Амос 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: фӕззыгон кӕрдӕг куы сцӕйзад ӕмӕ паддзахы хуымтӕ карст куы ’рцыдысты, уӕд Уый фӕзынын кодта мӕтыхтӕ. 2 Уыдон зӕххыл кӕрдӕджы мур нал ныууагътой, ӕмӕ Йӕм ӕз скуывтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ныххатыр кӕн! Куыд аирвӕздзӕн Йаков? Нырма гыццыл у». 3 Ӕмӕ Дунедарӕг аивта Йӕ фӕндон. «Нӕ уыдзӕн уый» — загъта Дунедарӕг. 4 Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: Дунедарӕг Хуыцау арт ссыгъта, ӕмӕ уый стыр денджыз ӕмӕ зӕххы хай аныхъуырдта. 5 Ӕз Ӕм скуывтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Бауром ацы бӕллӕх! Куыд аирвӕздзӕн Йаков! Тынг гыццыл куы у». 6 Ӕмӕ Дунедарӕг йӕ фӕндон аивта. «Нӕ уыдзӕн уый дӕр» — загъта Дунедарӕг. 7 Уый мын ноджы фенын кодта ахӕм ныв: уырдыг сисы сӕрыл лӕууыди Бардарӕг, Йӕ къухы — ауыгъд зды. 8 Дунедарӕг мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Ауыгъд зды». Дунедарӕг мын загъта: «Рӕхджы Ӕз Мӕ адӕмы, Израилы, астӕу ауыгъд зды сӕвӕрдзынӕн; нал сын ныббардзынӕн. 9 Исаакы уаз къуыппытӕ ныддӕрӕн кӕндзынӕн, Израилы кувӕндӕттӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты, Ӕз кардимӕ Йеровоамы байзӕддӕгты ныхмӕ сыстдзынӕн». 10 Вефилы сауджын Амациа паддзах Йеровоаммӕ минӕвары арвыста ахӕм уацимӕ: «Амос израилӕгты дӕ ныхмӕ аразы, зӕхх нал уромы йӕ ныхӕстӕ. 11 Амос зӕгъы: „Йеровоамы хъамайы цӕфӕй амардзысты, израилӕгты ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты“». 12 Ӕмӕ Амациа загъта Амосӕн: «Пехуымпар, ардыгӕй Иудӕйы зӕхмӕ ацу, уым дӕхицӕн къӕбӕрваг кус ӕмӕ уыцы ран пехуымпариуӕг кӕн. 13 Вефилы та мацыуал дзур, уымӕн ӕмӕ уый паддзахӕн йӕ кувӕндон ӕмӕ йӕ хӕдзар у». 14 Амос Амациайӕн дзуапп радта: «Ӕз нӕ дӕн нӕдӕр пехуымпар, нӕдӕр — пехуымпары фырт. Ӕз уыдтӕн фыййау ӕмӕ зылдтӕн сикомортӕм. 15 Фӕлӕ мын Дунедарӕг фысты рӕгъау ныууадзын кодта ӕмӕ загъта: „Ацу ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн Мӕ адӕмӕн, Израилӕн“. 16 Уӕдӕ ныр байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Ды зӕгъыс, пехуымпариуӕг мауал кӕн Израилы, Исаакы хӕдзарӕн мацыуал дзур, зӕгъгӕ. 17 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕ бинойнаг адӕмы бын баззайдзӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ кардылӕфтыд фӕуыдзысты, зӕхбарӕг дын дӕ зӕхх байуардзӕн. Дӕхӕдӕг тӕригъӕдджын зӕххыл амӕлдзынӕ, израилӕгты та ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia