Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Амос 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Израилӕгтӕ! Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, сымах тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз, Мысыры зӕххӕй цы адӕмы ракодтон, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъын:

2 ӕгас зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдоны ’хсӕн сымах равзӕрстон. Уымӕ гӕсгӕ уын уӕ тӕригъӕдтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн.

3 Дыууӕ лӕджы кӕрӕдзиимӕ ныхас куынӕ бакӕной, уӕд иумӕ искуыдӕм ацӕудзысты?

4 Домбайӕн йӕ амӕттаг йӕ размӕ куынӕ фӕуа, уӕд хъӕдӕй йӕ богъ-богъ райхъуысдзӕн? Домбайы лӕппын куы ницы ’рцахса, уӕд лӕгӕтӕй йӕ рыхын фӕхъуысы?

5 Исчи къӕппӕг куынӕ сӕвӕра, уӕд дзы цъиу аирвӕздзӕн? Цъиу къӕппӕгмӕ куы батӕха, уӕд йӕ дуар гомӕй баззайдзӕн?

6 Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?

7 Дунедарӕг Хуыцау сусӕгӕй ницы аразы, алцыдӕр раргом кӕны Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Йӕ пехуымпартӕн.

8 Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?

9 Ашдод ӕмӕ Мысыры сахарты фехъусын кӕнут: «Ӕрӕмбырд ут Самарийы къуыбыртыл, акӕсут-ма, цытӕ дзы цӕуы, уымӕ: бӕстӕ — змӕст, адӕм се ’фсондзы бын удхарӕй мӕлынц!»

10 Рӕстӕй цӕрын нӕ зонынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — тыхми ӕмӕ стигъыны фӕрцы сӕ галуантӕ алы хӕзнатӕй байдзаг сты.

11 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: бӕстӕйыл ӕрхъула кӕндзӕн знаг, дӕ хъомыс дын басӕтдзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ сафтид кӕндзӕн.

12 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: фыййау иуӕй-иу хатт домбайы дзыхӕй фысы дыууӕ къахы кӕнӕ хъусы ’рдӕг куыд фелвасы, раст афтӕ фервӕздзысты, Самарийы хуыссӕнты ӕмӕ Дамаскы къӕлӕтджынты цы израилӕгтӕ улӕфынц, уыдон.

13 Байхъусут ӕмӕ зӕгъут Йаковы хӕдзарӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —

14 Ӕз Йаковы йӕ фыдракӕндты тыххӕй цы бон бафхӕрдзынӕн, уыцы бон Вефилы нывондхӕссӕнтӕ дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзысты, сӕ сыкъатӕ сын акъуырдзысты ӕмӕ сӕ зӕхмӕ фехсдзысты.

15 Сӕ зымӕгон ӕмӕ сӕрдыгон хӕдзӕрттӕ, сӕ пылыстӕгӕй фӕлыст галуантӕ сын ныппырх кӕндзынӕн, ныккӕлдзысты стыр хӕдзӕрттӕ, — зӕгъы Дунедарӕг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan