Ӕмбисӕндтӕ 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Хорз ном — мулкӕй бӕллиццагдӕр; хорзы кой — сыгъзӕрин ӕмӕ ’взистӕй хуыздӕр. 2 Хъӕздыг ӕмӕ мӕгуыр фӕрсӕй-фӕрстӕм ӕрлӕудзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста. 3 Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та йӕ фӕндагыл ӕмраст ацӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд баййафы. 4 Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ Дунедарӕджы тас — сӕ фӕдыл цӕуынц хъӕздыгдзинад, цыт ӕмӕ цард. 5 Мӕнгард лӕгӕн йӕ фӕндагыл — сындзытӕ ӕмӕ ахсӕн хызтӕ, йӕ цард чи хъахъхъӕны, уый сӕм хӕстӕг нӕ цӕуы. 6 Лӕппуйӕн раст фӕндаг куы бацамонай, уӕд дзы зӕрондӕй дӕр иуварс нӕ фӕзилдзӕн. 7 Хъӕздыг мӕгуыр лӕгӕн — йӕ хицау, хӕсджын та, хӕс кӕмӕй дары, уымӕн — йӕ цагъар. 8 Фыдракӕндтӕ чи тауы, уый фыдбылызы бахаудзӕн, йӕ фыдӕхы лӕдзӕг ӕвӕдӕй фесӕфдзӕн. 9 Хӕларзӕрдӕ адӕймаг арфӕгонд уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ къӕбӕрӕй мӕгуыр лӕгӕн хай ратты. 10 Ӕдзӕсгомы куы атӕрай, уӕд хъаугъа банцайдзӕн, загъд ӕмӕ ’лгъыст басабыр уыдзысты. 11 Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕрын чи уарзы ӕмӕ йӕ дзыхы ныхас ӕхсызгон кӕмӕн у, уымӕн паддзах йе ’мбал уыдзӕн. 12 Дунедарӕг хъахъхъӕны ӕцӕгдзинад, ӕууӕнкхорӕн йӕ ныхӕсты мӕнгдзинад равдисы. 13 Зивӕггӕнаг хъӕр кӕны: «Уынджы — домбай! Куыддӕр хӕдзарӕй рацӕуон, афтӕ ме сӕфт ӕрцыд!» 14 Искӕй усы ’взаг — арф сӕрсӕфӕн, Дунедарӕг кӕй ралгъита, уый дзы ныххаудзӕн. 15 Лӕппу фыдуаг митыл куы сагъуыйы, уӕд, цӕмӕй йе ’дылы зонд ныууадза, уый тыххӕй йӕ уисӕй нӕмын хъӕуы. 16 Мӕгуыр лӕджы ’фхӕргӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, хъӕздыгӕн та лӕвӕрттӕ чи кӕны, уый мӕгуырмӕ ’рцӕудзӕнис. 17 Дӕ хъус ӕрбадар ӕмӕ куырыхонты ныхӕстӕм байхъус, мӕ зондамындмӕ мын де ’ргом раздах: 18 уыдон дын дӕ зӕрдыл дарын ӕхсызгон уыдзӕн, уадз, ӕдзухдӕр де ’взагыл бадой. 19 Цӕмӕй Дунедарӕг дӕ зӕрдӕдарӕн суа, уый тыххӕй дын сӕ абон хъусын кӕнын. 20 Ӕз дын ныффыстон дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕмбисонды, уынаффӕтӕ ӕмӕ зонындзинӕдтӕ дзы ссардзынӕ, 21 цӕмӕй сахуыр уай ӕцӕгдзинады ныхӕстыл ӕмӕ дӕ хицӕуттӕн дӕ бон дзуапп раттын уа. 22 Мӕгуыр лӕджы, мӕгуыр кӕй у, уый тыххӕй ма бастигъ, кулдуары раз ма бафхӕр гӕвзыччы, 23 уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг сӕ хъасты рахӕцдзӕн сӕ сӕрыл, чи сӕ бастыгъта, уыдоны цардцух фӕкӕндзӕн. 24 Мӕстыгӕримӕ ма лымӕн кӕн, загъдӕргомӕй дӕхи дард лас, 25 науӕд йӕ фӕндӕгтыл цӕуын сахуыр уыдзынӕ ӕмӕ къӕппӕджы аирвӕздзынӕ. 26-27 Искӕй тыххӕй дӕ сӕр лыгмӕ ма дӕтт, искӕй ӕвджид ма ныллӕу — цы бафидай, уый дӕм куынӕ уа, уӕд ма дын дӕ хуыссӕнтӕ дӕр дӕ бынӕй раласдзысты. 28 Дӕ фыдӕлтӕ арӕнӕн цы дур сӕвӕрдтой, уый йӕ бынатӕй ма фезмӕлын кӕн. 29 Йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы искуы федтай? Уый лӕггад кӕны паддзӕхтӕн, хуымӕтӕг адӕммӕ хӕстӕг нӕ цӕуы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia