Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Байхъусут, лӕппутӕ, уӕ фыды зондамындмӕ; лӕмбынӕг хъусут, ӕмӕ уӕ зондыл бафтдзӕнис.

2 Ӕз уӕ хорз зондыл сахуыр кӕндзынӕн, ма мын ферох кӕнут мӕ фӕдзӕхст.

3 Мӕнӕн дӕр уыди фыд ӕмӕ мад, ӕз дӕр сын уыдтӕн уарзон хъӕбул, сӕ цӕсты рухс.

4 Мӕ фыд мын-иу ахӕм зонд амыдта: «Мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕр.

5 Уӕлзонды хӕзнатӕ агур, зондагурӕг зил, цы дын загътон, уыдӕттӕ ма ферох кӕн, дӕхи сыл ма атигъ кӕн.

6 Уӕлзонд рохуаты куынӕ ныууадзай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзӕн, уарзгӕ йӕ кӕн, ӕмӕ дӕ бахиздзӕн.

7 Куырыхон зонды райдиан — уӕлзонд агурӕг зилын, де ’ппӕт исбонӕй дӕр зонд балхӕн.

8 Уӕлзондӕн аргъ кӕн, ӕмӕ дӕ бӕрзонд бынатмӕ сисдзӕн, дӕ хъӕбысы йӕ бакӕн, ӕмӕ дӕ скадджын кӕндзӕн.

9 Рӕсугъд кады худ дын ӕркӕндзӕн дӕ сӕрыл, диссаджы кады худ дын балӕвар кӕндзӕн.

10 Мӕ лӕппу, байхъус мын мӕ ныхӕстӕм, дӕ зӕрдӕмӕ сӕ айс ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзынӕ.

11 Ӕз дын уӕлзонды фӕндаг бацамондзынӕн, раст фӕндагыл дӕ акӕндзынӕн.

12 Куы фӕцӕйцӕуай, уӕд дӕ цыды къуылымпы не ’ййафдзынӕ, куы азгъорай, уӕд нӕ фӕкӕлдзынӕ.

13 Зондамындыл фидар хӕц, ма йӕ ныууадз, хъахъхъӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ цард уый мидӕг ис.

14 Ӕнӕхуыцӕутты фӕндагыл ма ныллӕу, фыдгӕнджыты фӕндагыл ма ацу,

15 фӕзил дзы, ма йыл цу, аздӕх, ацу йӕ рӕзты.

16 Уыдон исты фыдбылыз куынӕ саразой, уӕд сыл ӕхсӕв хуыссӕг нӕ хӕцы, искӕмӕн знаггад куынӕ ракӕной, уӕд ӕхсӕвыгон фынӕй нӕ кӕнынц.

17 Фыдракӕндтӕй сӕхи бафсадынц дзулау, ӕмӕ тыхмитӕ сӕнау нуазынц.

18 Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;

19 ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.

20 Мӕ лӕппу! Байхъус мын мӕ ныхасмӕ, мӕ ныхӕстӕм мын байхъус лӕмбынӕг.

21 Дӕ цӕст сӕ ма ис, дӕ зӕрдӕйы сӕ арф бавӕр,

22 уымӕн ӕмӕ уыдон, чи сӕ схайджын ис, уымӕн цард дӕттынц, ӕгас буарӕн — ӕнӕниздзинад.

23 Ӕппӕт хӕзнатӕй фылдӕр дӕхи зӕрдӕ хъахъхъӕн — царды гуырӕн уый у.

24 Сайӕн ныхас ма ссӕуӕд дӕ дзыхӕй, мӕнг ныхас де ’взагӕй фӕсур.

25 Дӕ цӕстытӕй размӕ кӕс, дӕ цӕстӕнгас размӕ сараз.

26 Дӕхицӕн раст фӕндаг айгӕрд, ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыдзысты ӕдас.

27 Дӕ фӕндагыл дыууӕрдӕм ма кӕн, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan