Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕргомад 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Фӕндзӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ ӕз федтон, арвӕй зӕхмӕ цы стъалы ӕрхауди, уый, ӕмӕ уымӕ лӕвӕрд ӕрцыд дӕлдзӕхы дӕгъӕл.

2 Стъалы байгом кодта дӕлдзӕхы дуар ӕмӕ, стыр пецӕй рацӕуӕгау, уырдыгӕй ракалди фӕздӕг; дӕлдзӕхы фӕздӕгӕй хур ӕмӕ уӕлдӕф ныттар сты.

3 Фӕздӕгӕй зӕхмӕ рацыдысты мӕтыхтӕ, ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд зӕххон къӕдздымты тых.

4 Уыдонӕн бафӕдзӕхстӕуыд, цӕмӕй знаггад ма кӕной нӕдӕр зӕххон кӕрдӕгӕн, нӕдӕр зайӕгхалӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн, фӕлӕ — йӕ тӕрныхыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд кӕмӕн нӕй, ӕрмӕст уыцы адӕмӕн.

5 Мӕтыхтӕн фӕдзӕхст уыдис адӕмы марын нӕ, фӕлӕ сӕ фондз мӕйы дӕргъы удхары бафтауын. Ӕмӕ адӕм удхар кӕндзысты, къӕдздым йӕ фат куы фӕсадзы, уӕд адӕймаг куыд фӕудхар кӕны, афтӕ.

6 Уыцы бонты адӕм сӕхӕдӕг агурдзысты мӕлӕт, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. Мӕлӕтмӕ бӕлдзысты, фӕлӕ йӕ нӕ фендзысты.

7 Мӕтыхтӕ уыдысты хӕстмӕ ифтонг бӕхты хуызӕн. Сӕ сӕртыл — сыгъзӕрин кады худты хуызӕттӕ, сӕ цӕсгӕмттӕ — адӕймаджы цӕсгомы хуызӕн,

8 сӕ сӕрыхъуынтӕ — сылгоймаджы сӕрыхъуынтау даргъ, сӕ дӕндӕгтӕ — домбайы дӕндӕгтау.

9 Сӕ гуырыл уыди згъӕрӕфтыды хуызӕн, сӕ базырты уынӕр та уыди, бирӕ бӕхтӕ хӕстмӕ куы фезгъорынц, уӕд сӕ уӕрдӕттӕ куыд фӕгыбар-гыбур кӕнынц, уыйау.

10 Мӕтыхты къӕдзилтӕ ӕмӕ сӕ марг фатӕвзӕгтӕ уыдысты къӕдздымты ӕнгӕс, ӕмӕ сӕм уыд адӕмӕн фондз мӕйы дӕргъы знаггад кӕныны тых.

11 Сӕ паддзах уыди дӕлдзӕхы зӕд. Дзуттагау йӕ ном — Аваддон, бердзенагау та — Аполлион.

12 Ахицӕн иу бӕллӕх, ӕмӕ ма йӕ фӕстӕ ноджыдӕр ӕрбацӕуы дыууӕ бӕллӕхы.

13 Ӕхсӕзӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ мӕм, Хуыцауы раз цы сыгъзӕрин нывондхӕссӕн уыди, уымӕн йӕ цыппар сыкъайӕ райхъуысти хъӕлӕс.

14 Сыкъауадындз цы ӕхсӕзӕм зӕдмӕ уыди, уымӕн уыцы хъӕлӕс загъта: «Евфраты стыр доны цур баст чи у, уыцы цыппар зӕды суӕгъд кӕн».

15 Бӕлвырд сахат ӕмӕ бонмӕ, мӕй ӕмӕ азмӕ цы цыппар зӕды ӕрцӕттӕ чындӕуыд, уыдон уӕгъдгонд ӕрцыдысты адӕмы ӕртыццаг хай амарынмӕ.

16 Ӕз фехъуыстон бӕхджын ӕфсады нымӕц — уый уыди дыууӕсӕдӕ милуаны.

17 Мӕнӕн равдыстӕуыд бӕхты сӕ барджытимӕ, ӕмӕ сӕ федтон ахӕм хуызы: барджытыл уыди зынгхуыз, сапфирау тарцъӕх ӕмӕ сондонау бур згъӕрӕфтыд; бӕхты сӕртӕ уыдысты домбӕйтты сӕрты хуызӕн, сӕ комӕй калди арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон.

18 Ӕмӕ сӕ комӕй цы ӕртӕ рыны калди — арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон — уыдонӕй адӕмы ӕртыццаг хай амард.

19 Уымӕн ӕмӕ бӕхтӕн сӕ хъару уыди сӕ комы ӕмӕ сӕ къӕдзилты. Сӕ къӕдзилтӕ та уыдысты кӕлмыты ӕнгӕс, уыди сын сӕртӕ, ӕмӕ уыцы сӕртӕй знаггад кодтой адӕмӕн.

20 Ацы рынтӕй чи нӕ амард, уыцы адӕммӕ та фӕсмон не ’рцыд ӕмӕ нӕ ныууагътой дӕлимонтӕм ӕмӕ, сӕхӕдӕг къухӕй кӕй скодтой, нӕдӕр уынгӕ, нӕдӕр хъусгӕ, нӕдӕр цӕугӕ чи нӕ кӕны, сӕ уыцы сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, дурын ӕмӕ хъӕдын гуымирытӕм кувын.

21 Не ’рфӕсмон кодтой, лӕгмартӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, хъахбайтӕ ӕмӕ давджытӕ кӕй уыдысты, ууыл.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan