы Дунедарӕг, ӕппӕт уыдӕттӕ Чи сӕххӕст кӕндзӕн, Уый.

13 Рӕхджы ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хуымгӕнӕг хуыммӕ рацӕудзӕн, фӕлӕ хуымгӕрдӕг нырма уыдзӕнис уым; тауӕг рацӕудзӕн, фӕлӕ нырма сӕн ссӕнддзысты. Хӕхтӕй сӕн ракӕлдзӕн, ӕмӕ къуыбыртӕ сфӕлмӕн уыдзысты.

14 Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн Мӕ адӕмы, Израилы. Афтид сахартӕ ног сараздзысты ӕмӕ сӕ ӕрцӕрдзысты, сӕндӕттӕ ныссадздзысты ӕмӕ сӕн нуаздзысты, скӕндзысты дыргъдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргътӕ хӕрдзысты.

15 Сӕхи зӕххыл сын ауадздзынӕн сӕ уидӕгтӕ, ӕмӕ сӕ ничиуал срӕдувдзӕн, Ӕз сын кӕй радтон, уыцы зӕххӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, дӕ Хуыцау.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan