Ӕргомад 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАвд зӕды ӕмӕ авд рыны 1 Ӕз арвыл федтон ноджы ма иу стыр ӕмӕ ӕмбисонды ӕвдисӕйнаг — авд зӕды фӕстаг авд бӕллӕхимӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоныл Хуыцауы фыдӕх фӕуыдзӕн. 2 Ӕмӕ ӕз федтон артимӕ хӕццӕ авджын денджызау цыдӕр. Сырдыл, йӕ сурӕтыл, йӕ номы нымӕцыл чи фӕтых, уыцы адӕм Хуыцауы фӕндыртимӕ лӕууынц авджын денджызыл 3 ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, адӕмты Паддзах! 4 Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, Дунедарӕг, чи не скӕндзӕн кад Дӕ номӕн? Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ. Ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ Дӕм кувдзысты, уымӕн ӕмӕ раргом сты Дӕ раст тӕрхӕттӕ». 5 Уый фӕстӕ ӕз федтон: уӕларвы байгом ис Кувӕндон — Сыгъдӕг Цатыр. 6 Гӕн хъуымацӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕрттивгӕ дарӕсы, сӕ риутыл сыгъзӕрин рӕттӕ, афтӕмӕй Кувӕндонӕй рацыдысты авд зӕды — авд рынимӕ. 7 Цыппар уӕларвон удгоймагӕй иу ацы авд зӕдмӕ радта авд сыгъзӕрин кӕхцы, уыдон та йемыдзаг уыдысты, мыггагӕй-мыггагмӕ цардӕгас Чи у, уыцы Хуыцауы фыдӕхӕй. 8 Кувӕндон байдзаг ис Хуыцауы кад ӕмӕ тыхы фӕздӕгӕй, ӕмӕ Кувӕндонмӕ бацӕуын никӕй бон уыдис, цалынмӕ авд зӕдӕн сӕ авд рыны фӕуой, уӕдмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia