Амос 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты, Амос, Текоайы фыййӕуттӕй иу, цӕстылуайӕны цы фехъуыста, уыдӕттӕ. Уый уыдис иудейаг паддзах Озиайы ӕмӕ Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман, зӕххӕнкъуыстӕй дыууӕ азы раздӕр. 2 Амос загъта: — Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй. Додой кӕндзысты фыййӕутты къӕстӕ, бахус уыдзӕн Кармелы цъупп. 3 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дамаскы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, Галаады хох ӕфсӕн найгӕнӕнтӕй кӕй ныссӕста, уый тыххӕй. 4 Паддзах Хазаелӕн йӕ хӕдзарыл арт бандзардзынӕн, Бен-Хадады фидӕрттӕ басудздзынӕн, 5 Дамаскы кулдуӕрттӕн се ’вдузӕнтӕ ныссӕтдзынӕн. Авены дӕлвӕзы паддзахы бадӕны чи рабадт, уый дӕр, стӕй Бет-Едены паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Арамейӕгты Кирмӕ уацары акӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. 6 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Газӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, уацары кӕй райстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой. 7 Газӕйы фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн. 8 Ашдоды зӕххыл дӕр, паддзахы бадӕны чи рабадт, уый, стӕй Ашкелоны паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Мӕ къух сисдзынӕн Екронмӕ, филистимӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдон цагъды фӕуыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. 9 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Тиры фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ уацайрӕгты се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой, ӕфсымӕрон фидыд фехӕлдтой. 10 Тиры фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн. 11 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Едомы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ кардимӕ зылди йе ’фсымӕры фӕдыл, ӕдзух йӕ масты фӕдыл цыд, йӕ масты арт мынӕг нӕ кодта. 12 Ӕз Теманыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Боцрайы фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн. 13 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: аммонӕгтӕн сӕ фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, цӕмӕй сӕ арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной, уый тыххӕй Галаады сывӕрджын устыты кӕрдтӕй рӕхуыстой. 14 Раввайы фиддӕрттыл арт бандзардзынӕн. Алырдыгӕй тохы хъӕртӕ хъуысдзысты, афтӕмӕй судздзысты йӕ галуантӕ, тымыгъы сӕм зилгӕ уад ӕрбабырсдзӕн. 15 Сӕ паддзахы сын акӕндзысты уацары, ӕмӕ йе ’лдӕрттӕ дӕр йемӕ ацӕудзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia