Ӕмбисӕндтӕ 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Мӕ лӕппу! Кӕд искӕй тыххӕй дӕ сӕр лыгмӕ радтай, 2 уӕд дӕ рацахста дӕхи ныхас, дӕхи ныхӕсты уацары бахаудтӕ. 3 Мӕ лӕппу, уӕдӕ дын ныр кӕд чидӕр хицау сси, уӕд, цӕмӕй дзы фервӕзай, уый тыххӕй афтӕ бакӕн: ацу, йӕ къӕхты бынмӕ йын ӕрхау, ӕнӕрӕнцойӕ йын лӕгъстӕ кӕн. 4 Дӕхицӕй хуыссӕг фӕсур, дӕ цӕстытӕ мауал бацъынд кӕн, 5 сычъийау дӕхи ратон сурджытӕй, маргъау къӕппӕгӕй ратӕх. 6 Магуса! Ацу-ма мӕлдзыгмӕ, ӕмӕ, куыд архайы, уымӕ бакӕс, йӕ уӕлзондыл ын сахуыр у. 7 Нӕдӕр ын хицау ис, нӕдӕр — цӕстдарӕг, нӕдӕр — паддзах, 8 фӕлӕ сӕрды ӕвӕрӕнтӕ скӕны, хуымгӕрдӕн афон йӕхицӕн хӕринаг ӕрцӕттӕ кӕны. 9 Зивӕггӕнаг! Кӕдмӕ хуысдзынӕ, райхъал ӕмӕ сыстын афон дын нӕма у? 10 Чысыл ма куы афынӕй уай ӕмӕ куы арӕдзӕ-мӕдзӕ кӕнай, кӕнӕ ӕгуыстӕй фылдӕр куы абадай, 11 уӕд дӕм дзӕгъӕлдзуйау фӕзындзӕнис мӕгуырдзинад, абырӕгау ӕрбацӕудзӕни гӕвз. 12 Ӕнаккаг ӕмӕ фыдгӕнӕг чи у, уымӕн мӕнг ныхас йе ’взагӕй нӕ хизы. 13 Куы йӕ цӕст ӕрныкъулы, куы йӕ къах зӕххыл ӕртъӕпп кӕны, куы та йе ’нгуылдзтӕй цыдӕртӕ амоны. 14 Йӕ зӕрдӕйы ӕдзух — мӕнгдзинад, йӕ хъуыдыты — фыдвӕндтӕ, ӕдзухдӕр тауы хъаугъатӕ. 15 Афтӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй йыл ӕвиппайды фыдбылыз ӕрцӕудзӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы фесӕфдзӕн ӕмӕ йӕ ничиуал фервӕзын кӕндзӕн. 16 Дунедарӕгӕн ӕхсӕз хъуыддаджы сты ӕнӕуынон, ӕвдӕммӕ та ӕлгъаджы цӕстӕй кӕсы: 17 хирвӕссон цӕстӕнгас, мӕнг ӕвзаг, ӕнаххосты марӕг къухтӕ, 18 фыдвӕндтӕ цы зӕрдӕйы гуырынц, уый, фыдбылыз саразынмӕ згъорӕг къӕхтӕ, 19 мӕнгдзинадӕй чи улӕфы, уыцы мӕнгӕвдисӕн ӕмӕ дыууӕ ’фсымӕры кӕрӕдзиуыл ардауӕг. 20 Мӕ лӕппу! Хъахъхъӕн дӕ фыды фӕдзӕхст, ма рох кӕн дӕ мады ныстуан. 21 Дӕ зӕрдыл сӕ дар ӕдзухдӕр, дӕ хъуыры сӕ фӕрдгуытау бакӕн. 22 Куы фӕцӕйцӕуай, уӕд дӕ размӕ кӕндзысты, куы бафынӕй кӕнай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзысты, куы-иу райхъал уай, уӕд демӕ дзурдзысты. 23 Уымӕн ӕмӕ фӕдзӕхст у цырагъ, ахуырад — рухс, зондамынд — царды фӕндаг. 24 Уыдон дӕ хъахъхъӕндзысты хъахбай сылӕй, кӕйдӕр усы мӕлгъӕвзагӕй. 25 Йӕ рӕсугъдмӕ йын ма бабӕлл дӕ зӕрдӕйы, йӕ цӕстыхауты тъӕбӕрттӕй йын ма атай. 26 Хъахбай сылы фӕдыл куы ацӕуай, уӕд къӕбӕры фаг дӕр нал кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ искӕй ус дӕ царды фӕдыл зилы. 27 Исчи йӕ роны зынг куы бавӕра, уӕд уымӕн гӕнӕн ис, цӕмӕй йӕ дарӕс ма басудза? 28 Судзгӕ ’взалытыл бӕгъӕввадӕй куы ацӕуай, уӕд дӕ къӕхтӕ нӕ басудздзынӕ? 29 Уӕдӕ искӕй усимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уый дӕр афтӕ — куы йыл бандзӕвы, уӕд ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайы. 30 Хуыснӕг, ӕрмӕст йӕ гуыбын бафсадыны тыххӕй исты куы адавы, уӕд ын карз тӕрхон нӕ фӕкӕнынц. 31 Фӕлӕ йӕ куы ’рцахсынц, уӕд, цы адавта, уый авд ахӕмӕй бафиды, йӕ хӕдзары исбон иууылдӕр лӕвӕрд ӕрцӕуы. 32 Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй, йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны. 33 Над ӕмӕ худинаг бавзардзӕн, йӕ фидиссаджы кой никуы ферох уыдзӕн. 34 Уымӕн ӕмӕ карз уыдзӕн йӕ мойы зӕрдӕхсайд, мастисӕн бон нӕ ныббардзӕн. 35 Ницавӕр фиддоныл сразы уыдзӕн, цасфӕнды лӕвӕрттӕ йын куы кӕнай, уӕддӕр разыйӕ ницӕмӕй баззайдзӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia