Ӕргомад 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДыууӕ сырды 1 Ӕз лӕууыдтӕн денджызы был змисыл ӕмӕ федтон денджызӕй рацӕйцӕугӕ сырды. Уыдис ын дӕс сыкъайы ӕмӕ авд сӕры; йӕ сыкъатыл уыди дӕс кады худы, йӕ сӕртыл та — Хуыцауы фауӕн нӕмттӕ. 2 Кӕй федтон, уыцы сырд уыди фыранчы хуызӕн, йӕ дзӕмбытӕ — арсы дзӕмбытау, йӕ дзых — домбайы дзыхау. Залиаг калм ын радта йӕ тых, йӕ паддзахы бынат ӕмӕ стыр бартӕ. 3 Йӕ сӕртӕй иу мӕлӕтдзаг цӕфы хуызӕнӕй зынди, фӕлӕ уыцы мӕлӕтдзаг цӕф байгас. Ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ дис кодтой сырдыл, ацыдысты йӕ фӕдыл ӕмӕ бакуывтой залиаг калмӕн, сырдӕн бартӕ кӕй радта, уый тыххӕй. 4 Бакуывтой сырдӕн дӕр ӕмӕ дзырдтой: «Ацы сырдӕн ӕмбал нӕй, кӕй бон бауыдзӕн йемӕ тохы бацӕуын!» 5 Сырдӕн лӕвӕрд ӕрцыд ӕвзаг схъӕл ныхӕстӕ кӕнынӕн ӕмӕ Хуыцауы фауынӕн, лӕвӕрд ын ӕрцыди дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы дӕргъы ӕлдариуӕг кӕныны бар. 6 Сырд байгом кодта йӕ дзых Хуыцауы рафауынмӕ, фаудта Йын Йӕ ном, Йӕ цӕрӕн бынат ӕмӕ уӕларвон цӕрджыты. 7 Лӕвӕрд ын уыди сыгъдӕджытимӕ схӕцыны ӕмӕ уыдоны басӕттыны тых. Ноджы ма йын лӕвӕрд ӕрцыд алы мыггаг ӕмӕ адӕмыл, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмыхаттыл ӕлдариуӕг кӕныны бар. 8 Ӕмӕ йӕм бакувдзысты, дуне сфӕлдисыны размӕ нывондӕн нысангонд Чи ӕрцыд, уыцы Уӕрыкмӕ царды чиныджы сӕ нӕмттӕ фыст кӕмӕн не сты, уыцы зӕххон цӕрджытӕ иууылдӕр. 9 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд. 10 Уацары цӕугӕ кӕмӕн у, уый ацӕудзӕн уацары. Кардӕй амӕлгӕ кӕмӕн у, уый амӕлдзӕни кардӕй. Уый афтӕ амоны: сыгъдӕджытӕ хъуамӕ уой фӕразон ӕмӕ иузӕрдион. Дыккаг сырд рацыди зӕххӕй 11 Ӕз федтон ӕндӕр сырды зӕххӕй рацӕйцӕугӕ. Уыдис ын уӕрыччы сыкъаты хуызӕн дыууӕ сыкъайы ӕмӕ дзырдта залиаг калмау. 12 Уый фыццаг сырды номӕй архайы, фыццаг сырдмӕ цы бартӕ ис, ахӕм бартимӕ, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты кувын кӕны, йӕ мӕлӕтдзаг цӕф кӕмӕн байгас, уыцы сырдмӕ. 13 Ӕвдисы стыр диссӕгтӕ, адӕмы цӕсты раз арвӕй зӕхмӕ ӕруадзы арт. 14 Фыццаг сырды номӕй йын цы диссӕгтӕ ӕвдисыны бар лӕвӕрд ӕрцыд, уыдонӕй фӕливы зӕххон цӕрджыты, дзуры сын, цӕмӕй, кардӕй цӕф чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас чи у, уыцы сырды кадӕн саразой йӕ сурӕт. 15 Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыди фыццаг сырды сурӕты цард бауадзыны тых, сырды сурӕт дзыхӕй куыд сдзура ӕмӕ йӕм чи нӕ кувы, уыдонӕн се ’ппӕты дӕр куыд марын кӕна, афтӕ. 16 Дыккаг сырд домдзӕн, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр — хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ номдзыдтӕн, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн, сӕрибартӕ ӕмӕ цагъартӕн — йӕ рахиз къухыл кӕнӕ тӕрныхыл ӕвӕрд ӕрцӕуа нысан. 17 Уыцы нысан у сырды ном кӕнӕ сырды ном ӕвдисӕг нымӕц. Уый кӕуыл уа, уыдоны йеддӕмӕ нӕдӕр ӕлхӕныны, нӕдӕр уӕй кӕныны бар искӕмӕн уыдзӕн. 18 Ам уӕлзонд хъӕуы. Зонд кӕмӕ ис, уый раиртасӕд сырды нымӕц, уымӕн ӕмӕ уый ӕвдисы адӕймаджы ном. Уыцы нымӕц у ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia