Ӕмбисӕндтӕ 25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Мӕнӕ Соломоны иннӕ ӕмбисӕндтӕ, ӕрӕмбырд сӕ кодтой Иудейы паддзах Езекиайы барджынтӕ. 2 Кадджын у Хуыцау — сусӕгтӕ ’мбӕхсӕг, цытджын у паддзах — сусӕгдзинӕдтӕ сгарӕг. 3 Арвы бӕрзӕндты, зӕххы арфы ӕмӕ паддзахы зӕрдӕйы цы ис, уый зонд нӕ ахсы. 4 Ӕвзист ссыгъдӕг кӕн, ӕмӕ зӕрингуырд мигӕнӕн сараздзӕн; 5 ӕнӕхуыцауы паддзахы цурӕй аиуварс кӕн, ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕн раст зонды фӕрцы сфидар уыдзӕн. 6 Паддзахы раз схъӕл ныхӕстӕ ма кӕн, стыр хицӕутты ӕмрӕнхъ ма ӕрлӕуу. 7-8 Фӕлтау дын зӕгъӕд: «Уӕлдӕр схиз», уӕздӕтты раз дӕ фегад кӕныны бӕсты. Дӕхи цӕстӕй цы фенай, уый тӕрхондонмӕ рахӕссыныл тагъд ма кӕн, науӕд уый фӕстӕ цы фӕуыдзынӕ, дӕ хион дӕ куы фӕхудинаг кӕна, уӕд? 9-10 Дӕ хионимӕ тӕрхон кӕн ӕрмӕст дӕхи хъуыддаджы фӕдыл, искӕй сусӕгдзинад ма раргом кӕн, науӕд, чи дӕ фехъуса, уый дын дӕхи фӕхудинаг кӕндзӕн, ӕмӕ фидиссаг фӕуыдзынӕ. 11 Ӕвзист тӕбӕгъы — сыгъзӕрин фӕткъуытӕ — уыдоны ’нгӕс у афоныл загъд ныхас. 12 Сыгъзӕрин хъусцӕг, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фӕлындӕн — уыдоны ’нгӕс у куырыхоны уайдзӕф, лӕмбынӕг чи фӕхъусы, уымӕн. 13 Хуымгӕрдӕнты тӕмӕны — уазал мит — уый ӕнгӕс у ӕууӕнкджын минӕвар йе ’рвитӕгӕн; йӕ хицауы зӕрдӕ дзы райы. 14 Мигътӕ ӕмӕ дымгӕ ӕнӕ къӕвдайӕ — уыдоны ’нгӕс у, кӕй нӕ ракодта, ахӕм лӕвӕрттӕй чи феппӕлы, уыцы адӕймаг. 15 Бирӕбыхст хицауы зӕрдӕ ӕртасын кӕны, фӕлмӕн ныхас стджытӕ дӕр сӕтты. 16 Мыд куы ссарай, уӕд дзы ӕрмӕст, цас дӕ хъӕуы, уый бӕрц бахӕр; фырхӕрд дзы куы бакӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕ схӕццӕ уыдзӕн. 17 Де ’рдхорды хӕдзармӕ ӕгӕр арӕх ма цу, науӕд дӕ куы стыхса, уӕд ын ӕнӕуынон суыдзынӕ. 18 Йӕ хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн чи ныллӕууы, уый у старц, кард ӕмӕ цыргъ фаты ’нгӕс. 19 Ӕмбыд дӕндаг кӕнӕ къуылых къах — мӕнгардыл дӕр бӕллӕхы бон уыдонау зӕрдӕ дарӕн нӕй. 20 Фӕнды уазал бон дӕ дарӕс лас, кӕнӕ содӕйыл дзымари ныккал, фӕнды ’нкъард зӕрдӕйӕн зарджытӕ кӕн. 21 Кӕд де знаг ӕххормаг у, уӕд ын дзул ратт, кӕд дойныйӕ мӕлы, уӕд ӕй донӕй бафсад. 22 Афтӕмӕй йын ды йӕ сӕрыл судзгӕ ’взалытӕ ’мбырд кӕныс, дӕуӕн та Дунедарӕг дӕ хорздзинад бафиддзӕн. 23 Цӕгатаг дымгӕ йемӕ ’рбахӕссы къӕвда, мӕнгдзурӕджы ’взаг та — мӕсты цӕсгӕмттӕ. 24 Фыдсылимӕ цӕрыны бӕсты фӕлтау уӕлхӕдзары кӕрон цӕр. 25 Дойныйӕ чи мӕлы, уымӕн уазал дон нуазын куыд ӕхсызгон у, афтӕ ’хцон у хорз уац дард бӕстӕй. 26 Ӕнӕхуыцауы раз фыр тӕссӕй чи ризы, уыцы рӕстуд у чъизи донгуырӕны, змӕст суадоны ’нгӕс. 27 Мыдӕн йӕ бирӕ хӕрд пайда куыд нӕу, афтӕ ’ппӕлӕн ныхасмӕ бӕллын дӕр хорз нӕу. 28 Йӕхиуыл хӕцын чи нӕ зоны, уыцы адӕймаг, йӕ систӕ цы сахарӕн ныккалдысты, уый хуызӕн у. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia