Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕргомад 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ацы чиныг у Йесо Чырыстийы ӕргомад — уый Йын рардӕуыди Хуыцауӕй, цӕмӕй Йӕ цагъартӕн раргом кӕна, рӕхджы цы уыдзӕнис, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо Йӕ зӕды фӕрцы равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн.

2 Ӕмӕ Иоанн, цы федта, уыдон иууылдӕр фехъусын кодта. Афтӕмӕй уый ӕвдисӕн ныллӕууыд Хуыцауы ныхасӕн ӕмӕ радзырдта Йесо Чырыстийы тыххӕй.

3 Тӕхудиаг сты, ацы пехуымпар ныхӕстӕ чи кӕсы ӕмӕ сӕм чи хъусы, цы фыст дзы ис, уыдӕттӕ кӕмӕ хъарынц, уыдон, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс.


Саламтӕ — авд аргъуанӕн

4 Иоаннӕй — Азийы авд аргъуанмӕ: хорзӕх ӕмӕ уын фарн, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уымӕй ӕмӕ, Йӕ бадӕны раз чи ис, уыцы авд удӕй

5 ӕмӕ иузӕрдион Ӕвдисӕн Йесо Чырыстийӕ — мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ис ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Мах Чи уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ Туджы руаджы нӕ тӕригъӕдтӕй Чи фервӕзын кодта,

6 паддзӕхтӕ ӕмӕ нӕ Йӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Фыдӕн лӕггадгӕнджытӕ Чи скодта, Уымӕн кад ӕмӕ Паддзахад уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.

7 Мӕнӕ Уый ӕврӕгътимӕ ӕрцӕуы, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныккӕудзысты зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр. Афтӕ уыдзӕн ӕцӕг! Аммен.

8 «Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ [райдиан ӕмӕ кӕрон]», — зӕгъы Бардарӕг Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый — Ӕппӕтылхӕцӕг.


Чырысти раргом ис Иоаннмӕ Патмосы сакъадахы

9 Йесойы тыххӕй уемӕ фӕразонӕй тухӕнтӕ чи ӕвзары, сымахимӕ Йӕ Паддзахады хай чи райсдзӕн, ӕз уӕ уыцы ӕфсымӕр Иоанн дӕн. Хуыцауы ныхас кӕй амыдтон ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыдтӕн, уый тыххӕй ӕз хаст уыдтӕн, Патмос кӕй хонынц, уыцы сакъадахмӕ.

10 Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ фӕстейӕ фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс, сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн: «[Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]

11 Цы уыныс, уый чиныджы ныффысс ӕмӕ йӕ арвит Азийы авд аргъуанмӕ: Эфесмӕ, Смирнӕмӕ, Пергаммӕ, Фиатирӕмӕ, Сардисмӕ, Филадельфи ӕмӕ Лаодикимӕ».

12 Ӕз акастӕн фӕстӕмӕ, чи мӕм дзуры, уый фенон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ куы акастӕн, уӕд федтон авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны,

13 ӕмӕ цыма цырагъдарӕнты хсӕн лӕууы чидӕр — Адӕймаджы фырты ӕнгӕс. Йӕ уӕлӕ — даргъ дарӕс, Йӕ гуыр — сыгъзӕрин ронӕй ӕлвӕст.

14 Йӕ сӕрыхъуынтӕ митау уыдысты урс-урсид, урс къуымбилы ӕнгӕс. Йӕ цӕстытӕ — пиллон артау.

15 Йӕ къӕхтӕ ӕрттывтой, пецы чи сзынг, ахӕм ӕрхуыйау, Йӕ хъӕлӕс та нӕрыд стыр ӕхсӕрдзӕнау.

16 Йӕ рахиз къухы — авд стъалыйы, Йӕ дзыхӕй ӕддӕмӕ зынди цыргъ дыкомыг цирхъ, Йӕ цӕсгом уыди ӕмбисбоны тӕмӕнкалгӕ хуры хуызӕн.

17 Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,

18 дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.

19 Уӕдӕ ныффысс, цы федтай, цытӕ цӕуы ӕмӕ фӕстӕдӕр цытӕ ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй.

20 Мӕ рахиз къухы кӕй уыныс, уыцы авд стъалыйы, стӕй авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны сусӕгдзинад ахӕм у: авд стъалыйы сты авд аргъуаны зӕдтӕ, авд цырагъдарӕны та — авд аргъуаны.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan