Ӕмбисӕндтӕ 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Мӕ лӕппу, мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ма ферох кӕн. 2 Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕрдзынӕ, мӕ зондамынд мын цӕстыгагуыйау хъахъхъӕн. 3 Де ’нгуылдзтыл сӕ къухдарӕнау дар, дӕ зӕрдӕйы тӕгтыл сӕ ныффыс. 4 Уӕлзондӕн зӕгъ: „Мӕ хо дӕ!“, зондимӕ хӕстӕгдзинад бакӕн. 5 Уыдон дӕ хъахъхъӕндзысты искӕй усӕй, моймӕдзыд сылгоймаджы рӕвдауӕн ныхӕстӕй. 6 Иу хатт мӕ хӕдзары рудзынгӕй кастӕн; згъӕрхызы уылты кӕсын, ӕмӕ 7 хуымӕтӕг адӕмы астӕу, фӕсивӕды ’хсӕн, иу ӕнӕзонд лӕппуйы бафиппайдтон. 8 Хъахбай сылгоймаг цы уынджы царди, уым хъеллау кодта, йӕ хӕдзары ’рдӕм ын фӕцӕйцыд. 9 Хур аныгуылд, изӕрмилтӕ ’рбахъуызыдысты, баталынг. 10 Уалынмӕ дын йӕ размӕ иу сылгоймаг хӕтаг сылы дарӕсы рацӕуы — 11 мӕнгард, ӕнӕнцой ӕмӕ къӕйных, йӕ бон хӕдзары бадын кӕмӕн нал у, ахӕм. 12 Куы уынгты зилы, куы фӕзты, алы тигъыл дӕр хъахъхъӕны. 13 Фӕлӕбурдта йӕм, аба йын кодта, ӕнӕфсармхуызӕй йӕм дзуры: 14 „Абон ӕз фидыды нывӕндтӕ ’рхастон, мӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кодтон. 15 Дӕ размӕ дӕр уымӕн рацыдтӕн, агуырдтон дӕ ӕмӕ дӕ ссардтон. 16 Мӕ хуыссӕныл ӕмбӕрзӕнтӕ байтыдтон, хуызджын мысыраг хъуымӕцтӕй йӕ сфӕлыстон, 17 бапырх ӕй кодтон миррӕ, алой ӕмӕ корицӕйӕ. 18 Рацу мӕм, боныцъӕхтӕм кӕрӕдзийы рӕвдаудзыстӕм, нӕ уарзты мондӕгтӕ суадздзыстӕм. 19 Мӕ лӕг хӕдзары нӕй, дард балцы ацыди. 20 Ӕвзистӕй йедзаг чыссӕ йемӕ ахаста, цалынмӕ мӕй цалхыдзаг суа, уӕдмӕ не ’рыздӕхдзӕн“. 21 Алыхуызон хинӕйдзаг митӕй йӕ асайдта, адджын ныхӕстӕй йӕ фӕрӕдийын кодта. 22 Лӕппу араст ис йӕ фӕдыл — гал ӕргӕвдӕнмӕ куыд фӕцӕйцӕуы, саг къӕппӕгмӕ куыд фезгъоры, 23 цалынмӕ фат йӕ игӕрыл нӕ сӕмбӕлы, уӕдмӕ; маргъау тӕхы ахсӕн хызмӕ, уым йӕ мӕлӕт кӕй ссардзӕн, уый нӕ зонгӕйӕ. 24 Уӕдӕ мӕм байхъусут, лӕппутӕ, мӕ ныхӕстӕм мын байхъусут лӕмбынӕг. 25 Ма бауадз дӕ зӕрдӕ йӕ фӕндагмӕ фӕзилын, йӕ цӕуӕнтыл ын хъеллау ма кӕн, 26 уымӕн ӕмӕ йӕ амӕттаг бирӕтӕ баисты, бирӕ адӕмы фесӕфта. 27 Йӕ хӕдзар — фӕндаг мӕрдтыбӕстӕм, ингӕнмӕ дӕ батӕрдзӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia