Ӕмбисӕндтӕ 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Мӕ лӕппу, байхъус мӕ куырыхон зондмӕ, дӕ хъус мӕм ӕрбадар, 2 цӕмӕй схайджын уай дардуынӕг зондӕй ӕмӕ дӕ дзыхӕй зонынад хъуыса. 3 Искӕй усӕн йе ’взагӕй мыд тӕдзы, йӕ ныхӕстӕ сойӕ фӕлмӕндӕр сты, 4 фӕлӕ дын фӕстӕдӕр скъӕлдзойау мастад скӕндзӕн, дыкомыг цирхъ дын фестдзӕнис. 5 Йӕ къӕхтӕ уырдыгмӕ хизынц мӕлӕтмӕ, йӕ къахдзӕфтӕ — мӕрдтыбӕстӕм арӕзт. 6 Уый царды фӕндагыл нӕ хъуыды кӕны, йӕ фӕндӕгтӕ куыд фӕлдурӕджджын сты, уый йӕхӕдӕг дӕр нӕ зоны. 7 Уӕдӕ мӕм байхъусут, лӕппутӕ, мӕ ныхӕстыл мын уӕхи ма атигъ кӕнут. 8 Дӕхи дзы хъахъхъӕн, ӕввахс ма цу йӕ къӕсӕрмӕ, 9 науӕд дӕ хъарутӕ искӕуыл фӕуыдзынӕ, дӕ царды бонтӕ ӕнауӕрдонтыл бахардз кӕндзынӕ; 10 дӕ хъаруйӕ ӕцӕгӕлӕттӕ бафсӕддзысты, дӕ фӕллӕйттӕ кӕйдӕр хӕдзармӕ ’рхаудзысты. 11-12 Дӕ царды кӕрон дӕ буар куы батайа, уӕд хъӕрздзынӕ ӕмӕ дзурдзынӕ: „Зондамынд мын ӕнӕуынон цӕмӕн уыди, уайдзӕфтыл ӕнӕввӕрсон цӕмӕн уыдтӕн? 13 Цӕуылнӕ хъуыстон мӕ ахуыргӕнджытӕм? Мӕ зондамонджытӕм мӕ хъус цӕуылнӕ ’рдардтон? 14 Иу къахдзӕф ма мӕ хъӕуы, ӕмӕ ’ппӕт адӕмы раз фӕхудинаг уыдзынӕн“. 15 Дӕхи донуаты цы дон ис ӕмӕ дӕхи цъайӕ цы дон кӕлы, уый нуаз. 16 Дӕ дӕттӕ уынгты цӕмӕн хъуамӕ акӕлой, фӕзты лӕсӕнтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕной? 17 Дӕхи уӕнт ӕрмӕстдӕр, искӕимӕ сӕ ма дих кӕн. 18 Дӕхи донгуырӕн арфӕгонд уӕд, де ’рыгон бонтӕй дын цы бинойнаг ис, ууыл цин кӕн. 19 Уарзон хъуаз, зӕрдӕйӕн адджын сычъи! Йӕ риутӕй дӕ ’фсадӕд ӕдзухдӕр, йӕ уарзтӕй йын иудадзыг расыг куыд кӕнай, афтӕ. 20 Мӕ лӕппу, цӕмӕн расыг кӕныс дӕхи искӕй усӕй, йӕ астӕуӕн ын хъӕбыстӕ цӕмӕн кӕныс? 21 Дунедарӕг адӕймагӕн йӕ алы фӕндаг дӕр уыны, йӕ алкӕцы фӕндагмӕ дӕр ын Йӕ цӕст дары. 22 Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз. 23 Зондамонӕг ын нӕ фӕцис, ӕмӕ фесӕфы, йе ’дылы зонды аххосӕй йӕ фӕндагыл адзӕгъӕл вӕййы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia