Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕргомад 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ног зарӕг Сионы хохыл

1 Ӕз федтон: мӕнӕ Сионы хохыл лӕууы Уӕрыкк; Йемӕ сты, Йӕ ном ӕмӕ Йӕ Фыды ном йӕ тӕрныхыл фыст кӕмӕн у, уыцы 144 000 адӕймаджы.

2 Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс. Ӕз кӕй фехъуыстон, уыцы хъӕлӕс уыди, фӕндырдзӕгъдджытӕ цыма сӕ фӕндыртӕй цагътой, уый хуызӕн.

3 Уыдон паддзахы бадӕны раз, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры раз зарынц ног зарӕг. Зӕххон адӕмы ’хсӕнӕй цы 144 000 адӕймаджы балхӕдӕуыд, уыдоны йеддӕмӕ уыцы зарӕг сахуыр кӕнын никӕй бон уыди.

4 Уыдон сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой сылгоймӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы хъӕстӕ нӕ фесты. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц Йӕ фӕдыл. Уыдоны балхӕдӕуыд адӕмы ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн снывонд чындӕуыд хоры сӕрау.

5 Сӕ дзыхӕй мӕнг ныхас нӕ рацыд, сты ӕнӕфау.


Ӕртӕ зӕды

6 Уый фӕстӕ ӕз федтон ӕндӕр зӕды арвы бӕрзӕндты тӕхгӕ. Уыдис ӕм мыггагмӕйы Фарны Уац зӕххон цӕрджытӕн, цӕмӕй йӕ хъусын кӕна алы знӕм ӕмӕ алы мыггагӕн, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмыхаттӕн.

7 Зӕд хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ Йын кад скӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тӕрхоны рӕстӕг. Бакувут арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ донгуырӕнтӕ Сфӕлдисӕгмӕ».

8 Фыццаг зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд ӕмӕ дзырдта: «Бабын, бабын стыр Вавилон! Йӕ хъахбайдзинады тыххӕй йӕ баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн».

9 Дыууӕ зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕртыккаг зӕд дӕр ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йӕ тӕрныхыл кӕнӕ йӕ къухыл нысан чи сӕвӕрдта,

10 уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕни сондон арты.

11 Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йын йӕ номы нысан чи сӕвӕрдта, уыдонӕн сӕ хъизӕмарӕй марӕг арты фӕздӕг цӕудзӕни мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ зондзысты».

12 Уӕдӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойыл иузӕрдион чи у, уыцы сыгъдӕджытӕ хъуамӕ уой фӕразон.

13 Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». — «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, — зӕгъы Уд, — уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл».


Хуымгӕрдӕн афон зӕххыл

14 Ӕз скастӕн ӕмӕ федтон урс ӕврагъ ӕмӕ ӕврагъыл — Чидӕр, адӕймаджы хуызӕн. Йӕ сӕрыл — сыгъзӕрин кады худ, Йӕ къухы — цыргъ ӕхсырф.

15 Ноджы ма иу зӕд рацыди Кувӕндонӕй ӕмӕ ӕврагъыл Бадӕгӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз Де ’хсырф ӕмӕ хуым ӕркӕрд, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд хуымгӕрдӕн — зӕххы хуымтӕ сцӕттӕ сты».

16 Уӕд ӕврагъыл Бадӕг Йе ’хсырф рауагъта зӕххыл ӕмӕ йӕ ӕркарста.

17 Уӕларвон Кувӕндонӕй рацыд ӕндӕр зӕд; уымӕ дӕр уыди цыргъ ӕхсырф.

18 Ноджы ма иу зӕд, артыл кӕй бар цӕуы, уый рацыди нывондхӕссӕнӕй ӕмӕ, цыргъ ӕхсырф кӕмӕ уыди, уыцы зӕдӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз дӕ цыргъ ӕхсырф ӕмӕ зӕххы сӕнӕфсирӕн йӕ цупӕлттӕ ӕрлыг кӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ гагатӕ срӕгъӕд сты».

19 Зӕд йе ’хсырф зӕххыл фехста, сӕнӕфсиры цупӕлттӕ ӕрлыг кодта ӕмӕ сӕ ныппӕрста Хуыцауы фыдӕхы стыр сӕндуцӕны.

20 Ӕмӕ сӕнӕфсиры гагатӕ лӕмӕрст ӕрцыдысты, фӕссахар цы сӕндуцӕн уыд, уым; сӕндуцӕнӕй туг ракалд ӕмӕ хӕрдмӕ бӕхы рохты онг фӕцыди, йӕ дӕргъ та анхъӕвзта мин ӕхсӕзсӕдӕ стадийы онг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan