Ӕргомад 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстВавилон бабын уыдзӕн 1 Уый фӕстӕ ӕз уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ федтон, стыр бартӕ кӕмӕ уыд, ахӕм ӕндӕр зӕды. Зӕхх ныррухс ис йӕ кадӕй. 2 Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын ис, бабын стыр Вавилон ӕмӕ сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат, алы ӕнӕзӕгъинагӕн, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат. Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй Хуыцауы фыдӕх баййӕфта ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн бадардта уыцы фыдӕхы сӕнӕй. 3 Зӕххон паддзӕхтӕ хъахбай митӕ кодтой йемӕ, зӕххон сӕудӕджертӕ схъӕздыг сты йӕ бирӕ исбонӕй». 4 Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат. 5 Уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ схӕццӕ сты уӕларвмӕ, Хуыцауӕй нӕ ферох сты йӕ фыдракӕндтӕ. 6 Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут. Цытӕ фӕкодта, уыдӕттӕ йын бафидут дывӕрӕй. Сӕн-иу цы кӕхцы ныккодта, уым ын дыууӕ хатты карздӕр сӕн ӕркӕнут. 7 Цас хъал уыд ӕмӕ цас парахатӕй царди, уыйас ын бавзарын кӕнут хъизӕмар ӕмӕ маст. Уымӕн ӕмӕ хинымӕр зӕгъы: „Ӕз ус-паддзахау бадын, ӕз идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ маст нӕ бавзардзынӕн!“ 8 Уый тыххӕй йӕ иунӕг бонмӕ баййафдзысты рынтӕ, мӕлӕт, маст ӕмӕ стонг рӕстӕг, ӕмӕ арты басудздзӕн. Уымӕн ӕмӕ тыхджын у, тӕрхон ын Чи рахаста, уыцы Бардарӕг Хуыцау». 9 Йемӕ хъахбай митӕ ӕмӕ хъалцард чи кодта, уыцы зӕххон паддзӕхтӕ йын йӕ арты фӕздӕг куы феной, уӕд ыл ныккӕудзысты ӕмӕ ныдздзыназдзысты. 10 Йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ, стыр тасы бацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, стыр сахар, Вавилоны тыхджын сахар! Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ ӕрцыди дӕ азар!» 11 Кӕуынц ӕмӕ йыл дзыназынц зӕххон сӕудӕджертӕ, уымӕн ӕмӕ сын ничиуал ӕлхӕны сӕ уӕййӕгтӕ: 12 сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дзауматӕ, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ дзындзытӕ; лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымӕцтӕ, сырх, сӕнт сырх ӕмӕ зӕлдаг уӕфтӕгтӕ, алыхуызон хӕрздӕф хъӕдӕрмӕг; пылыстӕг, зынаргъ хъӕдӕрмӕг, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг ӕмӕ мраморӕй конд алы дзауматӕ; 13 корицӕ, хъацӕнтӕ, буд ӕмӕ миррӕ, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой, ссад ӕмӕ мӕнӕу, стуртӕ ӕмӕ фыстӕ, бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ, цагъартӕ — адӕймаджы буӕрттӕ ӕмӕ удтӕ. 14 «Дӕ зӕрдӕйӕн адджын цы уыд, уымӕй ӕнӕхай фӕдӕ. Де ’ппӕт мулк, цӕхӕртӕкалгӕ исбон фесӕфтысты иууылдӕр, нал сӕ ссардзынӕ». 15 Ӕппӕт уыдӕттӕй сӕудӕджер чи кодта ӕмӕ йӕ фӕрцы чи схъӕздыг ис, уыдон дӕрддзӕф лӕудзысты, — стыр тас сыл бахӕцдзӕн, йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ. Кӕудзысты ӕмӕ дзыназдзысты: 16 «Додойаг фӕдӕ, додойаг, гӕн хъуымацӕй, сырх ӕмӕ сӕнт сырх уӕфтӕгтӕй дарӕс кӕуыл ис, сыгъзӕринӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ дзындзытӕй фӕлыст чи у, уыцы стыр сахар! 17 Уымӕн ӕмӕ ахӕм мулк фесӕфтис иунӕг сахатмӕ!» Науты хистӕртӕ ӕмӕ бӕлццӕттӕ иууылдӕр, наудзогтӕ, денджызыл цӕуӕг ӕппӕт сӕудӕджертӕ лӕууынц дӕрддзӕф, 18 уынынц ын йӕ арты фӕздӕг ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Ацы стыр сахарӕн ӕмбал нӕй!» 19 Сӕ сӕртыл зӕрынц рыг, хъӕр кӕнынц, кӕуынц ӕмӕ дзыназынц: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, денджызы наутӕ кӕмӕ ис, уыдон иууылдӕр кӕй исбонӕй схъӕздыг сты, уыцы стыр сахар! Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ бацарӕфтыд дӕ!» 20 Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау. 21 Иу тыхджын зӕд систа куыройы фыды йас стыр дур, нывзылдта йӕ денджызмӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ дӕлӕмӕ ныххаудзӕн Вавилоны стыр сахар ӕмӕ нал уыдзӕн. 22 Нал фехъусдзынӕ фӕндырдзӕгъдджыты ӕмӕ зарӕггӕнджыты, уадындзтӕ ӕмӕ сыкъауадындзтыл цӕгъдджыты; нал дӕм уыдзӕн иу ӕрмдӕсны дӕр, нал дӕ хъуысдзӕн куыройы фыдты уынӕр; 23 нал дын ссудздзысты дӕ рухсгӕнӕнтӕ, нал дӕ хъуысдзӕн усгур лӕппу ӕмӕ чындздзон чызджы хъӕлӕс. Дӕ сӕудӕджертӕ дунейы гуыппырсартӕ уыдысты, дӕ кӕлӕнтӕй ӕппӕт адӕмты асайдтай. 24 Ацы сахары ныккалди пехуымпарты ӕмӕ сыгъдӕджыты, зӕххыл кӕйдӕриддӕр амардӕуыд, ӕппӕт уыдоны туг». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia