Ӕмбисӕндтӕ 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Бӕстӕйы хицауимӕ иу фынгыл хӕрынмӕ куы ’рбадай, уӕд, дӕ разы цы ис, уымӕ лӕмбынӕг кӕс: 2 кӕд гуыбындзӕл дӕ, уӕд дӕ хъуырыл кард сӕвӕр, 3 йӕ мондаггӕнӕнтӕм ын ма сцыбӕл у, уымӕн ӕмӕ уыцы хойраг мӕнг у. 4 Хъӕздыгдзинады фӕдыл ма згъор, кӕд ӕрлӕууын хъӕуы, уый зон; 5 хъӕздыгдзинад, куыддӕр ӕм бакӕсай, афтӕ ӕрбайсӕфы, цӕргӕсау айтындзы йӕ базыртӕ ӕмӕ уӕлӕрвтӕм атӕхы. 6-7 Чъынды лӕгимӕ иу фынгыл ма бад, йӕ дзаджджын хӕринӕгтӕм ын ма хӕлӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ у гуыдырӕй ӕхгӕд. Зӕгъдзӕн дын: «Хӕр ӕмӕ нуаз», йӕ хъуыдытӕ та ӕндӕр уыдзысты. 8 Дӕ комдзаг фӕстӕмӕ сомдзынӕ, дӕ хорз ныхӕстӕ уӕлдӕфы ацӕудзысты. 9 Зондцухӕн мацы дзур — дӕ зондджын ныхӕстыл дын ӕрмӕст фӕхуддзӕнис. 10 Рагон арӕны дур ма фезмӕлын кӕн, сидзӕрты хуыммӕ ма бахъав, 11 уымӕн ӕмӕ сӕ Фарсхӕцӕг тыхджын у, ӕмӕ дӕ ныхмӕ рацӕудзӕн сӕ хъасты. 12 Дӕ зӕрдӕ зондамындмӕ здах, дӕ хъустӕ зонынадмӕ ’рбадар. 13 Дӕ лӕппуйы ӕнӕ ’фхӕрдӕй ма ныууадз; уисӕй над куы баййафа, уӕд нӕ амӕлдзӕн: 14 уисӕй йӕ бафхӕрдзынӕ, фӕлӕ йӕ мӕрдтыбӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕ. 15 Мӕ лӕппу, куырыхон куы уай, уӕд мӕ цинӕн кӕрон нӕ уыдзӕн; 16 раст ныхас дӕ куы хъуыса, уӕд мӕ зӕрдӕ фыр цинӕй райдзӕн. 17 Тӕригъӕдджынтӕм хӕлӕг ма кӕн, Дунедарӕджы раз дӕм тас уӕд кӕддӕриддӕр — 18 уымӕн ӕмӕ дӕуӕн ис фидӕн, дӕ зӕрдӕдарӕн сӕфт нӕу. 19 Мӕ лӕппу, хъусгӕ кӕн ӕмӕ куырыхон у, дӕ зӕрдӕ раст фӕндагмӕ сараз. 20 Сӕнӕй йӕ мондӕгтӕ чи исы ӕмӕ дзидза фырхӕрд чи кӕны, уыдоны ’хсӕнмӕ ма цу, 21 уымӕн ӕмӕ расыггӕнаг ӕмӕ гуыбындзӕл мӕгуырмӕ ’рцӕудзысты, дӕ зивӕджы тыххӕй бызгъуырты цӕудзынӕ. 22 Хъус дӕ фыдмӕ, уымӕн ӕмӕ дын цард уый радта, дӕ ныййарӕг мад куы базӕронд уа, уӕд дӕр ыл ӕлгъ ма кӕн. 23 Ӕцӕгдзинад агур, уӕлзонд, зондамынд ӕмӕ зонды хӕзнатӕ ма ауӕй кӕн. 24 Рӕстуды фыд фыр цинӕй райы, куырыхоны ныййарӕг йӕ цинӕн кӕрон нӕ ары. 25 Дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады зӕрдӕтӕ фыр цинӕй райӕнт, сӕ цины хъӕртӕ райхъуысӕнт! 26 Мӕ лӕппу, ме ’рдӕм раздах дӕ зӕрдӕ, дӕ цӕстӕнгас мӕ фӕндӕгтӕм сараз. 27 Хъахбай сылгоймаг — арф сӕрсӕфӕн, искӕй ус — уынгӕг цъай. 28 Абырӕгау рӕсӕны бады ӕмӕ нӕлгоймӕгты ’хсӕн, сайдӕй чи цӕуы, ахӕмты нымӕц парахат кӕны. 29 Кӕмӕн хъуысынц сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын? Загъд ӕмӕ судзаг хъаст чи кӕны? Кӕмӕн сцъӕхтӕ ис йӕ буар? Йӕ цӕстытӕ кӕмӕн ныссырх сты? 30 Сӕн нуазыныл чи бафтыд, алы хъацӕнтӕ цы сӕныл конд ис, ахӕм сӕны фӕдыл чи зилы, уыдонӕн. 31-32 Ма сцыбӕл у, нуазӕн кӕхцы сӕн куыд сырх кӕны, куыд хъазы ӕмӕ куыд ӕнцон нуазӕн у, уымӕ. Уый фӕстӕ дыл калмау фӕхӕцдзӕнис, йӕ марг дӕ бауадздзӕн хуссайраг калмау. 33 Искӕй устытӕм бакӕс-бакӕс кӕндзынӕ, дӕ зӕрдӕйы чъизи хъуыдытӕ фӕзындзӕн. 34 Денджызы астӕу кӕнӕ наухъилы цъуппыл чи бафынӕй ис, уый хуызӕн суыдзынӕ. 35 Зӕгъдзынӕ: «Надтой мӕ, фӕлӕ мын нӕ рысти, хостой мӕ, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстон, куы фӕфынӕй кӕнон, уӕд та ногӕй нозтагур зилдзынӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia