Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сӕрдыгон мит куыд нӕ хъӕуы, хуымгӕрдӕн афон — къӕвда, зондцухӕн дӕр кад кӕнын афтӕ нӕ фидауы.

2 Сырддонцъиу куыд апӕррӕст кӕны ӕмӕ зӕрватыкк куыд атӕхы, афтӕ дзӕгъӕл ӕлгъыст дӕр дӕ рӕзты ацӕудзӕн.

3 Бӕхӕн — ехс, хӕрӕгӕн — идон, ӕдылыйы рагъӕн та — уис.

4 Ӕдылыйӕн зондцухау дзуапп ма дӕтт, науӕд дӕхӕдӕг дӕр уый хуызӕн суыдзынӕ.

5 Ӕдылыйӕн дзуапп ратт ӕнӕзондау, науӕд йӕхимӕ зондджын кӕсдзӕн.

6 Фӕнды дӕ къӕхтӕ сӕ рӕбынӕй алыг кӕн кӕнӕ фыдбылызы бахау, фӕнды дӕ хъуыддаг ӕдылыйӕн бабар кӕн.

7 Къуылых лӕгӕн йӕ къахайст ӕмраст куыд нӕу, афтӕ ’мбисӕндтӕ дӕр зондцухы ’взагыл нӕ фидауынц.

8 Фӕнды дурӕхсӕныл дур бабӕтт, фӕнды ӕдылыйӕн кад кӕн.

9 Фӕнды расыггӕнаг какон сындзыл ныззӕгӕл уӕд, фӕнды зондцух ӕмбисӕндтӕ хӕссӕд.

10 Ӕнӕзӕндты кӕнӕ кӕйфӕнды дӕр куыстмӕ чи исы, уый у, фӕд-фӕдыл се ’ппӕты дӕр чи ӕхсы, уыцы фатӕхсӕджы ’нгӕс.

11 Куыдз йӕ омдзӕгтӕм куыд раздӕхы, афтӕ зондцух дӕр йе ’рра митӕ нӕ фӕуадзы.

12 Искуы, йӕхимӕ куырыхон чи кӕсы, ахӕм адӕймагыл сӕмбӕлдтӕ? Зондцухыл дӕр ма зӕрдӕ дарӕн фылдӕр ис.

13 Магуса дзуры: «Фӕндагыл — домбай! Уынгты зилы домбай!»

14 Дуар йӕ ауындзӕнтыл куыд хъеллау кӕны, афтӕ магуса дӕр йӕ хуыссӕны ратул-батул фӕкӕны.

15 Зивӕггӕнаг хӕринаджы тӕбӕгъы йӕ къух нытътъыссы, фӕлӕ йӕ дзыхмӕ схӕссын нӕ фӕразы.

16 Магуса йӕхимӕ, ахъуыдыгӕнгӕйӕ, дзуапп чи ратты, ахӕм авд лӕгӕй зондджындӕр кӕсы.

17 Искӕй хъаугъамӕ йӕ дзых чи дары, уыцы фӕндаггон, куыдзӕн йӕ хъустӕм чи лӕбуры, уый хуызӕн у.

18 Ӕдылы судзгӕ фӕттӕ куыд фехсы ӕмӕ мӕлӕт куыд тауы,

19 уый ӕнгӕс у, йӕ хионы сайгӕйӕ, афтӕ чи дзуры: «Ӕз ӕрмӕстдӕр хынджылӕг кодтон».

20 Ӕнӕ сугӕй арт ахуыссы, ӕнӕ дам-думтӕй хъаугъа банцайы.

21 Тӕвдӕн — ӕвзалы, артӕн — сугтӕ, загъдӕргом та — загъд къахынӕн.

22 Дам-думты ныхӕстӕ цыбӕйлаг хӕйттау адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ бахизынц.

23 Ӕлыгӕй конд дурын ӕвзистӕй куы саив кӕнай, раст уый ӕнгӕс сты саузӕрдӕйы уарзӕгой ныхӕстӕ.

24 Знаджы ныхас — цурон, йӕ зӕрдӕйы та хин ӕмбӕхсы.

25 Кӕд йӕ ныхӕстӕ ’хсызгон сты, уӕддӕр ыл ма баууӕнд, — йӕ зӕрдӕйы авд фыдвӕнды ис.

26 Йе ’нӕуынондзинад цурон митӕй ӕмбӕхсы, фӕлӕ уӕддӕр йӕ хӕрам адӕмы раз раргом уыдзӕн.

27 Уӕрм чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххаудзӕн; дур чи тулы, уый йӕхӕдӕг йӕ быны фӕуыдзӕн.

28 Фӕлитойӕн йӕ амӕттаг — ӕнӕуынон, сайӕгой ӕвзаг фыдбылыз цӕттӕ кӕны.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan