Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕргомад 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Чиныг ӕмӕ Хуыцауы Уӕрыкк

1 Уӕд паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухы ӕз федтон, дыууӕрдыгӕй дӕр фыст кӕуыл уыд, ахӕм тухгӕ чиныг; ӕхгӕд уыдис авд мыхуырӕй.

2 Ӕз федтон хъомысджын зӕды. Уый хъӕрӕй бафарста: «Чи у ацы чиныджы мыхуыртӕ асӕттыны ӕмӕ йӕ байгом кӕныны аккаг?»

3 Ӕмӕ нӕдӕр уӕларвы, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр зӕххы бын искӕй бон уыди чиныг байгом кӕнын ӕмӕ, цы фыст дзы ис, уый фенын.

4 Ӕмӕ ӕз бирӕ фӕкуыдтон, уыцы чиныг байгом кӕныны ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый феныны аккаг кӕй ничи разынди, ууыл.

5 Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг».

6 Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та — цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уӕрыккӕн уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, ахӕм хуыз. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты — ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.

7 Уӕрыкк ӕрбацыд ӕмӕ паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухӕй райста тухгӕ чиныг.

8 Куы йӕ райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй йедзаг сыгъзӕрин будсудзӕнтӕ — сыгъдӕджыты куывдтытӕ.

9 Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды дӕ чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисыны аккаг! Уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыди нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Ды Хуыцауӕн балхӕдтай адӕмты — алы мыггаг ӕмӕ алы ӕвзаг, алы адӕм ӕмӕ алы знӕмты ӕхсӕнӕй!

10 Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».

11 Ӕз акастӕн ӕмӕ фехъуыстон, паддзахы бадӕны, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры алыварс цы бирӕ зӕдтӕ уыди, уыдоны хъӕлӕс. Уыдон уыдысты ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ, мин-минтӕ

12 ӕмӕ хъӕрӕй дзырдтой: «Нывондӕн Кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы Уӕрыкк у кад, намыс ӕмӕ арфӕйы аккаг; Уый у тыхджын ӕмӕ хъӕздыг, куырыхон ӕмӕ хъомысджын!»

13 Ӕз фехъуыстон, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдон се ’ппӕт дӕр — уӕларвыл, зӕххыл, зӕххы бын, денджызы — дун-дунейы чидӕриддӕр ис, уыдон цы дзырдтой, уый: «Паддзахы бадӕны Бадӕгӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн — арфӕ, кад, намыс ӕмӕ ӕппӕт бартӕ мыггагӕй-мыггагмӕ!»

14 Цыппар уӕларвон удгоймаджы загътой: «Аммен». Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры дӕр ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ бакуывтой, мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan