Аггей 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы фыццаг бон пехуымпар Аггей Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй алчер Йешуайӕн, Иоцадакы фыртӕн, Дунедарӕджы фӕндон фехъусын кодта. 2-3 Дунедарӕг пехуымпар Аггейӕн загъта: — Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы адӕм дзурынц, Дунедарӕджы хӕдзар аразынӕн афон нӕма у, зӕгъгӕ. 4 Ӕмӕ сымахӕн та уӕ хорз хӕдзӕртты цӕрын афон у, ацы хӕдзар заууатмӕ куы ’рцыди, уӕд?» 5 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕркӕсут-ма, куыд цӕрут, уымӕ: 6 сымах бирӕ байтаут, фӕлӕ тыллӕг чысыл сисут; хӕрут, фӕлӕ не ’фсӕдут; дон нуазут, фӕлӕ уӕ дойны нӕ сӕтты; уӕ уӕлӕ дзаума скӕнут, фӕлӕ уын хъармы хос нӕу; кусут, фӕлӕ уӕ чыссӕтӕ хуынчъытӕ сты. 7 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕркӕсут уӕ цардмӕ. 8 Хӕхтӕм ацӕут, самал кӕнут хъӕдӕрмӕг ӕмӕ Кувӕндон саразут, Ӕз ын хӕрзаудӕн кӕндзынӕн ӕмӕ скадджын уыдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. 9 Бирӕ цӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕ кастыстут, фӕлӕ уӕ къухы чысыл йеддӕмӕ нӕ бафтыд. Уӕ хӕдзармӕ цы ’рбахастат, уый уын Ӕз дымгӕмӕ ныддардтон. Цӕмӕн? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Мӕ Хӕдзар заууатмӕ кӕй ӕрцыди, сымахӕй та алчидӕр ӕрмӕст йӕхи хӕдзары мӕт кӕй кӕны, уымӕн. 10 Арв дӕр уын йӕ доны ’ртах уымӕн нал радта, ӕмӕ уӕ зӕххыл тыллӕг нал ӕрзад. 11 Ӕз хус рӕстӕг ӕруагътон уӕ быдыртӕ ӕмӕ уӕ хӕхтыл, уӕ хор, уӕ сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстыл, адӕм ӕмӕ фосыл, уӕ алы къухвӕллойыл. 12 Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ адӕм иууылдӕр сӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ ӕмӕ пехуымпар Аггейы ныхӕстӕм байхъуыстой, уымӕн ӕмӕ йӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ Хуыцау. Адӕмы тас бацыди Дунедарӕджы раз. 13 Аггей, Дунедарӕджы фидиуӕг, адӕмӕн фехъусын кодта Дунедарӕджы уац: «Ӕз уемӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг». 14 Дунедарӕг сразӕнгард кодта Шеалтиелы фырт Зоровавелы — Иудейы бӕстыхицауы, алчер Йешуайы — Иоцадакы фырты, стӕй иннӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ райдыдтой кусын Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, Кувӕндоны. 15 Уый уыди, паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уыцы заман, ӕхсӕзӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia