Ӕргомад 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстНог арв ӕмӕ ног зӕхх 1 Ӕз федтон ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх аивгъуыдтой, нал уыди денджыз дӕр. 2 Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй. 3 Паддзахы бадӕнӕй ӕз фехъуыстон тыхджын хъӕлӕс: «Мӕнӕ ис Хуыцауы Уаз Цӕрӕн, Уый цӕрдзӕнис адӕмимӕ! Уыдон уыдзысты Йӕ адӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг уыдзӕни семӕ ӕмӕ уыдзӕн сӕ Хуыцау. 4 Ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст, уымӕн ӕмӕ, раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта». 5 Паддзахы бадӕны Бадӕг загъта: «Мӕнӕ ӕппӕт дӕр фӕлдисын ногӕй». Ӕмӕ ма загъта: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ раст ӕмӕ ӕцӕг сты». 6 Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн Ӕз царддӕттӕг суадонӕй лӕвар бануазын кӕндзынӕн. 7 Уӕлахиздзау райсдзӕнис ӕппӕт уыдӕттӕ, Ӕз уыдзынӕн Йӕ Хуыцау, уый та уыдзӕни Мӕ хъӕбул. 8 Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт». Ног Йерусалим 9 Фӕстаг рынтӕй йедзаг авд кӕхцы цы авд зӕдмӕ уыди, уыдонӕй иу ӕрбацыди мӕнмӕ ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын равдисон Уӕрыччы Усаджы». 10 Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард, ӕмӕ мӕ зӕд схаста стыр ӕмӕ бӕрзонд хохмӕ, фенын мын кодта Йерусалимы сыгъдӕг сахар уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ. 11 Уый тӕмӕнтӕ калдта Хуыцауы кадӕй. Йӕ рухсгӕнӕн уыди тӕккӕ зынаргъдӕр дурау, дзӕнхъайы ӕнгӕс рухсдзыд яшмӕйы хуызӕн. 12 Сахары къул уыди стыр ӕмӕ бӕрзонд, уыди дзы дыууадӕс дуары, дуӕрттыл лӕууыдысты дыууадӕс зӕды. Дуӕрттыл фыст уыдысты израилаг адӕмы дыууадӕс мыггаджы нӕмттӕ. 13 Скӕсӕнӕрдыгӕй — ӕртӕ кулдуары, цӕгатӕрдыгӕй — ӕртӕ кулдуары, хуссарӕрдыгӕй — ӕртӕ кулдуары, ныгуылӕнӕрдыгӕй — ӕртӕ кулдуары. 14 Сахары къулӕн ис дыууадӕс бындуры, уыдоныл фыст сты Уӕрыччы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ. 15 Сахарӕн йӕхи, йӕ къул ӕмӕ йӕ дуӕрттӕ барынӕн, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕдмӕ уыди сыгъзӕрин лӕдзӕг. 16 Сахар у цыппӕрдигъон, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх сты ӕмхуызон. Зӕд сбарста сахар лӕдзӕгӕй, ӕмӕ рауад дыууадӕс мин стадийы. Йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд сты ӕмхуызон. 17 Сбарста йын йӕ къул дӕр, ӕмӕ рауад сӕдӕ цыппор цыппар ӕлмӕрины — адӕймаджы нымадӕй баргӕйӕ; зӕдмӕ дӕр ахӕм барӕн уыди. 18 Сахары къул уыдис яшмӕйӕ, сахар йӕхӕдӕг та — ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. 19 Сахары къулы бындуртӕ фӕлыст уыдысты алыхуызон зынаргъ дуртӕй. Фыццаг бындур — яшмӕ, дыккаг — сапфир, ӕртыккаг — халкидон, цыппӕрӕм — изумруд, 20 фӕндзӕм — сардоникс, ӕхсӕзӕм — сердолик, ӕвдӕм — хризолит, ӕстӕм — берилл, фарӕстӕм — топаз, дӕсӕм — хризопраз, иуӕндӕсӕм — гиацинт, дыууадӕсӕм — аметист. 21 Дыууадӕс кулдуары — дыууадӕс дзындз фӕрдыджы: алы дуар дӕр — иу дзындз фӕрдыгӕй. Сахары уынг уыдис ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. 22 Кувӕндон дзы нӕ федтон, уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ Уӕрыкк сты йӕ Кувӕндон. 23 Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы кад, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн. 24 Адӕмтӕ цӕрдзысты сахары рухсмӕ, зӕххон паддзӕхтӕ йӕм ӕрхӕсдзысты сӕ кад. 25 Йӕ кулдуӕрттӕ бон ӕхгӕд нӕ уыдзысты, ӕхсӕв та дзы нӕ уыдзӕн. 26 Ӕрхӕсдзысты йӕм адӕмты кад ӕмӕ намыс. 27 Чъизи цы уа, ахӕмӕй йӕм ницы бацӕудзӕн, ӕлгъаг ӕмӕ фӕливӕн митӕ чи кӕны, уыдонӕй дӕр ӕм фӕндаг никӕмӕн уыдзӕн, фӕлӕ йӕм бацӕудзысты, Уӕрыкмӕ царды чиныджы фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia