Ӕмбисӕндтӕ 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Уӕлзонд йӕхицӕн сарӕзта хӕдзар, авд цӕджындзы йын слӕгъз кодта; 2 ӕрцӕттӕ кодта дзидза, алы хъацӕнтимӕ — сӕн ӕмӕ фынгтӕ сӕвӕрдта. 3 Уый фӕстӕ йӕ унӕутты арвыста, цӕмӕй сахары уӕлвӕзтӕй хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕной: 4 «Ӕнӕхинтӕ, рацӕут ардӕм!» Ӕнӕзӕндтӕн дӕр загъта: 5 «Рацӕут, мӕ минасӕй мын бахӕрут, бануазут, хъацӕнтӕ цы сӕныл ӕркодтон, уымӕй! 6 Уе ’нӕфенд митӕ ныууадзут ӕмӕ цӕрдзыстут, зонды фӕндагыл цӕут!» 7 Ӕдзӕсгомӕн зонд чи амона, уый йӕхи сӕгад кӕндзӕн; ӕнӕхуыцауы азымджын чи кӕна, уый йӕхи фӕхудинаг кӕндзӕн. 8 Ӕдзӕсгомӕн уайдзӕфтӕ ма кӕн, науӕд ын ӕнӕуынон суыдзынӕ, куырыхонӕн бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ дӕ уарздзӕн. 9 Куырыхонӕн зонд бацамон, ӕмӕ йӕ зондыл ноджыдӕр бафтдзӕн, раст адӕймаджы сахуыр кӕн, ӕмӕ ноджы зондджындӕр суыдзӕн. 10 Хуыцауӕй тӕрсын — куырыхон зонды райдиан, Уаз Хуыцауы базонын — ӕмбаргӕ зонды ӕвдисӕн. 11 Мемӕ, Уӕлзондимӕ, дӕ царды бонтӕ фӕфылдӕр уыдзысты, дӕ азты нымӕцыл бафтдзӕнис. 12 Кӕд куырыхон дӕ, уӕд дын дӕ уӕлзонд пайда хӕссы, кӕд ӕдзӕсгом, уӕд та дӕхӕдӕг фыдӕбон бавзардзынӕ. 13 Ӕдылыдзинад у ӕнӕзонд, хъӕргӕнаг ӕмӕ ӕнӕфенд сылгоймаджы ’нгӕс. 14 Йӕ хӕдзармӕ бацӕуӕны цур, сахары уӕлвӕзтыл, къӕлӕтджыны сбады, 15 цӕмӕй, йӕ рӕзты чи цӕуы, уыдонмӕ сида: 16 «Ӕнӕхинтӕ, рацӕут ардӕм!» Ӕнӕзӕндтӕн зӕгъы: 17 «Давӕггаг дон адджындӕр у, давд кӕрдзын — бирӕ хӕрзаддӕр!» 18 Уыдон нӕ зонынц, уым мӕрдтӕ кӕй сты, уый, йӕ уазджытӕ мӕрдтыбӕстӕм кӕй бацӕуынц. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia