Ӕмбисӕндтӕ 31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Массӕйы паддзах Лемуелы ныхӕстӕ, йӕ ныййарӕг мадӕй цы зондамындтыл сахуыр ис, уыдон. 2 Цы, мӕ лӕппу, мӕ зӕрдӕйы бын кӕй фӕхастон? Цы, мӕ лӕппу, мӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ мын чи райгуырд? 3 Дӕ хъарутӕ ма ратт сылгоймӕгтӕн, дӕ хъомыс — паддзӕхты чи бабын кӕны, уыдонӕн. 4 Лемуел, паддзӕхтыл нӕ фидауы сӕн нуазын, уӕздӕттыл — махсымӕйы фӕдыл зилын, 5 цӕмӕй, куы барасыг уой, уӕд ма ферох кӕной Хуыцауы ’гъдау ӕмӕ мӕгуыр адӕмы раст тӕрхонӕй ӕнӕхай ма фӕкӕной. 6 Сӕфты къахыл чи лӕууы, уымӕн бадарут махсымӕ, хъизӕмарӕй чи мӕлы, уымӕн сӕн бануазын кӕнут: 7 куы бануазой, уӕд сӕ ферох уыдзӕн сӕ мӕгуырдзинад, сӕ хъизӕмӕрттӕ сӕ зӕрдыл нал ӕрлӕудзысты. 8 Сӕ бон дзурын кӕмӕн нӕу, уыдоны сӕрыл рахӕц, ӕнӕбон чи у, уыдоны бартыл тох кӕн. 9 Рӕстдзинады сӕрыл дзур, тох кӕн, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк чи у, уыдоны сӕраппонд. 10 Хорз усы куыд ссардӕуа? Уый налхъуыт-налмастӕй зынаргъдӕр у, 11 йӕ мойы зӕрдӕ йыл фидарӕй ӕууӕнды, ӕнӕ ’фтиагӕй нӕ баззайдзӕн йемӕ, 12 цӕрӕнбонты йын ӕвзӕрӕй нӕ, фӕлӕ хорзӕй фиды. 13 Къуымбилмӕ кӕнӕ гӕн ӕндахмӕ бавнала — йӕ къухтӕ ӕнӕзивӕгӕй кусынц. 14 Сӕудӕджергӕнӕг науы хуызӕн дардӕй самал кӕны хойраг. 15 Нырма талынг вӕййы, афтӕ сысты, йӕ бинонтӕн хӕринаг скӕны, йӕ унӕутты исты куыстыл бафтауы. 16 Зӕххы хай ӕрцагуры ӕмӕ йӕ балхӕны, йӕ куыстӕй цы мызд бакусы, уымӕй сӕндон саразы. 17 Йӕ синтӕ ’рбатухы хъаруйӕ, йӕ къухты ис тых. 18 Йӕ базайрӕгтӕ хорз уӕй цӕуынц, уый фӕуыны, ӕмӕ ’хсӕвыгон дӕр йӕ цырагъ нӕ ахуыссы. 19 Йӕ къухтӕм райсы ӕлвисӕн, йе ’нгуылдзтӕ ӕлхуи уӕгъд нӕ кӕнынц. 20 Мӕгуыр лӕгӕн йӕ арм байгом кӕны, ӕххуысхъуагмӕ йӕ къух бадары. 21 Йӕ бинонтӕн митӕй тас нӕу, се ’ппӕтыл дӕр — дывӕлдах хъуымацӕй дарӕстӕ; 22 йӕхицӕн дӕр бахуыйы ӕмбӕрзӕнтӕ, гӕн ӕндахӕй уафт ӕмӕ сӕнт сырх къуымбилӕй — йӕ дарӕс. 23 Йӕ сӕрыхицауы йын сахары кулдуары цур зонынц, йӕ бӕстӕйы хистӕрты ’хсӕн фӕбады. 24 Гӕн хъуымацӕй дарӕстӕ хуыйы уӕйӕн, Ханааны сӕудӕджертӕн — астӕубостӕ. 25 Хъару ӕмӕ хорз миниуджытӕй йӕхи сфӕлынды, фидӕнмӕ кӕсы хъӕлдзӕгӕй. 26 Йӕ ныхас у куырыхон, хорз зондамынд дзы хъуысы. 27 Йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ цӕст дары, ӕвдӕлонӕй къӕбӕр нӕ хӕры. 28 Йӕ цот сыстынц ӕмӕ йӕ сыстауынц, йӕ сӕрыхицау дзы ’ппӕлынӕй не ’фсӕды: 29 «Кады аккаг сылгоймӕгтӕ бирӕ уыди, фӕлӕ ды се ’ппӕты дӕр амбылдтай!» 30 Зӕрдӕскъӕфӕн хуыз сайаг у, рӕсугъддзинад тагъд ивгъуыйы, фӕлӕ Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уыцы сылгоймаг стауыны аккаг у. 31 Ӕмбӕлгӕ хӕрзиуӕг ын раттут, сахары кулдуары раз ӕй сыстаут! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia