Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕргомад 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фыстӕг Эфесы аргъуанмӕ

1 Эфесы аргъуаны зӕдмӕ ныффысс: „Йӕ рахиз къухы авд стъалыйы Чи дары, авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны ӕхсӕн Чи цӕуы, Уый афтӕ зӕгъы:

2 зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ фӕллой, фӕразон кӕй дӕ, ӕнӕуаг адӕмӕн кӕй нӕ быхсыс, йӕхи апостол чи хоны, уӕвгӕ та апостол чи нӕу, уыдоны кӕй бафӕлвӕрдтай ӕмӕ, мӕнгард кӕй сты, уый кӕй базыдтай, уыдӕттӕ.

3 Ды фӕразон дӕ, бирӕ бавзӕрстай Мӕ номы сӕраппонд, ӕмӕ нӕ бафӕлладтӕ.

4 Фӕлӕ дӕ азымджыныл нымайын, дӕ фыццаг уарзт дӕм кӕй нал ис, уый тыххӕй.

5 Уӕдӕ цы бӕрзӕндӕй ӕрхаудтӕ, уый ӕрымыс, ӕрфӕсмон кӕн ӕмӕ дӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ араз. Куы не ’рфӕсмон кӕнай, уӕд дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын дӕ цырагъдарӕн айсдзынӕн йӕ бынатӕй.

6 Ӕниу дӕм хорзӕй уый ис, ӕмӕ, николаитты хъуыддӕгтӕ Мӕнӕн куыд ӕнӕуынон сты, афтӕ ӕнӕуынон сты дӕуӕн дӕр.

7 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар“.


Фыстӕг Смирнӕйы аргъуанмӕ

8 Смирнӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг, мард Чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас Чи у, Уый афтӕ зӕгъы:

9 зонын дын [дӕ хъуыддӕгтӕ] дӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ дӕ мӕгуырдзинад; ӕниу, хъӕздыг дӕ. Зонын ӕй, сӕхи иудейӕгтӕ чи хоны, уӕвгӕ та иудейӕгтӕ нӕ, фӕлӕ сайтаны ӕмбырд чи у, уыдон дыл цъыф кӕй калынц, уый.

10 Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.

11 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн тас нӕу дыккаг мӕлӕтӕй“.


Фыстӕг Пергамы аргъуанмӕ

12 Пергамы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Цыргъ дыкомыг цирхъ Кӕмӕ ис, Уый афтӕ зӕгъы:

13 Ӕз зонын: ды цӕрыс, сайтанӕн йӕ паддзахы бадӕн кӕм ис, уым, фӕлӕ уӕддӕр ӕнувыд дӕ Мӕ номыл. Ды мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай, суанг Мыл, сайтан кӕм цӕры, уӕ уыцы сахары Мӕ иузӕрдион ӕвдисӕн Антипӕйы куы амардтой, уӕд дӕр.

14 Фӕлӕ дӕ уӕддӕр иу цасдӕр азымджыныл нымайын, уымӕн ӕмӕ сымахмӕ ис, Балаамы ахуырадыл хӕст чи у, ахӕмтӕ; Балаам та сахуыр кодта Балакы, ӕмӕ уый Израилы адӕмы сардыдта мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ хӕрын ӕмӕ хӕлд митӕ кӕныныл.

15 Афтӕ дӕумӕ дӕр ис николаитты ахуырадыл хӕст адӕймӕгтӕ.

16 Ӕрфӕсмон кӕн, науӕд дӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ семӕ тох кӕндзынӕн Мӕ дзыхӕй рацӕугӕ кардӕй.

17 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.


Фыстӕг Фиатирӕйы аргъуанмӕ

18 Фиатирӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Хуыцауы фырт, Йӕ цӕстытӕ пиллон артау Кӕмӕн сты, Йӕ къӕхтӕ зынг ӕрхуыйау Кӕмӕн ӕрттивынц, Уый:

19 зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ уарзт, дӕ уырнындзинад, дӕ куыст ӕмӕ, фӕразон кӕй дӕ, стӕй, дӕ фӕстаг хъуыддӕгтӕ фыццӕгтӕй фылдӕр кӕй сты, уый.

20 Фӕлӕ дӕ уӕддӕр азымджыныл нымайын: йӕхи пехуымпар чи хоны, уыцы сылгоймаг Иезавелӕн дӕттыс йӕ ахуырадӕй Мӕ цагъарты фӕливыны фадат — ардауы сӕ хӕтыныл ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыныл.

21 Ӕз ын радтон рӕстӕг ӕрфӕсмон кӕнынӕн, фӕлӕ хъахбай кӕй у, ууыл ӕй ӕрфӕсмон кӕнын нӕ фӕнды.

22 Мӕнӕ йыл Ӕз ӕфтауын низ; йемӕ чи хӕты, уыдон та сӕ митыл куынӕ ӕрфӕсмон кӕной, уӕд сӕ стыр бӕллӕхы баппардзынӕн.

23 Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.

24 Сымахӕн та — Фиатирӕйы чи ис ӕмӕ уыцы ахуырадыл хӕст чи нӕу, сайтаны сусӕгдзинӕдтӕ кӕй хонынц, уыдоны чи нӕ аныгъуылд — зӕгъын: ӕндӕр уаргъ уыл нӕ сӕвӕрдзынӕн.

25 Ӕрмӕст Ме ’рцыдмӕ иузӕрдион ут, цы уӕм ис, ууыл.

26 Чи фӕуӕлахиз уа ӕмӕ Мын кӕронмӕ коммӕгӕс чи разына, уымӕн Ӕз ратдзынӕн адӕмтӕн хицауиуӕг кӕныны бар,

27 Ӕз уыцы бар Мӕ Фыдӕй куыд райстон, афтӕ. Уый сӕ хиздзӕни ӕфсӕн лӕдзӕгӕй, ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтау базгъӕлӕнтӕ уыдзысты,

28 ӕмӕ йын Ӕз ратдзынӕн Бонвӕрнон.

29 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan