Ӕмбисӕндтӕ 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы. 2 Адӕймагмӕ йӕ алы фӕндаг дӕр раст фӕкӕсы, фӕлӕ Дунедарӕг зӕрдӕтӕ фӕлвары. 3 Раст ӕмӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ Дунедарӕгӕн нывӕндтӕй ӕхсызгондӕр сты. 4 Ӕнӕрвӕссон бакаст ӕмӕ сӕрыстыр зӕрдӕ ӕнӕхуыцауӕн цырагъы хуызӕн сты, фӕлӕ уый тӕригъӕд у. 5 Ӕнувыд адӕймаг — фӕрныг; талф-тулфӕй чи архайы, уый та ӕрмӕст хъуаг ӕййафдзӕн. 6 Мӕнгдзинады фӕрцы йӕхицӕн мулк чи самал кӕны, уый тагъдивгъуыйаг уддзӕфы, мӕлӕты фӕдыл зилы. 7 Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафдзысты, уымӕн ӕмӕ раст хъуыддӕгтӕ кӕныныл не сразы сты. 8 Фӕлитой галиу фӕндагыл цӕуы, сыгъдӕгзӕрдӕйӕн йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕууӕнкджын. 9 Фыдсылимӕ цӕрыны бӕсты фӕлтау уӕлхӕдзары кӕрон цӕр. 10 Ӕнӕхуыцау фыддзинадмӕ бӕллы, йӕ хионыл дӕр нӕ ауӕрды. 11 Ӕдзӕсгомы куы бафхӕрай, уӕд ӕнӕхинтӕ фӕзондджындӕр уыдзысты; куырыхонӕн зонд бацамон, ӕмӕ йӕ зондыл бафтдзӕнис. 12 Раст Хуыцау йӕ цӕст дары ӕнӕхуыцауы хӕдзармӕ: ӕнӕхуыцауыл фыдбылыз ӕруадзы. 13 Мӕгуыр лӕджы тӕригъӕддаг хъӕр фехъусгӕйӕ, йӕхи чи ныкъкъуырма кӕны, уый йӕхӕдӕг дӕр искӕд бон хъӕр кӕндзӕн, фӕлӕ йӕ ничи фехъусдзӕн. 14 Сусӕг лӕвар маст басабыр кӕны, фӕччийы бын цы гӕртам ӕмбӕхст ис, уый хъӕхъхъаг маст дӕр бауромы. 15 Раст тӕрхон рӕстудӕн — цины хос, фыдгӕнӕг та дзы тӕрсгӕ кӕны. 16 Раст фӕндагӕй чи адзӕгъӕл ис, уый мӕрдты ’хсӕн йӕ бынат ссардзӕн. 17 Йӕ рӕстӕг цинты ’рвитын чи уарзы, уымӕн цӕрӕн фӕрӕзтӕ нӕ фаг кӕны; сӕн ӕмӕ зынаргъ сӕрдӕнтӕ чи уарзы, уый не схъӕздыг уыдзӕн. 18 Раст лӕгӕн йӕ ахӕстаргъ — ӕнӕхуыцау, цӕсгомджынӕн та — фӕлитой. 19 Ӕнӕзонд ӕмӕ загъдӕргом усимӕ цӕрыны бӕсты фӕлтау ӕдзӕрӕг быдыры иунӕгӕй цӕр. 20 Куырыхоны хӕдзары зынаргъ ӕвӕрӕнтӕ ӕвидигӕ сты, ӕдылы та сӕ ’нӕвгъауӕй хардз кӕны. 21 Раст фӕндагмӕ ӕмӕ уарзондзинадмӕ чи тырны, уый ссардзӕнис цард дӕр, раст фӕндаг дӕр ӕмӕ кад дӕр. 22 Куырыхон бӕгъатырты сахар басӕтдзӕн, сӕ зӕрдӕ цы фидарыл дарынц, уый сын ныззыгуым кӕндзӕн. 23 Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕхи фыдбылызтӕй хъахъхъӕны. 24 Къӕйных ӕмӕ ’нӕввӕрсон адӕймаг, йӕ ном «ӕдзӕсгом» кӕмӕн у, уымӕн йӕ къӕйныхдзинад у нӕрӕмон. 25 Зивӕггӕнаджы йӕ фӕндтӕ фесафдзысты, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ кусын нӕ уарзынц; 26 алы бон дӕр йӕ монцтӕй фӕлмӕцы, рӕстуд та ӕвӕсмонӕй, цы йӕм ис, уый байуары. 27 Ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ нывӕндтӕ ӕлгъаг сты, уӕлдайдӕр та — фыдвӕндтимӕ кӕй ӕрбахӕссынц, уыдон. 28 Мӕнгӕвдисӕн фесӕфдзӕн, фӕстаг ныхасы бар ӕрхаудзӕн, алцы чи фехъуыста, уымӕ. 29 Ӕнӕхуыцауӕн йӕ хуыз къӕйных у, рӕстуд йӕ фӕндагыл фидар хӕцы. 30 Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты. 31 Тохы бонмӕ бӕх ӕрцӕттӕ кӕнынц, фӕлӕ уӕлахиз Дунедарӕг ратты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia