Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йакейы фырт Агуры, Массайы байзӕддаджы, ныхӕстӕ. Мӕнӕ цы радзырдта уыцы адӕймаг Итиел, уымӕн йе ’мном Итиел ӕмӕ Ухалӕн.

2 Адӕмы ’хсӕн нӕй мӕнӕй ӕнӕфенддӕр, адӕймаджы зонд мӕм нӕй.

3 Ӕз нӕ сахуыр дӕн уӕлзондыл, уаз зонынадӕй хайджын нӕ дӕн.

4 Чи ссыди уӕларвмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ’рцыди? Чи баурӕдта дымгӕ йӕ армы? Уӕлӕфтауы мидӕг дон чи батыхта? Зӕххӕн арӕнтӕ чи скодта? Куыд у йӕ ном? Куыд у йӕ фырты ном? Зоныс ӕй ды?

5 Хуыцауӕн Йӕ алы ныхас дӕр сыгъдӕг у; йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдонӕн Уый сӕ уарт у.

6 Йӕ ныхӕстӕм ын мацы бафтау, науӕд дӕ фӕзылынджын кӕндзӕн, ӕмӕ сайӕгой разындзынӕ.

7 О Хуыцау, дыууӕ хъуыддаджы дӕ курын, цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ мын уыдонӕй «нӕ» ма зӕгъ:

8 тутт ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕ мӕм хӕстӕг ма ’рбауадз; хъӕздыгдзинад мын ма ратт, мӕгуырӕй дӕр мӕ бахиз; цӕрыны фаг мын дӕтт къӕбӕр,

9 цӕмӕй, куы фелгъӕд уон, уӕд Дӕ ма ферох кӕнон ӕмӕ афтӕ ма зӕгъон: «Дунедарӕг та чи у?»; цӕмӕй фыр мӕгуырӕй давын ма райдайон ӕмӕ Дын Дӕ ном ма сӕгад кӕнон.

10 Хицауы раз йӕ цагъары фыдгой ма ракӕн, науӕд дӕ ралгъитдзӕн, ӕмӕ азымджын фӕуыдзынӕ.

11 Иуӕй-иутӕ ’лгъитынц сӕ фыдӕлты ӕмӕ сӕ мадӕлтӕн арфӕ нӕ кӕнынц.

12 Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕхи цӕсты сыгъдӕг сты, афтӕмӕй та сӕ чъизитӕ нӕ цӕхсадтой.

13 Ис, ӕнӕввӕрсон чи у, ахӕмтӕ, иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсынц.

14 Иуӕй-иутӕн сӕ дӕндӕгтӕ сты хъаматӕ, се ’фсӕртӕ — кӕрдтӕ, цӕмӕй мӕгуырты ӕмӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай чи у, уыдоны ныхъуырой.

15 Цъулберӕн дыууӕ чызджы ис: ӕри! ӕри! Ис ӕртӕ ӕнӕфсисы, цыппӕрӕм та «ӕгъгъӕд» никуы зӕгъдзӕн:

16 мӕрдтыбӕстӕ, ӕнӕзӕнӕг гуыбын, донӕй бафсис кӕмӕн нӕй, уыцы зӕхх ӕмӕ арт, уый никуы зӕгъдзӕн: «Ӕгъгъӕд!»

17 Йӕ фыдыл худгӕ, йӕ ныййарӕг мадмӕ хъусыныл ӕлгъ цы цӕст кӕны, уый дӕлвӕзы халӕттӕ скъахдзысты.

18 Ӕртӕ хъуыддаджы мӕ дисы ӕфтауынц, цыппӕрӕм та не ’мбарын:

19 цӕргӕсы фӕндӕгтӕ уӕлдӕфы, калмы фӕндӕгтӕ къӕдзӕхтыл, науы цӕуӕнтӕ денджызы, нӕлгоймаджы фӕндаг чызгмӕ.

20 Хъахбайы фӕндаг ахӕм у: бахӕры, йӕ былтӕ ныссӕрфы ӕмӕ фӕзӕгъы: «Ӕз ӕвзӕрӕй ницы ракодтон».

21 Зӕхх ӕртӕ хъуыддагӕй сӕнкъуысы, цыппӕрӕм та уромгӕ дӕр нӕ кӕны:

22 цагъар паддзах куы свӕййы; зондцух хӕринагӕй куы бафсӕды;

23 хъахбай сылгоймаг мой куы скӕны; унӕут ӕхсины бынат куы бацахсы.

24 Зӕххыл ис цыппар къаннӕджы, фӕлӕ сӕхицӕй куырыхондӕр нӕй:

25 мӕлдзгуытӕ лӕмӕгъ сты, фӕлӕ сӕрды сӕхицӕн хӕринаг ӕрӕфтауц кӕнынц;

26 дамантӕ тыхджын не сты, фӕлӕ къӕдзӕхты ’хсӕн сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ саразынц;

27 мӕтыхтӕн паддзах нӕй, фӕлӕ размӕ рӕнхъгай цӕуынц;

28 гӕккуырийы къухӕй ӕрцахсӕн ис, фӕлӕ паддзахы галуаны цӕры.

29 Ис ӕртӕ, сӕ уӕнгты ахаст хӕрзконд кӕмӕн у, ахӕмтӕ, цыппӕрӕмӕн та — фидар къахӕвӕрд:

30 сырдтӕн сӕ тыхджындӕр — домбай, йӕ разӕй фӕндаг никӕмӕн ратдзӕн;

31 уасӕг, бодз ӕмӕ, йе фсады разӕй чи цӕуы, уыцы паддзах.

32 Де ’дылы зонды тыххӕй схъӕлдзырд куы суай ӕмӕ фыдвӕндтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ дзыхыл дӕ армытъӕпӕнӕй ныххӕц,

33 уымӕн ӕмӕ, ӕхсыр куы цӕгъдай, уӕд дзы нӕлхӕ ’взӕры, фындз куы ныццӕвай, уӕд йӕ туг ракӕлы, маст куы сзынг кӕнай, уӕд та ссудзы хӕрамдзинад.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan