Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕргомад 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уый фӕстӕ ӕз уӕларвы фехъуыстон хъӕлӕс. Уый уыди бирӕ адӕмы уынӕрау: «Алелуйа! Ирвӕзындзинад, кад ӕмӕ намыс сты нӕ Хуыцаумӕ!

2 Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ сты раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ лӕггадгӕнджыты туг!»

3 Дыккаг хатт загъдӕуыд: «Алелуйа! Йӕ фӕздӕг кӕлдзӕн мыггагӕй мыггагмӕ!»

4 Уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы ныддӕлгом сты Йӕ бадӕны бадӕг Хуыцауы раз, афтӕ дзургӕйӕ: «Аммен! Алелуйа!»


Уӕрыччы чындзӕхсӕв

5 Уӕд паддзахы бадӕнӕй райхъуысти: «Ӕппӕлут нӕ Хуыцауӕй, Йе ’ппӕт цагъартӕ, Йӕ тас кӕй мидӕг ис, уыдон — номдзыдтӕ ӕмӕ хуымӕтӕгтӕ».

6 Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Алелуйа! Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, сси Паддзах!

7 Уӕдӕ цин кӕнӕм, фыр цинӕй райӕм ӕмӕ Йын кад кӕнӕм. Уымӕн ӕмӕ ӕрцыди Уӕрыччы чындзӕхсӕвы рӕстӕг, ӕмӕ Йӕ Усаг ӕрцӕттӕ кодта йӕхи:

8 Ӕркодтой йыл гӕн хъуымацӕй дарӕс — сыгъдӕг ӕмӕ тӕмӕнкалгӕ». Гӕн хъуымацӕй дарӕс — сыгъдӕджыты раст хъуыддӕгтӕ.

9 Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».

10 Ӕз зӕдӕн йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн, цӕмӕй йӕм бакувон. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕу, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕрты ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ, Йесойы тыххӕй чи дзуры, уыдонмӕ ис пехуымпарады мон».


Урс барӕг

11 Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох.

12 Барӕджы цӕстытӕ сты пиллон арты ӕнгӕс, Йӕ сӕрыл — бирӕ кады худтӕ. Йӕ уӕлӕ фыст ис, ӕрмӕстдӕр Йӕхӕдӕг кӕй зоны, уыцы ном.

13 Ис Ыл тугӕйдзаг пӕлӕз; Йӕ ном: Хуыцауы Дзырд.

14 Уӕларвон ӕфсад урс бӕхтыл цыдысты Йӕ фӕдыл, гӕн хъуымацӕй дарӕсы — урс-урсид ӕмӕ сыгъдӕг.

15 Йӕ дзыхӕй зынди цыргъ цирхъ адӕмты цӕгъдынӕн. Уый сӕ хиздзӕнис ӕфсӕн лӕдзӕгӕй; сӕндуцӕны Йӕ къӕхтӕй лӕмары сӕнӕфсир — Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр фыдӕхы сӕн.

16 Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ фарсыл фыст ис Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау».

17 Ӕз федтон, хурыл чи лӕууыд, уыцы зӕды. Уӕлиӕутты цы мӕргътӕ тахтысты, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр зӕд ныхъхъӕр кодта: «Ратӕхут, ӕрӕмбырд ут Хуыцауы стыр куывдмӕ!

18 Бахӕрут паддзӕхты мӕрдтӕ, ӕфсӕддон разамонджыты мӕрдтӕ, тыхджынты мӕрдтӕ, бӕхты ӕмӕ барджыты мӕрдтӕ, ӕппӕт сӕрибар ӕмӕ цагъар, хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд адӕмы мӕрдтӕ!»

19 Ӕз федтон сырды ӕмӕ зӕххон паддзӕхты се ’фсӕдтимӕ. Уыдон ӕрӕмбырд сты Барӕджы ӕмӕ Йе ’фсады ныхмӕ хӕцынмӕ.

20 Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.

21 Иннӕтӕ та цагъды фесты, Барӕджы дзыхӕй цы цирхъ зынди, уымӕй, ӕмӕ мӕргътӕ иууылдӕр бафсӕстысты сӕ мӕрдтӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan