Ӕмбисӕндтӕ 29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн. 2 Рӕстудтӕ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд адӕм цин фӕкӕнынц, ӕнӕхуыцау хицауы бынат куы бацахсы, уӕд та хъӕрзгӕ кӕнынц. 3 Уӕлзонд чи уарзы, уымӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы; хӕтаг сылтимӕ йӕ рӕстӕг чи ’рвиты, уый та йӕ хӕдзары исбон ныкъкъуыввитт кӕны. 4 Паддзах раст тӕрхонӕй бӕстӕ сфидар кӕны, гӕртӕмттӕ чи уарзы, уый та йӕ мӕгуырмӕ ’ртӕры. 5 Йӕ хионӕн цурон ныхӕстӕ чи кӕны, уый йын йӕ къӕхты бын ахсӕн хыз ӕвӕры. 6 Ӕнӕхуыцауӕн йӕ тӕригъӕд — йӕ къӕппӕг, рӕстуд та цин кӕны ӕмӕ райы. 7 Рӕстуд мӕгуыр адӕмы хъаст нӕ рох кӕны, ӕнӕхуыцауы сӕ хъуыддаг ӕвзарыны мӕт нӕй. 8 Ӕдзӕсгӕмттӕ сахар сызмӕнтынц, куырыхонтӕ маст басабыр кӕнынц. 9 Куырыхон ӕдылыимӕ быцӕу куы фӕкӕны, уӕд хъӕр ӕмӕ хынджылӕгӕй уӕлдай ницы фӕхъусы, пайда та дзы ницы вӕййы. 10 Тугмондаг чи у, уыдонӕн сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг ӕнӕуынон у, рӕстгӕнджыты фесафынмӕ тырнынц. 11 Ӕдылы йӕ маст нӕ уромы, куырыхон та йӕхиуыл хӕцын зоны. 12 Кӕд паддзах мӕнг ныхӕстӕм хъусы, уӕд йӕ фӕсдзӕуинтӕ сты ӕнаккӕгтӕ. 13 Мӕгуыр лӕгмӕ ӕмӕ тыхгӕнӕгмӕ иумӕйагӕй уый ис: сӕ дыууӕйӕн дӕр цӕсты рухс Дунедарӕг радта. 14 Паддзах мӕгуыртӕн раст тӕрхон куы кӕна, уӕд йӕ паддзахы бадӕн мыггагмӕ фидар уыдзӕн. 15 Уисӕй над ӕмӕ уайдзӕф адӕймаджы зондджындӕр кӕнынц, рохуаты цы сабийы ныууадзай, уый йӕ ныййарӕг мады фӕхудинаг кӕндзӕн. 16 Ӕнӕхуыцӕуттӕ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд тӕригъӕд парахат кӕны, фӕлӕ сын рӕстудтӕ се сӕфт фендзысты. 17 Дӕ лӕппуйӕн зонд бацамон ӕмӕ йыл мӕт нӕ кӕндзынӕ, дӕ зӕрдӕ дзы райдзӕн. 18 Пехуымпартӕ рагуацтӕ куынӕуал фӕуынынц, уӕд адӕм, ӕфсарм цы у, уый ферох кӕнынц; Хуыцауы ’гъдау чи ӕххӕст кӕны, уый тӕхудиаг у. 19 Цагъарӕн ӕрмӕст ныхӕстӕй зонд нӕ бацамондзынӕ, куы сӕ бамбара, уӕд дӕр сӕм йӕ хъус не ’рдардзӕн. 20 Рӕузонд ныхӕстӕ чи фӕкӕны, ахӕм адӕймаджы искуы федтай? Зондцухӕй дӕр ма фылдӕр пайда ис. 21 Цагъары йӕ сабийы бонтӕй буц куы дарай, уӕд дзы хорзӕй ницы рауайдзӕн. 22 Мӕстыгӕр загъд къахы, загъдӕргом йӕ тӕригъӕдтӕ сбирӕ кӕны. 23 Сӕрыстыр йӕхи сӕгад кӕндзӕн, сӕрныллӕг та скадджын уыдзӕн. 24 Хуыснӕджы ’мбал йӕхицӕн знаг у: давӕджы куыд ӕлгъитынц, уый хъусы, фӕлӕ йӕ дзыхыл хӕцы. 25 Адӕмы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн уый — йӕ ахсӕн хыз, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый — ӕдас. 26 Бирӕтӕ бӕллынц бӕстӕйы хицауы хорз зӕрдӕйы ахастмӕ, фӕлӕ адӕймагӕн Дунедарӕг у тӕрхонгӕнӕг. 27 Рӕстгӕнджытӕн ӕнӕхуыцӕуттӕ ’лгъаг сты, ӕнӕхуыцӕуттӕн та — цӕсгомджын адӕм. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia