Ӕргомад 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуыцауы авд рыны 1 Кувӕндонӕй мӕм райхъуыст, авд зӕдӕн хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Марадз, Хуыцауы фыдӕхы авд кӕхцы акалут зӕхмӕ!» 2 Ацыд фыццаг зӕд ӕмӕ йӕ кӕхц ракалдта зӕхмӕ, ӕмӕ, сырды нысан кӕуыл уыд ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыцы адӕмыл фӕзынд ӕвирхъау риссаг хӕфдзӕстытӕ. 3 Дыккаг зӕд йӕ кӕхц ракалдта денджызыл. Ӕмӕ денджыз сси мард адӕймаджы туджы хуызӕн, ӕмӕ дзы удӕгасӕй ницыуал баззад. 4 Ӕртыккаг зӕд йӕ кӕхц ракалдта цӕугӕдӕттыл ӕмӕ суадӕттыл, ӕмӕ туг фестадысты. 5 Ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дӕттыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕды хъӕлӕс: «Раст дӕ Ды, Чи ис ӕмӕ Чи уыди, уыцы сыгъдӕг Хуыцау, уымӕн ӕмӕ Ды ахӕм тӕрхон рахастай. 6 Уыдон сыгъдӕджытӕ ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды туг бануазын кодтай — уый аккаг сты». 7 Нывондхӕссӕнӕй мӕм райхъуыст: «О Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Дӕ тӕрхӕттӕ!» 8 Цыппӕрӕм зӕд йӕ кӕхц бакалдта хурыл, ӕмӕ хурӕн лӕвӕрд ӕрцыд адӕмы йӕ тӕвдӕй судзыны бар. 9 Адӕм тыхджын ӕнтӕфӕй тыхстысты ӕмӕ ӕлгъыстой Хуыцауы ном — ацы рынтыл Кӕй бар цыди, Уый ном. Фӕсмон сӕм не ’рцыд, ӕмӕ Йын кад не скодтой. 10 Фӕндзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта сырды бадӕныл, ӕмӕ йӕ паддзахад баталынг. Адӕм фырхъизӕмарӕй се ’взӕгтыл сӕ дӕндӕгтӕй хӕцын райдыдтой, 11 сӕ хъизӕмары ӕмӕ сӕ хӕфдзӕстыты тыххӕй ӕлгъыстой Уӕларвон Хуыцауы, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтыл не ’рфӕсмон кодтой. 12 Ӕхсӕзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта Евфраты стыр цӕугӕдоныл, ӕмӕ дзы дон нал баззад — афтӕмӕй паддзӕхтӕн скӕсӕнӕй фӕндаг байгом ис. 13 Ӕмӕ залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнгпехуымпары дзыхӕй ӕз рацӕугӕ федтон, галхӕфсыты хуызӕн чи уыд, ахӕм ӕртӕ ӕнӕзӕгъинаджы, — 14 диссӕгтӕ чи ӕвдисы, уыцы дӕлимонты. Уыдон рацыдысты ӕппӕт дунейы паддзӕхтӕм, цӕмӕй сӕ тохмӕ ӕрӕмбырд кӕной Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр бонмӕ. 15 «Мӕнӕ фӕцӕуын хуыснӕгау. Тӕхудиаг у, ӕдзух цӕттӕ чи у, бӕгънӕгӕй куыд нӕ цӕуа ӕмӕ йын йӕ худинаг куыд мачи фена, йӕ дарӕс афтӕ сыгъдӕгӕй чи дары, уыцы адӕймаг». 16 Ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдӕм. 17 Ӕвдӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта уӕлдӕфмӕ, ӕмӕ Кувӕндонӕй, паддзахы бадӕнӕй, райхъуысти хъӕрӕй дзурӕг хъӕлӕс: «Сӕххӕст!» 18 Арв цӕхӕртӕ калдта, ныггыбар-гыбур кодта, ӕмӕ зӕхх нынкъуысти. Зӕххыл адӕймаг куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ ахӕм зӕххӕнкъуыст никуыма уыди. 19 Стыр сахар ӕртӕ дихы фӕци, ӕмӕ муртаттӕгты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон, ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй. 20 Сакъадӕхтӕ цыдӕр ӕрбаисты, хӕхтӕ дӕр фӕтары сты. 21 Адӕмыл арвӕй ныууарыди таланты ӕмуӕз их; ӕмӕ адӕм ихрыны тыххӕй Хуыцауы ӕлгъыстой, уымӕн ӕмӕ сӕ уыцы рын хъизӕмарӕй мардта. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia