Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Амос 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: цыма мӕ разы уыди рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд.

2 Уый мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд». Уӕд мын Дунедарӕг загъта: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ кӕрон ӕрцыд, нал сын ныббардзынӕн.

3 Уыцы бон галуантӕй зарджыты бӕсты райхъуысдзӕни кӕуын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Зӕхх мӕрдтӕй байдзаг уыдзӕн. Алы ран дӕр — мӕрдтӕ, мӕрдтӕ! Сабыр!»

4 Байхъусут, мӕгуырты ’фхӕрджытӕ, се сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон!

5 Сымах дзурут: «Мӕйноджы бӕрӕгбон куы фӕуа, уӕд та хор уӕй кӕндзыстӕм, сабаты фӕстӕ байгом кӕндзыстӕм нӕ хордӕттӕ. Ефӕйы уӕз та фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм, шекелы аргъ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕнтӕй адӕмы фӕливдзыстӕм.

6 Гӕвзыччы ӕлхӕндзыстӕм ӕвзистӕй, мӕгуыр лӕджы — дыууӕ дзабырӕй, нӕ зыгуым дӕр-иу уӕй кӕндзыстӕм».

7 Дунедарӕг сомы кӕны Израилы сӕрыстырдзинадӕй: «Сӕ хъуыддӕгтӕ сын нӕ ферох кӕндзынӕн мыггагмӕ!»

8 Куыннӕ хъуамӕ сӕнкъуыса зӕхх, йӕ цӕрджытӕ додой куыннӕ кӕной? Зӕхх Нилы донау гуылфӕнтӕ кӕндзӕн, Мысыры цӕугӕдонау кӕм хӕрдмӕ фӕцӕудзӕн, кӕм дӕлӕмӕ.

9 Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — хур аныгуылын кӕндзынӕн ӕмбисбон, райдзаст бонастӕу зӕхх баталынг уыдзӕн.

10 Уӕ бӕрӕгбӕттӕ уын фестын кӕндзынӕн хъарӕг, уӕ зарджытӕ — кӕуын. Иууылдӕр уӕ уӕлӕ скӕндзыстут сӕхъис, адасдзыстут уӕ сӕртӕ. Адӕймаг йӕ иунӕг фырты мардыл куыд фӕкӕуы, уыйау дзыназдзыстут, алы бон дӕр — масты бон.

11 Мӕнӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ зӕххыл стонг заман ӕруадздзынӕн. Дзул ӕмӕ доны фыдӕй куы фӕмӕлынц, ахӕм дуг нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы ныхас фехъусынмӕ куы бӕлдзысты, ахӕм заман.

12 Дунедарӕджы ныхас фехъусыны тыххӕй иу денджызӕй иннӕмӕ, цӕгатӕй скӕсӕнмӕ цӕудзысты, фӕлӕ йӕ не ссардзысты.

13 Уыцы бон рӕсугъд чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ, дойныйӕ мӕлгӕйӕ, зӕхмӕ хаудзысты ӕнӕбонӕй.

14 Самарийы тӕригъӕдӕй ард чи хӕры, уыдон дзурынц: «Дан, сомы кӕнын дӕ хуыцауӕй, ард хӕрын Беер-Шевӕмӕ фӕндагӕй». Уыдон иууылдӕр ӕрхаудзысты ӕмӕ нал сыстдзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan