Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕнӕхуыцау, куы ничи йӕ сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕны, рӕстуд та домбайау хъӕбатыр у.

2 Бӕстӕ змӕст куы уа, уӕд ын хицӕуттӕ бирӕ уыдзӕн, фӕлӕ зондджын ӕмӕ бирӕзонаг хицауимӕ нӕ фӕцуддзӕн.

3 Мӕгуырты чи ’фхӕры, ахӕм мӕгуыр лӕг, хуымтӕ цы къӕвда фесафы, уый хуызӕн у.

4 Хуыцауы ӕгъдау чи ферох кодта, уыдон ӕнӕхуыцӕуттӕй феппӕлынц, фӕлӕ, Хуыцауы ’гъдау чи хъахъхъӕны, уыдон сӕ ныхмӕ тох кӕнынц.

5 Фыдгӕнджытӕ, рӕстдзинад цы у, уый не ’мбарынц, фӕлӕ, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон ӕй ӕххӕстӕй бамбардзысты.

6 Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уыцы мӕгуыр лӕг, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, ахӕм хъӕздыгӕй — хуыздӕр.

7 Зондджын лӕппу Хуыцауы ’гъдау ӕххӕст кӕны, ӕнӕуагтимӕ йӕ рӕстӕг чи ’рвиты, уый та йӕ фыды худинаг кӕны.

8 Пайдайыл ӕхца ’фстау дӕтгӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, уый йӕ мулк, мӕгуыртыл чи ауды, уымӕн ӕмбырд кӕны.

9 Хуыцауы ’гъдаумӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн йӕ куывд дӕр — ӕлгъаг.

10 Раст адӕймаджы галиу фӕндагмӕ чи сайы, уый йӕхи къӕппӕджы бахаудзӕн, сыгъдӕгзӕрдӕ та схайджын уыдзӕн фарнӕй.

11 Хъӕздыг йӕхимӕ куырыхон кӕсы, фӕлӕ йӕ зондджын мӕгуыр лӕг раиртасы.

12 Рӕстуды цинӕй алкӕй зӕрдӕ райы; ӕнӕхуыцау бӕрзонд бынатмӕ куы схизы, уӕд та адӕм ӕмбӕхсгӕ бакӕнынц.

13 Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ’мбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн; чи сыл басӕтты ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уый та уыдзӕнис хатыргонд.

14 Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр тас кӕмӕ ис, уыцы адӕймаг тӕхудиаг у, фыдзӕрдӕ та фыдбылызы бахаудзӕн.

15 Рыхӕг домбай кӕнӕ хъӕхъхъаг арс — ӕвзӕр хицау дӕр мӕгуыр адӕмӕн уыдоны ’нгӕс у.

16 Бӕстӕйы хицау цас ӕдылыдӕр уа, уыйас адӕмы фылдӕр ӕфхӕры, фӕлӕ кӕрӕфдзинад ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый хицауиуӕг бирӕ кӕндзӕн.

17 Тугныккалды аххосджын чи у, уый йӕ мӕлӕты бонмӕ рахау-бахау фӕкӕндзӕн. Чи йӕ суазӕг кӕна, ахӕм адӕймаджы макуы ссарӕд!

18 Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уый ӕдас уыдзӕн, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕвиппайды ’рхаудзӕн.

19 Йӕ зӕхх чи кусы, уый ӕфсӕст уыдзӕн, йӕ тутт бӕллицты фӕдыл чи зилы, уый та мӕгуырмӕ ’рцӕудзӕнис.

20 Иузӕрдион адӕймаг — сӕдӕ хатты арфӕгонд, мулкыл хӕлоф чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.

21 Искӕй хъулон кӕнын хорз нӕу, фӕлӕ адӕймаг иу къӕбӕры тыххӕй дӕр тӕригъӕд ракӕны.

22 Фыд зыд хъӕздыгдзинадмӕ тагъд кӕны, йӕ фӕдыл гӕвз кӕй цӕуы, уый нӕ зоны.

23 Цурон ныхӕстӕ чи кӕны, уымӕй нӕ, фӕлӕ уайдзӕфгӕнӕгӕй фӕбузныг вӕййынц фӕстагмӕ.

24 Йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды чи стигъы ӕмӕ, уым тӕригъӕдӕй ницы ис, зӕгъгӕ, чи дзуры, уый абырджытӕн — се ’мбал.

25 Кӕрӕф адӕймаг загъд къахы, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый та — фӕрнӕйдзаг.

26 Йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уый ӕдылы у, уӕлзондыл фидар чи хӕцы, уый — ӕдас.

27 Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ мӕгуыртӕй йӕ цӕстытӕ чи азилы, уый бирӕ фелгъитдзысты.

28 Ӕнӕхуыцӕуттӕ бӕрзонд бынатмӕ куы схизынц, уӕд адӕм бамбӕхсынц, се сӕфт куы ’рцӕуы, уӕд та рӕстудтӕ сбирӕ вӕййынц.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan