Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕргомад 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сӕдӕ цыппор цыппар мин ӕвзӕрст израиладжы

1 Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ ӕз федтон цыппар зӕды. Уыдон лӕууыдысты зӕххы цыппар кӕроны ӕмӕ хӕцыдысты цыппар зӕххон дымгӕйыл, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр денджызыл, нӕдӕр бӕлӕстыл куыннӕ дымой, афтӕ.

2 Ӕз федтон ӕндӕр зӕды дӕр. Уый скӕсӕнӕй ссӕйцыд, ӕмӕ йӕм уыди Цардӕгас Хуыцауы мыхуыр. Зӕд ныхъхъӕр кодта, зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн знаггад ракӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыцы цыппар зӕдмӕ:

3 «Цалынмӕ нӕ Хуыцауы цагъарты тӕрныхтыл мыхуыр сӕвӕрӕм, уӕдмӕ знаггад ма ракӕнут нӕдӕр зӕххӕн, нӕдӕр денджызӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн».

4 Ӕз фехъуыстон, мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ӕрцыд, уыдоны нымӕц: израилаг адӕмы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыди сӕдӕ цыппор цыппар миныл.

5 Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд дыууадӕс миныл; Рувимы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Гады хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;

6 Асиры хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;

7 Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Левийы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Иссахары хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;

8 Зевулоны хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Йосефы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Бениамины хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл.


Бирӕ адӕм урс-урсид дарӕсы

9 Уый фӕстӕ ӕз федтон, нымайын дӕр кӕй ничи бафӕрӕзтаид, уый бӕрц дзыллӕ — алы адӕмыхӕттытӕ, алы мыггаг, алы адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕй; сӕ уӕлӕ — урс-урсид дарӕс, сӕ къухы — пальмӕйы къалиутӕ. Уыдон лӕууыдысты паддзахы бадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз

10 ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Паддзахы бадӕны Чи бады, нӕ уыцы Хуыцаумӕ ӕмӕ Уӕрыкмӕ — ирвӕзындзинад!»

11 Зӕдтӕ иууылдӕр лӕууыдысты паддзахы бадӕны, стӕй цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы алыварс. Уыдон ныддӕлгом сты паддзахы бадӕны раз ӕмӕ куывтой Хуыцаумӕ:

12 «Аммен! Кад ӕмӕ арфӕ, уӕлзонд ӕмӕ арфӕтӕ, намыс, тых ӕмӕ хъомыс нӕ Хуыцаумӕ сты мыггагмӕ! Аммен!»

13 Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй мӕ иу бафарста: «Уӕртӕ урс-урсид дарӕс кӕуыл ис, уыдон чи сты ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдысты?»

14 Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.

15 Уымӕн лӕууынц Хуыцауы бадӕны раз ӕмӕ Йын ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц Йӕ Кувӕндоны, ӕмӕ сӕ паддзахы бадӕны Бадӕг бакӕндзӕни Йӕ дӕлбазыр.

16 Уыдон нал ӕвзардзысты нӕдӕр стонг, нӕдӕр дойны, хур сӕ нал судздзӕн, ӕмӕ сӕ ӕнтӕф нал бахъыгдардзӕн.

17 Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan