Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕргомад 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Цӕстылуайӕн паддзахы бадӕны тыххӕй

1 Уый фӕстӕ ӕз федтон арвы дуар гомӕй. Ӕмӕ раздӕр кӕй фехъуыстон, сыкъауадындзы зӕлынау мемӕ цы хъӕлӕс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын Ӕз фенын кӕнон, фидӕны цы уыдзӕн, уый».

2 Сыгъдӕг Уд мӕ уайсахат систа, ӕмӕ мӕнӕ мӕ разы паддзахы бадӕн уӕларвы, паддзахы бадӕны та федтон Бадӕджы.

3 Уый тӕмӕнтӕ калдта зынаргъ дуртау — яшмӕ ӕмӕ сердоликау. Паддзахы бадӕны алыварс изумрудау ӕрттывта арвӕрдын.

4 Паддзахы бадӕны алыварс — цыппар ӕмӕ ссӕдз паддзахы бадӕны. Уыцы бадӕнты бадтысты цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уыди сыл урс-урсид дарӕс, сӕ сӕртыл та — сыгъзӕрин кады худтӕ.

5 Паддзахы бадӕнӕй-иу рацыдис ӕрвӕрттывдтӕ, хъуысти дзы ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, паддзахы бадӕны раз сыгъдис авд цырагъы — уыдон сты Хуыцауы авд уды.

6 Паддзахы бадӕны раз уыдис цыдӕр — авджын денджызы хуызӕн, дзӕнхъайау ирд. Паддзахы бадӕн кӕм уыди, уыцы бынаты хӕдастӕу ӕмӕ йӕ алыварс уыди цыппар уӕларвон удгоймаджы бирӕ цӕстытимӕ, разӕй дӕр ӕмӕ фӕстейӕ дӕр.

7 Фыццаг уӕларвон удгоймаг уыди домбайы хуызӕн, дыккаг удгоймаг — галы хуызӕн, ӕртыккаг удгоймагӕн йӕ цӕсгом уыдис адӕймаджы цӕсгомау, цыппӕрӕм удгоймаг та уыди тӕхгӕ цӕргӕсы хуызӕн.

8 Цыппар уӕларвон удгоймагӕй алкӕмӕн дӕр уыди фӕйнӕ ӕхсӕз базыры; алырдыгӕй дӕр ӕмӕ сӕ базырты бын дӕр уыди бирӕ цӕстытӕ. Уыдон ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕрынцайгӕйӕ дзурынц: Уаз у, уаз у, уаз у Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, «Чи уыд, Чи ис ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый!»

9 Паддзахы бадӕны Бадӕгӕн, мыггагӕй-мыггагмӕ Цардӕгасӕн уыцы уӕларвон удгоймӕгтӕ намысы, кады ӕмӕ арфӕйы ныхӕстӕ куы фӕдзурынц,

10 уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом вӕййынц паддзахы бадӕны Бадӕджы раз ӕмӕ бакувынц ӕнусӕй-ӕнустӕм Цардӕгасмӕ, сӕ кады худтӕ ӕрӕвӕрынц Йӕ паддзахы бадӕны раз ӕмӕ хъӕрӕй фӕзӕгъынц:

11 «Ды цыт ӕмӕ кады аккаг дӕ, нӕ тыхджын Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Ды сфӕлдыстай, ӕппӕт дӕр сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ ӕппӕт дӕр Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan