Ӕмбисӕндтӕ 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Фыдзӕрдӕтӕм хӕлӕг ма кӕн ӕмӕ се ’хсӕнмӕ ма тырн, 2 уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыдыты фыдвӕндтӕ йеддӕмӕ ницы ис, фыдбылызты кой фӕкӕнынц. 3 Хӕдзар арӕзт ӕрцӕуы уӕлзонды фӕрцы ӕмӕ сфидар вӕййы раст зондӕй, 4 зонынады руаджы йӕ уӕттӕ байдзаг вӕййынц зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд исбонӕй. 5 Куырыхон — тыхджын, бирӕзонаг — хъомысджын. 6 Тохы куы бацӕуай, уӕд уынаффӕтӕм хъус, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ кӕм уа, уым — уӕлахиз. 7 Ӕдылы не ’ххӕссы уӕлзондмӕ, сахары кулдуары цур йӕ дзыхӕй хъыпп-сыпп не схауы. 8 Фыдвӕндтӕ чи аразы, уый фыдвӕндгӕнӕг схондзысты. 9 Ӕдылыйы фӕндтӕ — тӕригъӕдджын, ӕдзӕсгомыл адӕм ӕлгъ кӕнынц. 10 Бӕллӕхы заман кӕд лӕмӕгъ разындтӕ, уӕд хъаруйӕ мӕгуыр дӕ. 11 Марынмӕ кӕй фӕкӕнынц, уыдоны фервӕзын кӕн, сӕфты къахыл чи лӕууы, уыдонӕй дӕхи ма аиуварс кӕн. 12 Ды зӕгъдзынӕ: «Ӕмӕ мах уый тыххӕй куы ницы зыдтам!» Фӕлӕ зӕрдӕтӕ Фӕлварӕг, ау, ницы зоны? Дӕ цард Хъахъхъӕнӕг зоны алцыдӕр, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзӕн. 13 Мӕ лӕппу, мыд хӕр, уымӕн ӕмӕ мыд хорз у, мыды фӕзгъӕртӕ дын дӕ дзых садджын кӕндзысты. 14 Уӕлзонд дӕр ахӕм у дӕ удӕн, кӕд ӕй ссарай, уӕд дын ис фидӕн, дӕ зӕрдӕдарӕн сӕфт нӕ уыдзӕн. 15 Ӕнӕхуыцау! Рӕстуды хӕдзары раз асадӕны ма бад, йӕ хӕдзар ын ма сафтид кӕн, 16 уымӕн ӕмӕ рӕстуд авд хатты куы ’рхауа, уӕд дӕр сыстдзӕнис, ӕнӕхуыцӕуттӕ та фыдбылызӕй фесӕфдзысты. 17 Де знаг куы ’рхауа, уӕд ма цин кӕн ӕмӕ, куы фӕкӕла, уӕд дӕ зӕрдӕ ма райӕд, 18 уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕг уый куы фена, уӕд Ын ӕхсызгон нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дзы Йӕ маст аздахдзӕн. 19-20 Фыдгӕнджытӕм ма мӕсты кӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕм хӕлӕг ма кӕн, уымӕн ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн фидӕн нӕй, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ цырагъ ахуысдзӕн. 21 Мӕ лӕппу, Дунедарӕгӕй ӕмӕ паддзахӕй тӕрс, дӕхи хиз змӕнтджытӕй, 22 уымӕн ӕмӕ уыдоныл ӕвиппайды фыдбылыз ӕрцӕудзӕн: цавӕр бӕллӕх сӕ баййафдзӕн, уый ничи зоны. 23 Мӕнӕ ма ноджыдӕр куырыхонты ’мбисӕндтӕ: тӕрхондоны искӕй хъулон кӕнын хорз нӕу. 24 Аххосджынӕн, раст дӕ, зӕгъгӕ, чи дзуры, уый адӕмтӕ ’лгъитдзысты, знӕмтӕн ӕнӕуынон суыдзӕнис. 25 Фӕлӕ азымджыны чи бафхӕры, уыдон ӕнтыстджын ӕмӕ арфӕгонд уыдзысты. 26 Раст дзуапп чи ратты, уый цыма былтӕн аба кӕны. 27 Раздӕр уал дӕ кӕртмӕ базил ӕмӕ дӕ хуымты куыст бакӕн, уый фӕстӕ дӕхицӕн хӕдзар араз. 28 Хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу — сайӕн ныхас ма схауӕд дӕ дзыхӕй. 29 Афтӕ ма зӕгъ: «Уый мын куыд бакодта, ӕз дӕр ын афтӕ бакӕндзынӕн, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафиддзынӕн». 30 Иу хатт фӕцӕйцыдтӕн магусайы хуымы цурты, ӕнӕзонд адӕймаджы сӕндоны рӕзты. 31 Йӕ зӕхх какон сындзытӕй байдзаг, хӕмпӕлгӕрдӕджы бын фӕцис, дурӕй амад гӕрӕн ныккалди. 32 Ӕз кастӕн ӕмӕ хъуыды кодтон, мӕнӕ цы федтон ӕмӕ бамбӕрстон: 33 иу чысыл афынӕй кӕндзынӕ, чысыл арӕдзӕ-мӕдзӕ кӕндзынӕ, иу чысыл ницы кусгӕйӕ абаддзынӕ, 34 ӕмӕ дӕм дзӕгъӕлдзуйау фӕзындзӕн гӕвз, абырӕгау — мӕгуырдзинад. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia