Амос 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Моавы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ Едомы паддзахӕн йӕ мардыл дӕр нӕ бацауӕрстой, басыгътой йӕ. 2 Арт бандзардзынӕн Моавы зӕххыл, ӕмӕ уыцы арт Керийоты фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн. Тохы уынӕр ӕмӕ сыкъауадындзты уасын хъуысдзысты, афтӕмӕй йе сӕфт ӕрцӕудзӕни Моавӕн. 3 Ӕз уыцы бӕстӕйы хицауы йе ’ппӕт ӕлдӕрттимӕ фесафдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. 4 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ргом аздӕхтой Дунедарӕджы Ӕгъдауӕй, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын не ’ххӕст кӕнынц. Сӕ фыдӕлтӕ цы мӕнг хуыцӕутты фӕдыл цыдысты, уыдон сын сӕ фӕндаг ныггалиутӕ кодтой. 5 Ӕз арт бандзардзынӕн Иудӕйыл, Йерусалимы фидӕрттӕ саусыгъд бакӕндзынӕн. 6 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Израилы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн. Раст адӕймаджы уӕй кӕнынц ӕвзистыл, мӕгуыр лӕджы — дыууӕ дзабырыл. 7 Мӕгуыртӕн сӕ сӕртӕ рыджы бын ныккодтой, сӕ фӕндагыл сын сӕвӕрдтой цӕлхдуртӕ. Фыд ӕмӕ фырт иу сылгоймагимӕ хӕтынц, сӕгад Мын кодтой Мӕ уаз ном. 8 Хӕсы ныхмӕ цы ’мбӕрзӕнтӕ райсынц, уыдоныл алы нывондхӕссӕны раз хуыссынц, сӕ Хуыцауы Кувӕндоны нуазынц сӕн — кӕйдӕр ивар! 9 Ӕз та сӕ сӕраппонд аморӕгты ныццагътон; нӕзытӕй бӕрзонддӕр, тулдз бӕлӕстӕй фидардӕр уыдысты, фӕлӕ сын Ӕз уӕле скуынӕг кодтон сӕ дыргътӕ, бынӕй — сӕ уидӕгтӕ. 10 Сымах та Мысыры зӕххӕй рахуыдтон ӕмӕ уӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, цӕмӕй уын сӕ зӕхх исбонӕн радтон, уый тыххӕй. 11 Уӕ фырттӕй-иу уын равзӕрстон пехуымпартӕ, уӕ лӕппутӕй-иу снывонд кодтон Мӕхицӕн. Афтӕ нӕу, Израил? — зӕгъы Дунедарӕг. — 12 Сымах та-иу, Мӕхицӕн кӕй снывонд скодтон, уыдоны сӕнӕй ныррасыг кодтат, Мӕ пехуымпартӕн сдзурыны бар нӕ лӕвӕрдтат. 13 Мӕнӕ уӕ Ӕз хорӕй йедзаг уӕрдонау ныссӕнддзынӕн. 14 Цӕрдӕг нӕ алидздзӕн, тыхджынӕн фесӕфдзӕн йӕ хъару, нӕ фервӕздзӕн хъӕбатыр. 15 Фатӕхсӕг уа, фистӕг уа, бӕхджын — иунӕг дӕр нӕ аирвӕздзӕн. 16 Уӕ хъӕбатыртӕн се ’ппӕты ӕхсарджындӕр уыцы бон бӕгънӕгӕй лидздзӕнис, — зӕгъы Дунедарӕг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia