Ӕргомад 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДыууӕ ӕвдисӕны 1 Радтой мӕм барӕн хъилы хуызӕн лӕдзӕг ӕмӕ мын загътой: «Марадз, сбар Хуыцауы Кувӕндон ӕмӕ нывондхӕссӕн ӕмӕ банымай, чи дзы кувы, уыдоны нымӕц. 2 Кувӕндоны ӕддаг кӕрт та ныууадз, ма йӕ сбар, уымӕн ӕмӕ муртаттӕгтӕн лӕвӕрд у: уыдон сыгъдӕг сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы. 3 Арвитдзынӕн Мӕ дыууӕ ӕвдисӕны, ӕмӕ уыдон сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕндзысты, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кӕндзысты мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны». 4 Уыдон сты, ӕппӕт зӕххы Бардарӕджы раз чи лӕууы, уыцы дыууӕ оливӕ бӕласы ӕмӕ дыууӕ цырагъдарӕны. 5 Искӕй уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын куы бафӕнда, уӕд сӕ комӕй рацӕудзӕн арт ӕмӕ сын се знӕгты аныхъуырдзӕн. Афтӕ амӕлдзӕн, уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын кӕй бафӕнда, уый. 6 Уыдонӕн ис лӕвӕрд арвы дуӕрттӕ сӕхгӕныны бар, цӕмӕй сӕ пехуымпариуӕджы рӕстӕг къӕвда ма уа. Куы сӕ бафӕнда, уӕд сӕм ис дӕттӕ туг фестын кӕныны ӕмӕ зӕххыл алы рын бафтауыны тых. 7 Се ’вдисӕнад куы фӕуой, уӕд семӕ стох кӕндзӕн дӕлдзӕхӕй рацӕуӕг сырд, фӕтых сыл уыдзӕн ӕмӕ сӕ амардзӕн. 8 Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты, сӕ Бардарӕджы сын кӕм байтыгътой, фӕсномыгӕй Содом ӕмӕ Мысыр кӕй хонынц, уыцы стыр сахары уынджы. 9 Сӕ мӕрдтӕм сын ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕг кӕсдзысты адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, ӕвзӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй бирӕтӕ ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ зӕппадзы бавӕрын нӕ бауадздзысты. 10 Зӕххыл цӕрджытӕн уый уыдзӕн цины бӕрӕгбон, кӕрӕдзийӕн ӕрвитдзысты лӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыцы дыууӕ пехуымпары уыдысты удхары хос. 11 Фӕлӕ сӕ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ Хуыцау бауагъта цард, ӕмӕ слӕууыдысты сӕ къӕхтыл. Чи сӕ федта, уыдон баисты стыр тасы амӕттаг. 12 Сӕ дыууӕ дӕр фехъуыстой, уӕларвӕй сын хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ссӕут ардӕм». Уыдон ӕврагъы фӕцыдысты уӕларвмӕ, ӕмӕ уый федтой се знӕгтӕ. 13 Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас, ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн. 14 Дыккаг бӕллӕх ахицӕн. Рӕхджы ӕрбахӕццӕ уыдзӕн ӕртыккаг бӕллӕх. Ӕвдӕм сыкъауадындз 15 Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм». 16 Хуыцауы раз сӕ паддзахы бадӕнты бадӕг цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ скуывтой Хуыцаумӕ: 17 «Ды Дӕхимӕ ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй райстай ӕмӕ Паддзах кӕй сдӕ, уый тыххӕй арфӕ кӕнӕм Дӕуӕн, Дунедарӕг, Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцау, Чи ис ӕмӕ Чи уыди, Уый. 18 Муртаттӕгты маст рафыхт, ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар, мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны, Дӕ цагъар пехуымпартӕн, сыгъдӕджытӕн, Дӕуӕй тӕрсджытӕн — хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн — фиддон раттыны, бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг». 19 Ӕмӕ уӕларвы байгом ис Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынди Йӕ Фидыды Чырын. Арв нырттывта, ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ стыр их ныууарыд. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia