Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕргомад 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сылгоймаг ӕмӕ залым

1 Ӕмӕ арвыл фӕзынди стыр ӕвдисӕйнаг: йӕ дарӕс хурӕй кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймаг. Йӕ къӕхты бын — мӕй, йӕ сӕрыл — кады худ дыууадӕс стъалыйӕ.

2 Уый уыди сывӕрджын ӕмӕ хъӕр кодта фыр рыстӕй, уымӕн ӕмӕ ралӕууыдысты йӕ арыны хъизӕмӕрттӕ.

3 Арвыл фӕзынд ӕндӕр бӕлвырд нысан дӕр: ӕртхуыз стыр залым — авд сӕры ӕмӕ йын дӕс сыкъайы, йӕ сӕртыл — авд кады худы.

4 Уый йӕ къӕдзилӕй расӕрфта стъалыты ӕртыццаг хай арвӕй ӕмӕ сӕ ӕркалдта зӕхмӕ. Залым лӕууыди арӕг сылгоймаджы уӕлхъус, цӕмӕй йын йӕ сывӕллоны, куыддӕр ӕй ныййара, афтӕ аныхъуыра.

5 Сылгоймаг ныййардта, ӕппӕт адӕмты ӕфсӕн лӕдзӕгӕй чи хиздзӕн, ахӕм лӕппу. Ӕмӕ сывӕллон ист ӕрцыд Хуыцаумӕ, Хуыцауы паддзахы бадӕн кӕм ис, уырдӕм.

6 Сылгоймаг та алыгъд ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Хуыцау ын бынат кӕм ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм, уым ын мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны куыд лӕггад кӕной, афтӕ.

7 Ӕмӕ уӕларвы уыди хӕст — Михаел ӕмӕ йӕ зӕдтӕ хӕцыдысты залымимӕ, залым ӕмӕ йӕ зӕдтӕ дӕр хӕцыдысты сӕ ныхмӕ,

8 фӕлӕ сыл нӕ фӕуӕлахиз сты, ӕмӕ сын уӕларвы бынат нал уыд.

9 Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.

10 Уӕд ӕз фехъуыстон, уӕлӕрвты хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ныр нӕ Хуыцау ирвӕзындзинад ӕрхаста, ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тыхы ӕмӕ паддзахиуӕгады, Йӕ Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ раппӕрстӕуыд не ’фсымӕртыл цъыфкалӕджы, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз цъыф чи калдта, уый.

11 Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады ныхасӕй, кастысты мӕлӕты дзыхмӕ, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.

12 Уӕдӕ райут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ! Додой сӕ сӕр кӕны зӕхх ӕмӕ денджызӕн! Ӕрхызти уӕм хӕйрӕг мӕстӕлгъӕдӕй, бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал ис, уый зонгӕйӕ!»

13 Зӕхмӕ йӕ кӕй раппӕрстӕуыд, залым уый куы бамбӕрста, уӕд зилын райдыдта, лӕппу кӕмӕн райгуырд, уыцы сылгоймаджы фӕдыл.

14 Уӕд сылгоймагӕн лӕвӕрд ӕрцыд стыр цӕргӕсы дыууӕ базыры, ӕдзӕрӕг быдыры йын цы бынат уыди, уырдӕм калмӕй бамбӕхсыны тыххӕй атӕхынӕн, цӕмӕй йын уым лӕггад кӕной рӕстӕджы, рӕстӕджыты ӕмӕ рӕстӕджы ӕмбисы дӕргъы.

15 Сылгоймаджы фӕдыл калм йӕ комӕй рауагъта цӕугӕдон, куыд ӕй аласа, афтӕ.

16 Фӕлӕ зӕхх баххуыс кодта сылгоймагӕн — байтыгъта йӕ ком ӕмӕ аныхъуырдта, залиаг калм йӕ дзыхӕй цы цӕугӕдон рауагъта, уый.

17 Залым смӕсты ис сылгоймагмӕ ӕмӕ ацыди, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн чи лӕууы, сылгоймаджы уыцы иннӕ цотимӕ схӕцынмӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan