Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕ лӕппу! Мӕ зондамынд мын ма ферох кӕн, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр, —

2 дӕ царды бонтӕ ӕмӕ дӕ азты нымӕц фӕфылдӕр уыдзысты, фарн дын ӕрхӕсдзысты.

3 Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад дӕ макуы ныууадзӕнт, дӕ хъуырыл сӕ бакӕн фӕрдгуытау, дӕ зӕрдӕйы тӕгтыл сӕ ныффыс, —

4 уӕд схайджын уыдзынӕ Хуыцау ӕмӕ адӕмы хорзӕх ӕмӕ хӕрзаудӕнӕй.

5 Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕгыл ӕууӕнд, дӕхи зондыл дӕ зӕрдӕ ма дар.

6 Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.

7 Дӕхи цӕсты куырыхон ма у, Дунедарӕгӕй тӕрс, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз, —

8 уӕд дӕ буар уыдзӕн ӕнӕниз, де стӕг — фидар.

9 Дӕ исбонӕй ӕмӕ дӕ алы ’фтиаджы сӕрӕй Дунедарӕгӕн кад кӕн кӕддӕриддӕр,

10 ӕмӕ дӕ къӕбицтӕ уӕле исгӕ, бынӕй ахадгӕ уыдзысты, ног сӕн дӕ сӕндуцӕнты сӕрты акӕлдзӕн.

11 Мӕ лӕппу, Дунедарӕджы ӕфхӕрдмӕ ницыйы цӕстӕй ма кӕс, Йӕ уайдзӕфтӕ дын хъыг ма уӕнт.

12 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, кӕй уарзы, уыдоны ’фхӕры, фыд, зынаргъ ын чи у, йӕ уыцы фырты куыд бафхӕры, афтӕ.

13 Тӕхудиаг у, уӕлзондӕй чи схайджын, зондмӕ чи сӕххӕссыд, уыцы адӕймаг,

14 уымӕн ӕмӕ уӕлзонд ӕвзистӕй пайдадӕр у, сыгъзӕринӕй фылдӕр ӕфтиаг ратты;

15 уӕлзонд — налхъуыт-налмастӕй зынаргъдӕр, цӕмӕ бӕллыс, уыдонӕй йемӕ абарӕн дӕр ницы ис.

16 Уӕлзондӕн йӕ рахиз къухы — бирӕ цӕрӕнбон, йӕ галиуы — хъӕздыгдзинад ӕмӕ цыт.

17 Уӕлзонды фӕндӕгтӕ — цины цӕуӕнтӕ, иууылдӕр — ӕнӕфыдбылыз.

18 Чи дзы схайджын ис, уымӕн у царды бӕлас, чи йӕ хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты.

19 Дунедарӕг уӕлзондӕй зӕххӕн ӕрӕвӕрдта бындур, уӕлӕрвтӕ сфидар кодта зондӕй.

20 Йӕ уӕлзондӕй байгом вӕййынц ӕнӕбын ӕрфытӕ, ӕврӕгътӕй ӕрлӕдӕрсы ӕртӕх.

21 Мӕ лӕппу, уыдӕттӕй дӕ цӕст ма ис, раст зондахаст ӕмӕ арфуынӕг зонд хъахъхъӕн.

22 Уыдоны фӕрцы цӕрдзынӕ, дӕ хъуырыл сӕ бакӕндзынӕ фӕрдгуытау.

23 Уӕд ӕдасӕй дӕ фӕндагыл ацӕудзынӕ ӕмӕ нӕ фӕкӕлдзынӕ,

24 ӕдӕрсгӕйӕ-иу бафынӕй уыдзынӕ ӕмӕ адджын фынӕй кӕндзынӕ.

25 Ма тӕрс, ӕвиппайды цы бӕллӕх ӕрцӕуы, уымӕй, ӕнӕхуыцӕуттӕ кӕй цӕттӕ кӕнынц, уыцы фыдбылызӕй,

26 уымӕн ӕмӕ ныфсджын уыдзынӕ Дунедарӕгӕй, нӕ дӕ бауадздзӕн къӕппӕджы бахауын.

27 Истӕмӕй хъуаг чи ӕййафы, уымӕн дӕ бон хорз ракӕнын куы уа, уӕд ын «нӕ» ма зӕгъ.

28 Дӕ хионӕн афтӕ ма дзур: «Ацу, райсом ногӕй ӕрбацӕудзынӕ, ӕмӕ дын уӕд ратдзынӕн», — цы йын раттай, уый дӕм куы уа, уӕд.

29 Дӕ разы ӕдӕрсгӕйӕ чи цӕры, уый ныхмӕ фыдвӕнд ма араз.

30 Адӕймаг дын ӕвзӕрӕй куы ницы ракӕна, уӕд йемӕ ӕнӕ ’фсонӕй ма хыл кӕн.

31 Фыдгӕнӕджы цардмӕ ма хӕлӕг кӕн, йӕ фӕндӕгтӕй йын иу дӕр ма равзар,

32 уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы цӕсты мӕнгард адӕймаг ӕлгъаг у, цӕсгомджын чи у, уыдоныл ӕууӕнды.

33 Дунедарӕджы ’лгъыст ӕнӕхуыцауы хӕдзарыл сӕмбӕлы, рӕстуды хӕдзарыл та ӕруадзы Йӕ арфӕ.

34 Искӕуыл чи худы, ууыл Хуыцау фӕхуддзӕн, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты.

35 Куырыхонтӕ скадджын уыдзысты, зондцухтӕ та худинаджы бын фӕуыдзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan