Ӕргомад 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстФыстӕг Сардисы аргъуанмӕ 1 Сардисы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Хуыцауы авд уды ӕмӕ авд стъалыйы Кӕмӕ сты, Уый афтӕ зӕгъы: зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ; ды хӕссыс удӕгасы ном, фӕлӕ мард дӕ. 2 Райхъал у ӕмӕ дӕм сӕфты къахыл цы лӕууы, уый сфидар кӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз зонын, дӕ хъуыддӕгтӕ Мӕ Хуыцауы цӕсты ӕнаипп кӕй не сты, уый. 3 Уӕдӕ дӕ цӕуыл сахуыр кодтой ӕмӕ цы фехъуыстай, уый ӕрымыс, цӕр уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн. Куынӕ райхъал уай, уӕд дӕм Ӕз ӕрцӕудзынӕн хуыснӕгау, ӕмӕ Мын ды Ме ’рцыды сахат нӕ базондзынӕ. 4 Уӕвгӕ дын Сардисы ис, йӕ дарӕс чи нӕ фӕчъизи кодта, цалдӕр ахӕм адӕймаджы. Уыдон урс-урсид дарӕсы цӕудзысты Мемӕ, уымӕн ӕмӕ уый аккаг сты. 5 Уӕлахиздзау уыдонау урс-урсид дарӕс скӕндзӕн, ӕмӕ йын йӕ ном царды чиныгӕй нӕ фесафдзынӕн. Мӕ Фыд ӕмӕ Йӕ зӕдты раз ӕй Ӕз банымайдзынӕн Мӕхионыл. 6 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“. Фыстӕг Филадельфийы аргъуанмӕ 7 Филадельфийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Сыгъдӕг ӕмӕ Ӕцӕг Чи у, Давиды дӕгъӕл Кӕмӕ ис, сӕхгӕнӕн ӕй куыд нӕ уа, афтӕ дуар Чи байгом кӕны ӕмӕ, байгом кӕнӕн ын куыд нӕ уа, афтӕ йӕ Чи сӕхгӕны, Уый: 8 зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Мӕнӕ дын Ӕз байгом кодтон дуар, ӕмӕ йӕ сӕхгӕнын никӕй бон бауыдзӕн. Дӕумӕ бирӕ тых нӕй, фӕлӕ уӕддӕр хъуыстай Мӕ ныхасмӕ ӕмӕ Мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай. 9 Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый. 10 Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕн рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй. 11 Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса. 12 Уӕлахиздзауы скӕндзынӕн Мӕ Хуыцауы Кувӕндоны астӕуккаг цӕджындз, ӕмӕ дзы никуыуал рацӕудзӕн. Ныффысдзынӕн ыл Мӕ Хуыцауы ном, уӕларвӕй, Мӕ Хуыцауӕй, чи ӕрцӕудзӕн, Мӕ Хуыцауы уыцы ног сахары — Йерусалимы ном ӕмӕ Мӕ ног ном. 13 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“. Фыстӕг Лаодикийы аргъуанмӕ 14 Лаодикийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Аммен, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ӕппӕт уыдоны Райдиан: 15 зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Ды нӕдӕр уазал дӕ, нӕдӕр тӕвд. О, фӕлтау уазал кӕнӕ тӕвд куы уаис! 16 Тӕвд дӕр ӕмӕ уазал дӕр нӕ, фӕлӕ хъӕрмуст кӕй дӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз Мӕ дзыхӕй сӕппардзынӕн. 17 Ды зӕгъыс, ӕз хъӕздыг дӕн, бирӕ мулк мӕм ис ӕмӕ ницы хъуаг ӕййафын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ зоныс, мӕгуыр, кӕуинаг, гӕвзыкк, куырм ӕмӕ бӕгънӕг кӕй дӕ, уый. 18 Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд. 19 Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл. 20 Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ. 21 Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ. 22 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia