Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Амос 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!»

2 Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй: ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕ цӕгтӕ ӕмӕ ӕнгуыртӕй уацары акӕндзысты.

3 Систы хуынчъытӕй уӕ сахарӕй ракӕндзысты рӕгъӕй ӕмӕ уӕ Хармоны зӕхмӕ баппардзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.

4 Ӕрбацӕут Вефилмӕ, сбирӕ кӕнут уӕ тӕригъӕдтӕ! Ацӕут Гилгалмӕ, ӕмӕ сӕ уым ноджы фӕфылдӕр кӕнут! Алы райсом дӕр нывӕндтӕ хӕссут, уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хай — ӕртӕ бонӕй ӕртӕ бонмӕ!

5 Мӕ разы-иу Мын, ӕнхъизӕн кӕуыл ис, ахӕм арфӕйы нывонд ссудзут! Барвӕндӕй хаст нывӕндты кой-иу хъӕрдӕрӕй фехъусын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ уарзут, израилӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

6 Уӕ сахарты уын адӕмы сыдӕй амардтон, ӕмӕ уӕ хъӕуты хойраджы мур нал баззади, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг. —

7 Ӕмӕ-иу Ӕз уый тыххӕй мӕнӕугӕрдӕнтӕй ӕртӕ мӕйы раздӕр зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, иу сахары-иу къӕвда ӕруарын кодтон, иннӕйы та нӕ; зӕххы иу хай-иу донӕй бафсӕстон, иннӕ та-иу бахус ис ӕнӕ донӕй.

8 Цалдӕр сахары цӕрджытӕ-иу дон нуазынмӕ иу сахары ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ сын дон нӕ фаг кодта, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.

9 Уӕ хуымтӕ уын-иу судзгӕ дымгӕйӕ кӕнӕ халасӕй фесӕфтон, уӕ дыргъдӕттӕ, уӕ сӕндӕттӕ, уӕ легъуитӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ уын-иу мӕтыхтӕн бахӕрын кодтон, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.

10 Мысыры адӕмау уыл рын бафтыдтон; уӕ лӕппуты уын карды цӕфӕй мардтон, уӕ бӕхты уын-иу уацары атардтой, уӕ асадӕнты-иу уӕ хӕстонтӕн сӕ мӕрдты смагмӕ улӕфыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.

11 Содом ӕмӕ Гоморрӕйау уӕ ныззыгуым кодтон. Пиллон артӕй цы ӕхсидав фелвасынц, уый ӕнгӕс уыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.

12 Уӕдӕ дын ныр Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, Израил! Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дӕ Хуыцауы фенынмӕ!

13 Мӕнӕ ис, хӕхтӕ ӕмӕ дымгӕ Чи сфӕлдыста, Йӕ фӕндон адӕмӕн чи раргом кӕны, сӕуӕхсид талынг Чи фестын кӕны ӕмӕ къуыбыртӕ Чи ссӕнды, Уый, Йӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan