Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уый Уӕлзонды сидт нӕу, цымӕ? Зонды хъӕлӕс нӕ азӕлы?

2 Фӕндаджы сӕрмӕ уӕлхохыл, стӕй, фӕндаг кӕм акъабуз ис, уыцы ран слӕууы,

3 сахары кулдуары цур йе ’рдиаг хъуысы, сахармӕ бацӕуӕны раз хъӕр кӕны:

4 «О, адӕм, ӕз сымахмӕ сидын, адӕммӕ кӕнын хъӕрахст!

5 Ӕнӕхинтӕ, арфуынӕг зондыл сахуыр ут, ӕнӕзӕндтӕ, уӕ зондыл бафтаут!

6 Байхъусут мӕм, уымӕн ӕмӕ мӕ ныхас асхджиаг у, рӕстдзинад хъуысы мӕ дзыхӕй,

7 ме ’взаг хъусын кӕны ӕцӕгдзинад — ӕнаккагдзинад ме ’взагӕн ӕлгъаг у.

8 Мӕ ныхӕстӕ иууылдӕр раст сты, сайд ӕмӕ мӕнгдзинад дзы нӕй.

9 Зондджын мын мӕ ныхӕстӕ ’мбары, зонынадӕй чи схайджын ис, уый сӕ растыл нымайы.

10-11 Мӕ зондамынд уын ӕвзистӕй зынаргъдӕр суӕд, зонынадӕн сыгъзӕринӕй фылдӕр аргъ кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕлзонд налхъуыт-налмастӕй хуыздӕр у, цӕмӕ фӕбӕллынц, уыдонӕй йемӕ абарӕн дӕр ницы ис.

12 Ӕз Уӕлзонд дӕн, раст зондахаст мемӕ ис, зонынад ӕмӕ дардуынӕг зонд мӕнмӕ сты.

13 Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн фыддзинад ӕнӕуынон у. Сӕрыстыр ӕмӕ схъӕлдзырд, галиу фӕндаг ӕмӕ мӕнгӕвзаг ӕнӕуынон сты мӕнӕн.

14 Уынаффӕ ӕмӕ ӕнтыст мӕнмӕ сты; ӕз зонд дӕн, ӕмӕ хъару мемӕ ис.

15 Мӕ фӕрцы паддзӕхтӕ хицауиуӕг кӕнынц, барджын хицӕуттӕ раст тӕрхон рахӕссынц;

16 бӕстӕты хицӕуттӕ ӕмӕ ’лдӕрттӕ, дунейы ӕппӕт тӕрхоны лӕгтӕ хицауиуӕг кӕнынц мӕ фӕрцы.

17 Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.

18 Мӕнмӕ сты хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад, ӕвидигӕ фарн ӕмӕ рӕстдзинад.

19 Мӕ дыргътӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй хуыздӕр, сыгъдӕг ӕвзистӕй ӕз фылдӕр пайда ’рхӕсдзынӕн.

20 Ӕз цӕуын раст фӕндагыл, раст тӕрхоны къахвӕндӕгтыл,

21 цӕмӕй, чи мӕ уарзы, уыдонӕн аккаг хорзӕхтӕ балӕвар кӕнон, байдзаг сын кӕнон сӕ хӕзнадӕттӕ.

22 Дунедарӕг мӕн сфӕлдыста Йӕ фӕндаджы райдиан, Йе ’ппӕт хъуыддӕгты размӕ, рагзаманы.

23 Ӕз фӕзындтӕн раджы, заманты размӕ, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ.

24 Ӕз райгуырдтӕн ӕнӕбын сӕрсӕфӕнтӕ ӕмӕ денджызты разӕй;

25-26 хӕхтӕ ӕмӕ къуыбыртӕ нӕма сӕвзӕрдысты, зӕхх, быдыртӕ ӕмӕ дунейы фыццаг рыджы муртӕн сӕ кой дӕр нӕма уыди, афтӕ ӕз райгуырдтӕн.

27 Дунедарӕг уӕлӕрвтӕ куы айтыгъта, уӕд ӕз Йӕ разы уыдтӕн. Ӕнӕбын сӕрсӕфӕны сӕрмӕ зиллакк куы нывӕста,

28 уӕлейӕ куы ӕвӕрдта ӕврӕгътӕ, арф сӕрсӕфӕны — доны гуырӕнтӕ,

29 дӕттӕн сӕ бон ахизын кӕй сӕрты нӕ уыд, денджызӕн ахӕм арӕн куы скодта, зӕххӕн бындуртӕ куы ӕвӕрдта,

30 уӕд ӕз Йӕ разы нывгӕнӕг уыдтӕн, ӕрвылбоны цин Ын фестадтӕн. Ӕз цин кодтон ӕдзухдӕр Йӕ разы,

31 цин кодтон Йӕ зӕххон дунейыл, адӕмыл.

32 Уӕдӕ мӕм байхъусут, сабитӕ: мӕ фӕндӕгтӕ чи хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты!

33 Мӕ зондамындмӕ мын байхъусут ӕмӕ куырыхон суыдзыстут, уӕхи йыл ма атигъ кӕнут.

34 Чи мӕм хъусы, ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ къӕсӕрӕй чи нӕ хизы, мӕ дуарӕй мын йӕ цӕст чи нӕ исы, уый тӕхудиаг у!

35 Чи мӕ ссардта, уый схайджын ис цардӕй ӕмӕ Дунедарӕджы хорзӕх айсдзӕни.

36 Мӕ ныхмӕ чи сысты, уый та йӕхӕдӕг йӕхи сафы, ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон уарзынц мӕлӕт».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan