Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕргомад 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ӕхсӕз мыхуыры

1 Ӕз федтон: Уӕрыкк авд мыхуырӕй асаста фыццаг, ӕмӕ фехъуыстон цыппар уӕларвон удгоймагӕй иуы хъӕлӕс, цыма арв ныннӕрыди, уыйау: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».

2 Ӕз федтон урс бӕх; йӕ барӕгмӕ уыдис ӕрдын. Кады худ ын лӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ уӕлахиздзауӕй рацыд, куыд фӕуӕлахиз уа, афтӕ.

3 Уӕрыкк дыккаг мыхуыр куы асаста, уӕд фехъуыстон, дыккаг уӕларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».

4 Ӕмӕ рацыд ӕндӕр, ӕртхуыз бӕх; йӕ барӕгӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырад айсыны бар, цӕмӕй марой кӕрӕдзи; ӕмӕ йӕм радтой стыр цирхъ.

5 Уӕрыкк ӕртыккаг мыхуыр куы систа, уӕд фехъуыстон, ӕртыккаг уӕларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [ӕмӕ кӕс]». Ӕз федтон сау бӕх; йӕ барӕджы къухы уыди барӕн.

6 Цыппар уӕларвон удгоймаджы кӕм уыдысты, уырдыгӕй мӕм райхъуысти адӕймаджы хъӕлӕсау: «Мӕнӕуы къус — динарыл, хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл, оливӕйы сой ӕмӕ сӕнӕн та знаггад ма ракӕн».

7 Уӕрыкк цыппӕрӕм мыхуыр куы систа, уӕд фехъуыстон цыппӕрӕм уӕларвон удгоймаджы хъӕлӕс: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».

8 Ӕз федтон фӕлурс бӕх; йӕ барӕджы ном — мӕлӕт. Мӕрдтыбӕстӕ цыдис йӕ фӕдыл, ӕмӕ сын лӕвӕрд уыди зӕххы цыппӕрӕм хайыл карды ӕмӕ стонджы, рыны ӕмӕ зӕххон сырдты фӕрцы марыны бар.

9 Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се ’вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ.

10 Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»

11 Уӕд уыдонӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыди урс-урсид дарӕс ӕмӕ сын загъдӕуыд, цӕмӕй ма банхъӕлмӕ кӕсой иу цасдӕр, зӕххыл ма уыдонау кӕй хъуамӕ амардӕуа, сӕ уыцы ӕмкусджытӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цалынмӕ нымӕц баххӕст кӕной, уӕдмӕ.

12 Уӕрыкк ӕхсӕзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд ӕз федтон: зӕхх тынг нынкъуысти, хур сӕхъисау ныссау ис, мӕй та туджы хуызӕн сси.

13 Стъалытӕ арвӕй ӕрхаудысты зӕхмӕ, тыхджын дымгӕ легъуи бӕлас куы ныууигъы, уӕд йӕ цъӕх дыргътӕ куыд ӕрызгъӕлынц, уыйау.

14 Арв тыхтонау ӕрбампылд ӕмӕ фӕцыдӕр. Алы хох ӕмӕ сакъадах дӕр йӕ бынатӕй фенкъуысыди.

15 Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ, ӕфсӕддон разамонджытӕ ӕмӕ хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар дӕр бамбӕхстысты лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты — къӕдзӕхты ӕхсӕн.

16 Ӕмӕ дзурынц хӕхтӕн ӕмӕ къӕдзӕхтӕн: «Рафӕлдӕхут ныл ӕмӕ нӕ уӕ быны бамбӕхсут паддзахы бадӕны Бадӕгӕй ӕмӕ Уӕрыччы фыдӕхӕй.

17 Ралӕууыди Сӕ азары стыр бон, ӕмӕ йын чи бафӕраздзӕн?»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan