Амос 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Додойаг сты, Сионы хохыл, Самарийы къуыбырыл ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, адӕмты ’хсӕн фыццаг бынат чи ахсы, уыцы адӕмы барджынтӕ, ӕгас Израил ныфсджын кӕмӕй сты, уыдон! 2 Ацӕут-ма Калнейы зӕхмӕ ӕмӕ акӕсут, уый фӕстӕ бацӕут номдзыд Хаматмӕ, ныццӕут-ма филистимӕгты Гатмӕ: сӕ паддзахӕдтӕ сымахӕй тыхджындӕр не сты, сӕ арӕнтӕ — уӕрӕхдӕр? 3 Сымах бӕллӕхы бонӕн дард ӕнхъӕл стут ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ уымӕн нӕ уадзут. 4-6 Пылыстӕг сынтӕджытыл хуыссут ӕмӕ буц дарут уӕхи; уӕрыччыты, хӕрзхаст родты фыд хӕрут, дыууадӕстӕнонтыл цӕгъдут ӕмӕ зарут — Давид ма уӕ кӕцӕй аййафдзӕн! Стыр кӕхцытӕй сӕн нуазут, хӕрздӕфгӕнӕнтӕй уӕхимӕ зилут, ӕмӕ уӕм Йосефы байзӕддӕгты сӕфт нымады дӕр нӕу! 7 Уый тыххӕй уацайрӕгтӕн сӕ разӕй ацӕудзыстут, ӕмӕ уӕ хъал цардӕн кӕрон ӕрцӕудзӕнис. 8 Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕхицӕй, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: Йаковы сӕрыстырдзинад Мын ӕлгъаг у, Йӕ галуантӕ Мын сты ӕнӕуынон, Ӕз ын йӕ сахар йе ’ппӕт цӕрджытимӕ знаджы къухмӕ ратдзынӕн. 9 Искӕцы хӕдзары ма дӕс адӕймаджы куы баззайа, уӕд уыдон дӕр амӕлдзысты. 10 Сӕ хӕстӕджытӕй исчи ӕрбацӕудзӕн, цӕмӕй сӕ бавӕрыны размӕ байсӕрда ӕмӕ, марды ’ддӕмӕ хӕсгӕйӕ, хӕдзаргӕсы бафӕрсдзӕн: «Исчи ма дзы ис?» Уый йын дзуапп ратдзӕнис: «Ничи». Уӕд ын зӕгъдзӕн: «Сабыр! Дунедарӕджы ном дзурӕн нӕй!» 11 Дунедарӕг бардзырд ратдзӕн, ӕмӕ галуантӕ хӕлддзӕгтӕ фестдзысты, хӕдзӕрттӕ ныккӕлдзысты. 12 Бӕхтӕ къӕдзӕхтыл фезгъорынц? Галтӕй йӕ бахуым кӕнӕн ис? Сымах та раст тӕрхон фестын кодтат марг, рӕстдзинады дыргъ — скъӕлдзо! 13 Сымах цин кӕнут, Ло-Девары сахар кӕй басастат, ууыл ӕмӕ дзурут: «Ау, Карнаимы сахар нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ бацахстам?» 14 Тагъд уын Ӕз, израилӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕ ныхмӕ ахӕм адӕмы сыстын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ Лево-Хаматӕй суанг Аравы онг ассӕнддзысты! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia