Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Амос 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Израилӕгтӕ, байхъусут ацы ныхасмӕ, цы хъарӕг уыл скодтон, уымӕ!

2 Ахаудис Израилы чызг, сыстын нал у йӕ бон! Йӕ райгуырӕн зӕххыл лӕзӕры — нӕй йӕ сисӕг!

3 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Израилы сахартӕй искӕцыйӕ мин хӕстоны куы рацӕуа, уӕд дзы ӕрмӕстдӕр сӕдӕ аирвӕздзӕн, сӕдӕ хӕстоны кӕцӕй рацӕуа, уырдӕм та ма дӕс раздӕхдзӕн».

4 Дунедарӕг израилӕгтӕн афтӕ зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут.

5 Ма цӕут Вефилмӕ, Гилгал ӕмӕ Беер-Шевӕмӕ. Гилгалы цӕрджыты иууылдӕр уацары акӕндзысты, Вефилӕн та зӕххыл йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн».

6 Дунедарӕгмӕ уе ’ргом раздахут ӕмӕ цӕрдзыстут. Науӕд Уый пиллон артау ӕртыхсдзӕни Йосефы хӕдзарыл, басудздзӕни Вефил, ӕмӕ уыцы арт ахуыссын кӕнын никӕй бон уыдзӕн.

7 О, раст тӕрхон скъӕлдзо чи фестын кодта ӕмӕ рӕстдзинад зӕхмӕ чи фехста, уыдон!

8 Авд хойы стъалыгуппар ӕмӕ Орион Чи сфӕлдыста? Талынг райдзаст райсом Чи фестын кӕны, бон та — тар ӕхсӕв? Чи фӕсиды денджызы уылӕнтӕм ӕмӕ сӕ зӕххы цъарыл Чи акалы? Дунедарӕг — Йӕ ном!

9 Уый къӕйных лӕджы фесафы, ӕмӕ сисӕхгӕд фидарӕн йе сӕфт ӕрцӕуы.

10 Тӕрхондоны искӕй чи багӕды кӕны, уый уын свӕййы ӕнӕуынон, рӕстӕвдисӕнмӕ ӕнӕввӕрсонӕй кӕсут.

11 Сымах мӕгуырты ӕфхӕрут, гӕртамӕн сӕ исут хор. Афтӕ кӕй кӕнут, уый тыххӕй, уӕхицӕн лӕгъз дуртӕй хӕдзӕрттӕ куы самайат, уӕд дӕр дзы нӕ фӕцӕрдзыстут; диссаджы сӕндӕттӕ скӕндзыстут, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзыстут.

12 Ӕз зонын, цас фыдбылызтӕ ӕмӕ цас тӕригъӕдтӕ сарӕзтат, уый. Сымах рӕстгӕнджыты ӕфхӕрут, гӕртӕмттӕ исут, мӕгуыртӕн тӕрхондоны раст тӕрхон нӕ кӕнут.

13 Ацы заманы куырыхон йӕ дзыхыл хӕцы, уымӕн ӕмӕ фыд заман у.

14 Фыдбылызты бӕсты хорздзинадмӕ тырнут ӕмӕ цӕрдзыстут. Уӕд Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыдзӕнис уемӕ, уӕхӕдӕг куыд зӕгъут, афтӕ.

15 Ӕвзӕрдзинад уын суӕд ӕнӕуынон, рӕстдзинад бауарзут ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут тӕрхондоны. Чи зоны, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йосефы фӕдонтӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ныббара.

16 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: алы фӕзы дӕр хъуысдзӕнис хъарӕг, алы уынджы дӕр додой кӕндзысты. Се ’ххуырстытӕм ӕмӕ хъарӕггӕнджытӕм зианмӕ фӕдзурдзысты.

17 Алы сӕндонӕй дӕр хъуысдзӕн кӕуын, уымӕн ӕмӕ Ӕз уе ’хсӕнты ацӕудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.

18 Додойаг сты, Дунедарӕджы тӕрхоны бонмӕ чи бӕллы, уыдон! Цӕмӕн уӕ хъӕуы уыцы бон? Уый рухс нӕ, фӕлӕ талынг у.

19 Уыцы бон, цыма адӕймаг домбайӕ фӕцӕйлыгъд ӕмӕ ӕвиппайды йӕ размӕ арс фӕци, хӕдзармӕ балыгъд, йӕ къухӕй къулыл андзӕвыд ӕмӕ йыл калм фӕхӕцыд, уый хуызӕн у.

20 Дунедарӕджы тӕрхоны бон рухс нӕу, фӕлӕ талынг у, рухсы цъыртт дзы нӕй!

21 Уӕ бӕрӕгбӕттӕ Мын ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕуынон сты, уӕ нывӕндты фӕздӕг улӕфын Мӕ нӕ фӕнды.

22 Иууылсудзинаг нывӕндтӕ Мын куы ’рхӕссут, уӕд уын сӕ нӕ айсын; арфӕйы нывондӕн Мын хӕрзхаст родтӕ куы аргӕвдут, уӕд сӕм кӕсгӕ дӕр не ’ркӕнын.

23 Ма мын хъусын кӕн дӕ зарджытӕ, дӕ хъисфӕндыры зӕлтӕ.

24 Раст тӕрхон цӕугӕдонау кӕлӕд, гуылфӕнтӕ кӕнӕд рӕстдзинад!

25 Израилӕгтӕ! Дыууиссӕдз азы ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ размӕ нывӕндтӕ ӕмӕ хуынтимӕ цыдыстут?

26 Уӕ паддзах Сиккуты ӕмӕ уӕ стъалы-хуыцау Киуны нывтӕ, уӕхӕдӕг кӕй скодтат, уыдон, уемӕ фӕрахӕсс-бахӕсс кодтат!

27 Уыдӕтты тыххӕй уӕ Ӕз Дамаскӕй дарддӕр уацары акӕнын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan