Ӕргомад 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЗӕд чиныгимӕ 1 Ӕз федтон ӕндӕр хъомысджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ дарӕс уыдис ӕврагъ, йӕ сӕрмӕ — арвӕрдын, йӕ цӕсгом — хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ — судзгӕ цӕджындзтау. 2 Йӕ къухы уыди гыццыл чиныг гомӕй. Уыцы зӕд йӕ рахиз къах ӕрӕвӕрдта денджызыл, галиу къах та — зӕххыл 3 ӕмӕ ныхъхъӕр кодта, домбай куыд фембухы, афтӕ. Куы ныхъхъӕр кодта, уӕд ын дзуапп радтой авд ӕрвнӕрды. 4 Авд ӕрвнӕрды дзуапп куы радтой, уӕд ӕз хъуамӕ бавнӕлдтаин фыссынмӕ. Фӕлӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Авд ӕрвнӕрды цы загътой, уый басусӕг кӕн, ма йӕ ныффысс». 5 Денджызыл ӕмӕ зӕххыл лӕугӕ кӕй федтон, уыцы зӕд йӕ рахиз къух уӕларвмӕ сдардта 6 ӕмӕ расомы кодта, мыггагӕй-мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕй — арв ӕмӕ, арвыл цы ис, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цы ис, денджыз ӕмӕ, денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ Сфӕлдисӕгӕй: «Ӕрцӕуинаг цы у, уый нӕ бафӕстиат уыдзӕн». 7 Ӕвдӕм зӕдӕн сыкъауадындзӕй уасыны рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд сӕххӕст уыдзӕн Хуыцауы сусӕг фӕндон — Йӕ цагъар пехуымпартӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ. 8 Уӕларвӕй мӕм цы хъӕлӕс ӕрыхъуыст, уый мын ноджыдӕр загъта: «Цу ӕмӕ, денджыз ӕмӕ зӕххыл цы зӕд лӕууы, уый къухӕй гом чиныг райс». 9 Ӕз бацыдтӕн зӕдмӕ ӕмӕ йын загътон: «Ратт мын уыцы чиныг». Уый мын загъта: «Айс ӕй ӕмӕ йӕ бахӕр. Дӕ хуылф дын смаст кӕндзӕн, дӕ дзыхы та мыдау адджын уыдзӕн». 10 Ӕз зӕды къухӕй чиныг райстон ӕмӕ йӕ бахордтон. Ӕмӕ мӕ дзыхы мыдау уыди адджын; куы йӕ бахордтон, уӕд та дзы мӕ хуылф смаст ис. 11 Ӕмӕ мын загъдӕуыд: «Ды та бирӕ адӕмтӕ, знӕмтӕ, ӕвзӕгтӕ ӕмӕ паддзӕхты тыххӕй хъуамӕ ногӕй пехуымпар ныхас зӕгъай». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia