Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Райсомы бонӕй ма раппӕл, — йемӕ цы ’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс.

2 Дӕхӕдӕг ма ӕппӕл дӕхицӕй, уадз ӕмӕ дӕ ’ндӕр исчи раппӕла.

3 Дур уӕззау у, змис дӕр рог нӕу, фӕлӕ зондцухы митӕ — ноджы уӕззаудӕр.

4 Маст ӕгъатыр у, ӕнцон нӕу ӕхсидгӕ маст уромын, фӕлӕ зӕрдӕхсайдӕн чи ныффӕраздзӕн?

5 Сусӕг уарзтӕй ӕргом уайдзӕф — хуыздӕр.

6 Чи дӕ уарзы, уымӕн йӕ уайдзӕф дӕр — зӕрдиаг; ӕнӕуынон кӕмӕн дӕ, уымӕн та йӕ батӕ дӕр — гӕды митӕ.

7 Хӕринагӕй чи фелгъӕд ис, уый мыды фӕзгъӕртӕ къахӕй ссӕнды, ӕххормагмӕ та маст дӕр адджын кӕсы.

8 Йӕ райгуырӕн къона чи ныууадзы, уый, йӕ ахстонӕй цы маргъ фӕхицӕн ис, уый хуызӕн у.

9 Сӕрдӕны хӕрздӕф ӕмӕ будтӕф зӕрдӕйӕн ӕхцон сты, ӕмбалы зӕрдӕбын уынаффӕ дӕр афтӕ ’хсызгон у.

10 Де ’мбӕлтты ӕмӕ дӕ фыды ’рдхӕрдты ма рох кӕн; уынгӕг заман дӕ хӕстӕджытӕм ма цу: дард ӕфсымӕрӕй хӕстӕг сыхаг — хуыздӕр.

11 Зондджын у, мӕ лӕппу, мӕ зӕрдӕ дӕ куыд райа, афтӕ, ӕмӕ уӕд, ме ’фхӕрджытӕн цавӕр дзуапп раттон, уый зондзынӕн.

12 Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та ӕмраст йӕ фӕндагыл ацӕуы ӕмӕ ’фхӕрд баййафы.

13 Ӕнӕзонгӕ адӕймаджы тыххӕй йӕ сӕр лыгмӕ чи ратта, уымӕн йӕ дарӕс дӕр ласт ӕрцӕудзӕн; искӕй усы ’вджид чи ныллӕууа, уымӕн дӕр афтӕ.

14 Сӕумӕрайсом йӕ сыхагӕн хъӕрӕй чи арфӕ кӕны, уый ӕлгъитӕгыл банымайдзысты.

15 Фыдрӕстӕджы къӕвда куыннӕуал фенцайы, загъдӕргом ус дӕр афтӕ:

16 фӕнды дымгӕ уром кӕнӕ дӕ армы сой нылхъив, фӕнды уый ӕрсабыр кӕныныл архай.

17 Ӕфсӕн ӕфсӕны куыд цыргъ кӕны, афтӕ адӕм дӕр кӕрӕдзийы ӕнаипдӕр кӕнынц.

18 Легъуи бӕласмӕ чи зилы, уый йын йӕ дыргътӕй хӕрдзӕн, йӕ хицауыл чи тыхсы, уый та скадджын уыдзӕн.

19 Цӕсгом доны куыд зыны, афтӕ дӕ зӕрдӕ дӕр искӕй зӕрдӕйы фендзынӕ.

20 Мӕрдтыбӕстӕ ӕмӕ зындон ӕнӕфсис сты, адӕймаджы цӕстытӕ дӕр афтӕ.

21 Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн, куынцгом — сыгъзӕринӕн, лӕджы зӕрдӕ та ’ппӕлдӕй атайы.

22 Ӕдылыйы нӕмгуытимӕ фӕхты куы фӕхойай, уӕд дӕр дзы йе ’дылы зонд нӕ фӕхицӕн уыдзӕн.

23 Дӕ фысты нымадӕй зон, дӕ рӕгъӕуттӕм дзӕбӕх зил,

24 уымӕн ӕмӕ хъӕздыгдзинад ӕнусон нӕу ӕмӕ паддзахы кады худ дӕр алы хатт иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ не ’рхауы.

25 Кӕрдӕг бахус, фӕлӕ та мӕнӕ цъӕхӕй сзынди, хӕххон уыгӕрдӕнтӕ карст ӕрцыдысты;

26 уӕрыччытӕ дын — дарӕсӕн, сӕныччытӕ — зӕххы хай балхӕнынӕн,

27 сӕгъы ’хсыр дӕм фаг уыдзӕн, цӕмӕй дӕ бинонты ӕмӕ дӕ унӕутты бафсадай.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan