Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕргомад 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Царды цӕугӕдон

1 Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,

2 сахары уынджы хӕд астӕуты. Йӕ фӕйнӕфарс дӕр зади, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, ахӕм царды бӕлас. Йӕ сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос.

3 Сахары ӕлгъыстагӕй ницыуал уыдзӕн. Уым уыдзӕнис Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы бадӕн, ӕмӕ Йын лӕггад кӕндзысты Йӕ цагъартӕ.

4 Йӕ цӕсгом Ын фендзысты, ӕмӕ Йӕ ном фыст уыдзӕни сӕ тӕрныхтыл.

5 Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Бардарӕг Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.


Чырысти ӕрцӕудзӕнис рӕхджы

6 Зӕд мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг. Ӕмӕ пехуымпарты Йӕ Удӕй разӕнгардгӕнӕг Бардарӕг Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, рӕхджы цы уыдзӕн, уый Йӕ цагъартӕн равдисынмӕ».

7 «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Тӕхудиаг у, ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уый».

8 Ӕз, Иоанн, федтон ӕмӕ фехъуыстон ӕппӕт уыдӕттӕ. Куы сӕ фехъуыстон ӕмӕ сӕ куы федтон, уӕд бакувынмӕ мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, уыдӕттӕ мын чи ӕвдыста, уыцы зӕды къӕхты раз.

9 Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕуӕн, де ’фсымӕр пехуымпартӕн, стӕй, ацы чиныджы ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уыдонӕн се ’мкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув».

10 Ноджы мын загъта: «Ма басусӕг кӕн ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ. Уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс.

11 Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр ӕвзӕр митӕ кӕнӕд. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи; рӕстгӕнӕг дарддӕр раст хъуыддӕгтӕ кӕнӕд; сыгъдӕг чи у, уый дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй».

12 «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ фиддон Мемӕ ис — алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.

13 Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон, фыццаг ӕмӕ фӕстаг».

14 Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон тӕхудиаг сты — уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ кулдуарыл бацӕуыны бар.

15 Куыйтӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕ, хӕлд адӕм ӕмӕ лӕгмартӕ, мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ, стӕй, фӕливӕн митыл хӕст чи у ӕмӕ сӕ чи уарзы, уыдон та баззайдзысты ӕдде.

16 «Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».

17 Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.

18 Ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ чидӕриддӕр хъусы, уыдонӕн ӕз зӕгъын: исты ма сӕм чи бафтауа, ууыл Хуыцау бафтаудзӕн, ацы чиныджы кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы рынтӕ.

19 Ӕмӕ ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕй чи аппара, уый Хуыцау ӕнӕхай фӕкӕндзӕн, ацы чиныджы фыст кӕй тыххӕй ис, уыцы царды бӕласӕй ӕмӕ сыгъдӕг сахарӕй.

20 Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕн Чи у, Уый зӕгъы: «О, рӕхджы ӕрцӕудзынӕн!» Аммен. Ӕрцу, Бардарӕг Йесо!

21 Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕд алкӕй дӕр. Аммен.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan