Ӕргомад 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔвдӕм мыхуыр 1 Уӕрыкк ӕвдӕм мыхуыр куы систа, уӕд сахаты ӕрдӕджы бӕрц уӕларвы иу сыбыртт дӕр нал райхъуыст. 2 Ӕмӕ ӕз федтон Хуыцауы раз лӕууӕг авд зӕды; уыдонмӕ лӕвӕрд ӕрцыд авд сыкъауадындзы. 3 Ӕрбацыд ӕндӕр зӕд сыгъзӕрин будсудзӕнимӕ ӕмӕ ӕрлӕууыд нывондхӕссӕны раз. Бирӕ буд ын лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй йӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты куывдтытимӕ ӕрӕвӕра, паддзахы бадӕны раз цы сыгъзӕрин нывондхӕссӕн уыди, ууыл. 4 Буды фӕздӕг сыгъдӕджыты куывдтытимӕ зӕды къухӕй фӕцыд хӕрдмӕ, Хуыцаумӕ. 5 Зӕд райста будсудзӕн, байдзаг ӕй кодта нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй ӕмӕ йӕ фехста зӕхмӕ. Райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, арв нырттывта, ӕмӕ зӕхх нынкъуысти. Ӕхсӕз сыкъауадындзы 6 Уӕд, авд сыкъауадындзы кӕмӕ уыди, уыцы авд зӕды сӕхи ӕрцӕттӕ кодтой сыкъауадындзтӕй уасынмӕ. 7 Фыццаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыдысты их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр. 8 Дыккаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ стыр хохы хуызӕн цыдӕр, пиллон арт уадзгӕйӕ, денджызы ныххауди, ӕмӕ денджызы ӕртыццаг хай туг фестад. 9 Денджызы удӕгасӕй цы уыд, уыдонӕн амард се ’ртыццаг хай, бабын ис науты ӕртыццаг хай. 10 Ӕртыккаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ арвӕй судзгӕ цырагъау рахауди стыр стъалы, цӕугӕдӕтты ӕртыццаг хайы ӕмӕ суадӕтты ныххауди. 11 Уыцы стъалыйы ном у Скъӕлдзой. Цӕугӕдӕтты ӕртыццаг хай скъӕлдзойау смаст ис, ӕмӕ уыцы маст донӕй бирӕ адӕм фӕцагъды сты. 12 Цыппӕрӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ хуры ӕртыццаг хай, мӕйы ӕртыццаг хай, стӕй стъалыты ӕртыццаг хай ныттар ис. Сӕ рухс афтӕ бамынӕг, ӕмӕ боны, стӕй ӕхсӕвы ӕртыццаг хай дӕр уыди талынг. 13 Ӕз федтон иу цӕргӕсы уӕлиӕутты тӕхгӕ ӕмӕ фехъуыстон, хъӕрӕй цы дзырдта, уый: «Сыкъауадындзтӕй ма цы ӕртӕ зӕды ныууасдзысты, уыдоны уастӕй бӕллӕх, бӕллӕх, бӕллӕх ӕрцӕудзӕн зӕххон цӕрджытыл!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia